БИБЛИОТЕКÆЙЫ УЫД НОГ ИНТРЕРНЕТ-ПОРТАЛЫ ПРЕЗЕНТАЦИ ÆМДЗÆВГÆ СТЪÆЛФ РУ –«AMDZAVGA.RU»
21 Августа 2014
Фыст дзы цæудзысты æрмæстдæр æмдзæвгæтæ ирон æвзагыл, семæ баст æрмæджытæ, стæй авторты тыххæй информаци.
Интернет-портал аразджытæ сты сфæлдыстадон къорд «Progredi»-йы уæнгтæ. Сæ размæ æвæрынц хæс – ирон поэтикон æвзаг фæхæстæгдæр кæнын адæммæ, базонгæ сæ кæнынц ирон поэтты цард æмæ сфæлдыстадимæ, æмдзæвгæты историимæ.
Классикты æмæ ныры дуджы зындгонд поэтты æмдзæвгæтæй уæлдай ма сайты базонгæ уæвæн ис æрыгон авторты сфæлдыстадимæ дæр. Поэзийы йæ фыццаг къахдзæвтæ чи кæны, уыдонæн дæр сæ бон у се `мдзæвгæтæ сайты ныммыхуыр кæнын.
Сайты сæ уарзон æмдзæвгæтæ кæсынц республикæйы зындгонд æхсæнадон архайджытæ, спортсментæ, актертæ. Байхъусæн дзы ис Хъодзаты Æхсар æмæ Гуырдзыбегты Иринæ, Гæздæнты Булат æмæ Амага Готти, конкурс «Голос»-ы архайæг Хъуылымбегты Сослан æмæ Нани Ева, зарæггæнæг Гæззаты Еленæ, актертæ Цæллаты Вадим æмæ Фидараты Сослан, республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Тотраты Владислав æмдзæвгæтæ куыд кæсынц, уымæ.
Уалыты Тамарæ, сфæлдыстадон къорд «Progredi»-йы уæнг: «Æмдзæвгæ.РУ у фыццаг сайт алцыдæр иронау фыст кæм у. Фыццаджыдæр та æмдзæвгæтæ. Алкæй бон дæр у æм бацæуын æмæ бакæсыны поэты уацмыстæ, кæнæ тæ сæхæдæг кæй ныффыстой, уый дзы ныммыхуыр кæнын. Нæ сайт ма цымыдисаг уымæй у æмæ дзы ис видео хай. Æмдзæвгæты хайад».
Источник:
ПТРК "АЛАНИ"