PROGREDI. ПРОЕКТ "ЧИНЫГ". ВЫПУСК №11 - МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ "ХЪÆНДИЛ"
12 Января 2015
Ирон литературæмæ стыр хуынтæ чи бахаста, йæ дыргъдоны бæркадхæссæг
мыггæгтæ чи байтыдта, уый у номдзыд ирон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы
номыл паддзахадон премийы лауреат Мамсыраты Дæбе.
Уый райгуырд 1909-æм азы Быдыры Дæргъæвсы. Куыста
гæзетты æмæ журналты редакциты, уыд нæ республикæйы фысджыты цæдисы
сæрдар .Зæрдиагæй аудыдта æрыгон поэттæ æмæ фысджытыл, амыдта сын
сфæлдыстадон куысты сусæгдзинæдтæ. Литературæйы разæнгардæй кæй фæллой
кодта, уый тыххай йын лæвæрд æрцыд Ленины орден æмæ Хетæгкаты Къостайы
номыл преми.
Фыссæджы фыццаг литературон уацмыстæ ирон мыхуыры
зынын райдыдтой 1927-азæй фæстæмæ. Йе сфæлдыстадон архайд райдыдта
æмдзæвгæтæй. 1931-æм азы та йын рацыдысты хицæн чиныгæй. Хуынд «Фыццаг
къахдзæфтæ». Уый фæстæ фæзынд йæ радзырдты чиныг "Царды къæпхæнтыл".
Хорз аргъ ын уыд литератуæиртасджыты æхсæн.
Афтæмæй йыл
ивгъыдтой бонтæ. Йе мгæрттау никуы никæдæм цыд хъазынмæ, хи ирхафсынмæ.
Фæлæ алцыдæр цаттæйæ хордта æмæ дардта. Кæд йе цæг ном Чермен уыд,
уæддæр адæмæй ферох. Фæлæ йын Хъæндилы ном исчийау ныххæцыд. Иннæмæй та
Хъæндил тынг тарст мæлæтæй. Афтæ йæм каст æмæ уый зæххыл куы нæ уал
цæра, уæд бæстæ байсæфдзæн. Æмæ йахи хызта алы куыстæй. Йæ мад æмæ фыд
куы амардысты, уæд ын ус æрхастой. Уый та уыд куыстуарзаг адæймаг.
Фæндыд æй цæмæй Хъæндил дæр куса, фæлæ уый къæрттæй цъула не ппæрста. Йæ
бинойнаджы уайдзæфтæ дæр æм нæ хъардтой. Йе стырдар куыст уыд ныхасы,
куывды кæнæ чындзæхсæвы абадын. Йæ мæлæт та æрцыд фæззыгон бон. Уынджы
абадон, зæгъгæ, хæдзарæй куыд рацæйхызт, афтæ асинæй рахауд, йæ сæр
дурмæ æрхаста æмæ амард. Адæм Хъæндилы кæртмæ амбырд кæнын райдыдтой. Йæ
ус колхозы куыстæй арцæйцыд. Адамы сæ картмæ цæугæ куы федта, уæд
фæндагыл ыл цы лæг фембæлд уый афарста. Далæ уыцы кæрты цы хабар ис,
загъгæ. Лаг бахудæгау кодта æмæ усæн афтæ: "Нæ зонын, нæ зонын, хорз ус.
Цавæрдæр Хъæндилыл дзы асин рафæлдæхт, ави асиныл йæхадæг бафæлдæхт.
Лæгмæ диссаг фæкаст, адæм Хъæндилы мардыл цæмæн кæуынц, уый. Æмæ дистæ
гæнгæ араст йæ фæндагыл дардæр. Афтæ æгадай фаци йæ цард радзырды сæйраг
архайæг Бердаты Хъæндилæн.
Хэштег проекта - #чиныг
E-mail: progredigroup@gmail.com
Мы в соц. сетях:
Vkontakte:
http://vk.com/progredigroupFacebook:
https://www.facebook.com/groups/progr...
Instagram:
http://instagram.com/progredigroupОдноклассники :
http://www.odnoklassniki.ru/progredig...Ролик создан при поддержке Фонда Galabu
Информационный партнер:
http://www.gradus.pro/