Aфтæ куы зæгъæм, ома, ныртæккæ поэзийы хурхæтæн азтæ ныллæуыдысты, уæд бынтон раст нæ уыдзæн. Фæлæ æцæг поэт, æцæг адæймаг намысимæ куы цæуа литературæйы сыгъдæг галуанмæ, уæд уый стыр фарны хабар у. Ахæм адæймаг уыдис зындгонд ирон драматург, поэт, фыссæг Джыккайты Шамил.
Æмæ абон мах проект "Чиныг"-ы арæнты радзурдзыстæм йæ фыццаг пьесæ «Хъодыгонд зæд»-ы тыххæй.
Ацы æртæархайдон драмон кадæг Шамил ныффыста 1975 азы. Йæ хъайтар Борæхан у Аланты историйымæ баст, уымæй сæ историйы вазыгджын заманимæ, тæтæр-монголы æфсæдтæ сæ хæхты`рдæм куы балхъывтой, гъе уæды заманимæ. Борæханы кой баззад ирон адæмы историйы.
Драмæйы сюжет арæзт у Борæханы миддуне раргомы алыварс, уымæн æмæ Борæхан у стыр хъуыдыхæссæг. Æнæбары йæ не вдисы фыссæг куы зæд, куы лæджы хуызы, уымæй дунемæ Амраны зынг хæссæг лæгæй.
Саударæджы хуызы зæхх æмæ бæсты фарн сфæлындгæйæ, фыссæг хъуыды кæны зæххы космогонон фæзындыл, ома зæхх у космосы кæцыдæр хай, æмæ йемæ æнгом баст у гармонийы агъдауыл. Уыцы гармонийæн халæн нæй.
Фæлæ замантæ цыдысты, æмæ уыцы дун-дунеты гармони хæлын райдыдта æмæ Саударæгмæ дæр фæзынд æндæр хъуыды, ома адæмы ахастæй дуне сæфы.
Фыссæг йæ алыварс уыдта уарзон, хæлар æууæлты уæлдай æнæуынондзинад дæр, æнæцæстуарзон митæ. Йа æдæмыл, æппæт дунейы адæмыл сси йæ сагъæс, æмæ бацыд Борæханы фæлгонцы, кæд æмæ уый царди æндæр дуджы, йæ уавæртæ уыдысты æндæр хуызон, фæлæ адæймаджы сæйраг æууæлтæ: раст æмæ зылын, хæлар æмæ тызмæг, хин æмæ æнахин, хиуарзон æмæ адæмуарзон æмæ ма бирæ æндæртæ цыдысты фæлтæрæй фæлтæрмæ, æнусæй æнусмæ æмæ хицауиуæгыл тох кодтой.
Мæнмæ гæсгæ йæхи ирон лæг чи хоны, уый хъуамæ æнæмæнг бакæса «Хъодыгонд зæд». Уымæн æмæ Шамилы уацмысы ирдæй зыныц нæ истори, нæ фыдылты цард, сæ талынг, зианхæссæг æгъдæуттæ æмæ сæ намысджын тох.
Хэштег проекта - #чиныг