СЕГОДНЯ ДЕНЬ РОЖДЕНИЯ ОСЕТИНСКОГО ПОЭТА ДЗУЦЦЕВА ХАДЗЫ-МУРАТА
01 Января 2015
Хуссарирыстойнаг хъæу Хъорнис...
Ам райгуырди Дзуццаты Арæнбеджы фырт Хадзы-Мурат.
Бакасти астæуккаг скъолайы æмæ Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты.
Уый фæстæ куыста Хуссар Ирыстоны чиныгуадзæны редакторæй, зонад-иртасæн институты, Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон æй, газет «Хурзæрин» —ы редакторæй.
1935-2000 азты царди Дзæуджыхъæуы, куыста журнал «Мах дуджы» редакцийы поэзийы æмæ драматургийы хайады хицауæй. Хадзы-Мураты æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд рацыди 1956 азы. Уæдæй фæстæмæ рауагъта дæс поэтикон чиныджы бæрц. Сæ сæйрагдæртæ сты: «Романтикæ» (Цхинвал, 1959), «Ветер времени» (Мæскуы, 1960), «Къæвдайы кафт» (Цхинвал, 1962), «Пляска дождя» (Мæскуы, 1964), «Фæдисы æртытæ» (Цхинвал, 1967), «Равзаргæтæ» (Цхинвал, 1970), «Азты æфсæрм» (Цхинвал, 1979), «Азæй-азмæ» (Цхинвал, 1982), «Биографи» (Цхинвал), «Дыууæ дуджы астæу» (Дзæуджыхъæу, 2000). Хадзы-Мурат канд поэт нæ уыди, фæлæ литературæиртасæг æмæ критик дæр. Бирæ бакуыста ирон фысджыты ХIХ-ХХ æнусы сфæлдыстады хицæн фарстатæ биноныгæй равзарыныл.