2008 азы мартъийы республикæйы Национ библиотекæйы уыдис æмбырд. Ныхасы сæр — журнал
«Дарьял»-ы редакцийы фæндæй Гибизты Оскарæн дыууæ ’взагыл (дыгуронау æмæ уырыссагмæ тæлмацæй) цы поэтикон чиныг рацыд, уый. Фарны хъуыддаг сарæзтой, æдзард поэты æмдзæвгæтæ ратæлмац кæныныл æмæ чиныг рауадзыныл чи бацархайдта, уыдон. Бирæ хорз æмæ раст ныхæстæ загъдæуыд Оскары тыххæй. Суанг ма йын рифмæбыд рæнхъытæй дæр ссардтой йæ ном. Фæлæ мын уæдæй абонмæ иу катайаг хъуыды æнцой нæ дæтты. Æмбырды чи радзырдта, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты дыгурæттæ æмæ ирæттæ, афтæмæй Оскары поэзийæн аргъ кодтой уырыссаг тæлмацтæм гæсгæ. Уымæн æмæ нæдæр дыгуронау зонынц, нæдæр иронау, кæд Ирыстоны райгуырдысты, ирондыгурон хор æмæ донæй фæцардысты, уæддæр.
Ахæм «уæрæседзаутæй» ныртæкккæ нæ бæстæ бæз-бæз кæны. Æртиссæдзгай-цыппарыссæдзгай азтæ батонынц, афтæмæй, сæ мад-фыд, сæ тъымы-тъыма цы ’взагыл дзырдтой, уый æдæрсгæ базоныны охыл сæ къух уазал доны дæр нæ атулынц Оскары фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 30 азы размæ. Малиты Васо йын йе сфæлдыстадон бынтæ æнæхъæнæй куы рауагъта биноныг разныхасимæ, ууыл дæр цыппæрдæс азæй фылдæр рацыд (журнал «Ирæф», 1994, № 2), адон та йыл нырма ныр цин кæнынц, раст цыма æндæр планетæйæ æртахтысты.
Замана уый у, æмæ нæ «уæрæседзауты» нымæцыл иудадзыг æфтгæ кæй кæны Гъемæ Секъайы загъдау, «æнæ хъæр-цъистæй куы мæлæм, æнцад-æнцады кæмæдæр æхсæвæй-бонæй лæдæрсæм». Ацы дардыл койтæ уымæн кæнын, æмæ Оскар фыццаджы-фыццаг йæ мадæлон æвзаджы хъæбул уыди, поэт дæр дзы уый сарæзта. Оскар йæхæдæг та дыгурон дзырдаивады фарнмæ ахадгæ æфтуан бакодта, æмæ нын сæйраджыдæр йæхи тексттæ сты зынаргъ — уым сты йæ уды уыраугæ ристæ, йæ иунæджы сагъæстæ, утæхсæнтæ, йæ оригиналон æрмдзæф, фæивддзаггæнæн, баивæн кæмæн нæй, уыцыхæдхуыз, цардæгас фæлгонцтæ, зæрдæскъæф ахорæнтæ, йæ кæрдаг зонды æнæнхъæлæджы хатдзæгтæ. Æппæт уыдæттæ æндæр æвзагмæ тæлмацы, ай-гъай, зын бахъахъхъæнæн сты. Раст зæгъын хъæуы, Оскары поэзи уырыссаг æвзагмæ чи ивта, уыдон зæрдиагæй бакуыстой, бæрæг у, арф сæм бахъардта йæ трагикон хъысмæт. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр... Уæвгæ ацы темæ сæрмагонд ныхасы аккаг у. Мæнæн та мæ тыхстаг — кæдмæ уыдзæн ахæм уавæры не ’взаг, нæ дзырдаивад? Нæ фæстæ цы рæзгæ фæсивæд ис, уыдон ма абоны ирон-дыгурон фæлтæры хъæр æмбардзысты? Йæ адæмы дæсгай-ссæдзгай милуантæй чи нымайы, уыдон дæр сæ фидæныл катайгæнгæйæ куы дзурынц, уæд мах цы мыггаг стæм?
«Мне страшно подумать, что моим детям был бы непонятен мой язык, а за ним — и мои понятия, мечты, стремления, моя любовь к своей бедной природе, к своему родному народу...» Афтæ загъта стыр Уырысы разагъды фыссæг Владимир Короленко.
Гыццыл Ирыстоны разагъды поэт Гибизты Оскармæ та ахæм хъуыды бакастæн: «Мæ дуар мин æхсæвигон æрба- хуастæй æма мæмæ æрбацудæй... Малити Геуæрги. Загъта мин: «Биццеу, дæ адæмбæл дæ зæрдæ ма ’хгæнæ. Мæн дæр мæхе адæм фесафтонцæ. Фæлæ уæддæр нура мæн фæрци æй адæми æхсæн сæ æвзаг. Ду дæр адæмбæл ма устурзæрдæ кæнæ». Канд Георгийы фæрцы нæ — Оскарæн йæхи фæрцы дæр у цæрæццаг дыгурон æвзаг, уымæн æмæ «литература есть средство существования языка, а значит и нас с вами» (Иосиф Бродский). Гибизты Рамазаны фырт Оскар райгуырд Иркутскы. Лæппу ма æнахъом уыд, афтæ йæ бинонтæ ралыгъдысты Ирыстонмæ. Оскар Дигорайы каст фæци астæуккаг скъола æмæ иуцасдæр акуыста районы газеты. Фæстæдæр ирон æвзаг æмæ лите- ратурæйы ахуыргæнæджы дæсныйад райста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Кодта алыхуызон куыстытæ, уыди нæ республикæйы гвардийы уæнг дæр.
Æрыгон поэты æмдзæвгæтæ фыццаг хатт рацыдысты журнал «Мах дуджы» 1978 азы. Уый уыди суадоны ноггуырд донау сатæг, тæмæнкалгæ хъæлæс — зæрдæиæн хаста цин, æхцон.
Раст загъта Малиты Васо, æмдзæвгæты циклæн цы цыбыр разныхас ныффыста, уым: «Никæимæ фæхæццæгæнæн ис Оскары къухдзæф, йæ алы æмдзæвгæйы дæр ссарæн ис, адæймаг æвиппайды кæмæй аджих вæййы, ахæм уæндон абарст, уыцыиу змæлдæй йæ гаччы чи абады, ахæм обрæзтæ». Уый фæстæ Оскары хъæлæс дзæвгар рæстæг нал райхъуысти — цыдæр æвирхъау мидхъуырдухæн ын æнцой кæй нæ лæвæрдта, уый рабæрæг æрæджиау. Йæ хъуырдухæны сæйрагдæр аххосæгтæ та уыдысты дыууæ: æрдзæй рахæсгæ сабион æназым уд бахауди хæрамæй йемыдзаг дунемæ. Ахæм тæссаг «фембæлд» фылдæр хатт йæ фæдыл расайы бæллæхтæ, уæлдайдæр сыгъдæг уды Хуыцау æрвон зынгæй — нывгæнæджы курдиатæй — куы фæхайджын кæны, уæд. Æвдисæнтæ — хæрх. Дыккаг аххоссаг та — æбуалгъ низы тас. Уый дæр фыццагимæ баст у: царды амæй-ай мæнгарддæр, цъаммардæр митæ, æрвылбоны трагедитæ уынгæйæ адæймаг хъуамæ куыннæ сæрра уа!
Пушкин дзæгъæлы нæ фыста: «Не дай мне бог сойти с ума».
Цæвиттон, Оскарыл дæр æрцыд, алы адæмты стыр лæгтæй бирæтыл цы ’рцыд, уый — æлгъыстаг низы тас æмæ «фидиссаг царды» сау нывтæ йæ Чырыстийы цахъхъæнæй барвыстой мæрдтæм: Дзæуджыхъæуы йæ мадыхомæ цæргæйæ, 1993 азы сæрдыгон æхсæвтæй иуы йæхи раппæрста æстæм уæладзыгæй.
Махæн та баззад йæ поэзи — йæ риссаг уды монцты æнæнцой уагахаст, фылдæр хатт — æрдиагау зæрдæхалæн (йæ иу æмдзæвгæйы ном «Уоди цъæхахст» хуымæтæджы нæ хуыйны, иннæ — «Уацайраг цæргæс халæнтти астæу», аннæ — «Нæ гъæун мæ Дигори» æмæ а. д.), йæ цæрдуд ахорæнты æнахуыр тыбар-тыбур, æнæнхъæлæджыметафорæтæй-абарстытæй райгуыргæ нывтæ, ныронг нæ цæст кæй нæма федта, ахæм диссæгты-тæмæсты дуне.