Хъодалаты Зурабы фырт Герсан райгуырди Хуссар Ирыстоны Уæллаг Захъоры. Каст фæцис астæуккаг скъола æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Куыста Хуссар Ирыстоны радиойы, газет «Советон Ирыстон»-ы, журнал «Фидиуæджы». Ныртæккæ у ацы журналы сæйраг редактор. Мыхуыры йын рацыди бирæ поэтикон чингуытæ, сæ ахсджиагдæртæ стьг. «Бæлццон» (Цхинвал, 1964), «Ирон зæрдæ» (Цхинвал, 1968), «Æвронг зарæг» (Цхинвал, 1971), «Худыуæз» (Цхинвал, 1974), «Аæгдзырагъ» A977), «Табуафси» (Цхинвал, 1980), «Æртвæдис» (Цхинвал, 1983), «Куырыхон» (Цхинвал, 1986), «Уастырджи» (Цхинвал, 1989).
* * *
...Герсанæн коммæгæс сты бирæ поэтикон формæтæ æмæ авналæнтæ, зоны зæрдæйыл æхсызгонæй ныдзæвæг фæлгондзтæ æмæ абарстытæ агурын. Хъодалайы фырты поэтикон дæсныйады иууыл хуыздæр хæрзиуджытæй сæ иу у, мæнмæ гæсгæ, йе ‘взаджы хæрзвидыц хуымæтæгдзинад. Йе ‘мдзæвгæтæ йæ зæрдæйы арфæй гуырынц, æнæлаз, сатæг æхсæртæ сæ хъузджытæй куыд сыгъдæг, лæгъзæй фелвасынц, афтæ. Йе ‘мдзæвгæтæй иуæй-иутæ сты зырнæйзылды хуызæн æнæарх, æнæ дыркъуым.
... Поэт цыфæнды вазыгджын сюжеттæ, хъуыдытæ дæр нывæнды ирд, æнцонхъусæн хъæлæсы уагæй, æгæрыстæмæй, философон сагъæстæ цы æмдзæвгæты ис, уыдон дæр сты хуымæтæг, æнæфæкъуыхцыйæ фыст.
... Герсан арæхстджын у, сæр æй куы бахъæуы, уæд цæхгæр цæстуынон контрасттæ аразынмæ. Уый фæрцы бæлвырд ирддæрæй равдисы йæ сагъæс, аивдæрæй бафты йæ къухы йæ зæгъинаг.
Поэт ... цымыдисæй тырны дзырдтæ аразынмæ, æмбасткæнынмæ, уыдонæн цыбырдæр формæ раттынмæ. Афтæ мæм зыны, цыма йын сæ бирæ фылдæр хайы уыцы аразгæ дзырдтæ рауайынц хæрзвидыц, райсæн кæмæн ис, ахæмтæ. Æрхæссæм дзы цалдæр: тæрквæдис, нымæггъуыст, ныфсæмхиц, сæгъвист æмæ æнд.
...Мæ чысыл уацы кæронбæттæны уый банысанкæнинаг дæн, æмæ чиныг «Табуафси» йæхи сæрмагонд бынат æрцахсдзæн канд йæ авторы сфæлдыстады нæ, фæлæ æмткæй нæ абоны поэзийы, æмæ йын «фалдæрабад» ничи зæгъдзæн.
ДЗУГАТЫ Георги,
Къостайы премийы лауреат.
Газет «Советон Ирыстон», 29.7.81.
* * *
«Герсаны поэзийы мæнæн иууыл уарзондæр уый у, æмæ дзы ис уæздан хуымæтæгдзинад йе ‘нкъарæнты дæр, йæ хъуыдыйы дæр, стæй йæ аив нывæзты дæр. Йæ фæлдисæг фантази у дарддзæст, æппæтуынаг, фæлæ нын нæ разы цы ныв авæры, уый кæддæриддæр вæййы ирд, бæлвырд, конкретон. Стæй ма ноджы – зонгæ, ома, поэт чысылæй фæстæмæ цы уыдта æмæ бавзæрста, уыцы конкретикæйæ конд. Ныв йæ композицион нывæзтæй та вæййы æлвæст æмæ бæлвырд мидвæткыл амад. Уыцы мидвæтк, æцæг, æттæмæ нæ фæзыны, зæрдæйы цæстæй йæм куынæ бакæсай, уæд æй нæ фендзынæ».
Нафи.
Къостайы премийы лауреат.
Газет «Хурзæрин», 10-æм июль, 1999.
* * *
«Мæ зæрдыл ма лæууы, редакцийы дуар чъызгæ æрбакодта æрыгон бæрзонд лæппу, ныгъуылдтытæгæнгæ æрбахаста æмдзæвгæтæ. Йæхиау хæлар, худæндзаст уыдысты йæ уыцы рагфыстытæ, афтæ зынд, цыма æвзонг поэт йæ цъæх цæстыты æмæ йæ фыццаг литературон фæлварæнты æрбахаста Ирыстоны уалдзыгон арвы уæды æбæрæг тыгьдадæй чысыл малусæггъуыз уаццæгтæ.
Йе ‘мкарæн поэттимæ абаргæйæ, Хъодалаты Герсан цæттæдæрæй æрбакъахдзæф кодта поэзимæ. Сæрысуанг зынд авторы арæхст æмдзæвгæйы техникæмæ; йæ поэтикон фæлгонцтæ фылдæр хатт уыдысты хæдбындур, æнæнхъæлæджы; зыдта адæмон цардæгас æвзаджы бирæ сусæг фæзилæнтæ; уарзта фæлгонцвæлыст идиомон фразæтæ агурын, æмæ уымæй дæр бæрæг уыд, аивадон дзырды ад банкъарынмæ æмхиц кæй у, суанг йе ‘рдзы кондæй.
Бонæй-бонмæ рæзт æвзонг авторы курдиат, уæрæх кодтой йæ поэтикон авналæнтæ, æмæ 1964 азы йæ фыццаг чиныг «Бæлццон» куы фæзынд, уæд дызæрдыггаг нал уыд, ирон поэзи йæхицæн ныфс кæмæй бавæра, ахæм оригиналон автор нæм кæй фæзынд, уый. «Бæлццон»-ы Герсан йæхи равдыста ирон хъæууон æрдз æмæ царды нывтæ уæлмонц романтикон ахорæнтæй æвдисынмæ дæсны æмæ арæхстджынæй. Æрыгон лæппуйы бæллиц зæрдæ йæхи расæрф-басæрф кодта арвы милтыл. Йæ фыстытæ, сæйраджы, уыдысты уалдзыгон бонау райдзаст æмæ рухсдзыд, чизоны, хатт сабийау æгæр рæуæууæнк дæр, фæлæ цæрдхъом, ныфсджын, реалонæй æвдыстой æвзонг цардцыбæл лæппуйы зæрдæйы уаг».
БЕСТАУТЫ Гиуæрги,
Мачабелийы премийы лауреат.
журнал «Фидиуæг», №5, 1969.
* * *
«… Герсан – бæлццон – йæ райгуырæн Ирыстонæй исы «фæндаггæгтæ» лæджыхъæд, уарзт, фыдæлты хорз æгъдау, аивадон хæзнатæ. Исы сæ, æхсиды сæ йæ зæрдæйы куырдадзы æмæ афтæмæй аразы йæхи поэтикон дуне. Уым ис мады фæлмас зæрдæ, сабион бинонтыл рухс, æнкъард сагъæс, ис дзы хурмæ – рæстаг, æнæниз цардмæ тырнынад, Ирыстон æмæ дунейы мæт, рæдау лæгуарзондзинад. Реалистон уынынад æмæ зæрдæбын лиризм – уый у Герсаны поэзийы хуыздæр миниуæг. Канд йе ‘мдзæвгæты нæ, фæлæ йæ поэмæты дæр… ныхас цæуы поэтæн йæхиуыл æмæ йæ дугыл. Цаууон сюжеттыл сæ нæ амайы, архайджыты историтæ дзы не ‘вдисы. Поэтæн идейон-композицион æххæстдзинад дæтты поэты зæрдæ, поэты индивидуалон цæсгом…»
Дзуццаты Хадзы-Мурат.
Къостайы премийы лауреат.
Журнал «Фидиуæг», №2, 1967.
* * *
Ирон литературæйы фæстаг 50 азы æнтыстджынæй чи кусы, уыдоны фыццаг рæнхъыты цæуы Хъодалаты Герсан. Йæ курдиат у хъомысджын, йæхæдæг у æцæг гражданин, патриот, ирон лæг. Герсаны сфæлдыстад у мидисджын, аив, нывæфтыд, - зæрдæмæ хъары арф, удæн у æхцон, зондæн - æсызгон. Йæ алы уацмыс дæр дзаг у Ирыстоны сагъæстæй, йæ бындур у адæмон гуманизм, адæмон удварн, æмæ вæййы актуалон, нырыккон ахъаззаг. Герсаны поэзийæн ис аккаг бынат ирон литературæйы хæзнадоны, ис ын идейон æмæ эстетикон ахадындзинад, ис ын национ нысаниуæг.
Джыккайты Шамил,
Къостайы премийы лауреат.
* * *
Хъодалаты Герсаны сфæлдыстадимæ рагæй зонгæ дæн. Советон дуджы журнал «Фидиуæг» иудадзыг истон æмæ кастæн (ныр уый фадат нал ис) æмæ уым мыхуыргонд цыдысты йæ æмдзæвгæтæ. Сæхимæ мæ аздæхтой сæ хъæздыг, нуарджын æвзагæй, æмæ, фæлгонцджын хъуыдытæ, нывтæ кæй æвдисынц, уымæй. Цыдæргъуызон дзы Бестауты Гиуæргийы курдиаты тых банкъардтон. Гъе уымæ гæсгæ йын фæстæдæр йæ уацмыстæ æхсызгонæй кастæн Цæгат Ирыстоны мыхуыры дæр.
Герсан у поэт-патриот. Уый цымыдис у йæ раддæг ирон адæмы историмæ, сæ хъысмæтмæ. У сæ иузæрдион хъæбул. Уыцы хорз миниуджытæ зынынц йе сфæлдыстадыл, стæй редактор цы журнал «Фидиуæг»-æн у, уый алы номыры скондыл дæр. Герсан у, Хуссар Ирыстоны – йæ фыдæлты зæхх гуырдзиаг лæгмартæй чи бахъахъхъæдта, йæ райгуырæн бæстæ зын сахаты чи нæ ныууагъта, уыцы хъæбатыр адæмæй. Æцæг поэтæн куыд æмбæлы, афтæ йæ адæмимæ ис сæ зыны æмæ сæ цины дæр.
Ирон адæм иууылдæр сфæлдыстадыл хæст сты, уæлдайдæр – литературон сфæлдыстадыл. Æмæ уым йæ къухы стырдæр æнтыстытæ кæмæн бафтыд, уыдонæй у Хъодалаты Герсан дæр. Йе сфæлдыстадон куысты æнтыстджынæй пайда кæны Къостайы фæлтæрддзинадæй, фæзмы йæ, у йæ фæдонтæй, йæ амынд фæндагыл цæуы размæ.
Цгъойты Хазби,
Къостайы премийы лауреат.
* * *
... Игорæн ма æппæлгæ дæр кодтон, Хъодалаты Герсанæн, цы æнхъæл уыдтæн, уымæй бирæ арфдæр поэт разындис, зæгъын. Мæ зæрдæ мын тынг барухс кодтой, аив дзырдимæ дын цы æмахастытæ ис, уыдон.
... Æнæ уый та диссаджы адæм стут, ацы поэттæ! Уæхицæн аргъ кæнын нæ зонут, даргъдæр æмæ бæрзонддæр цы ран стут, уый нæ фиппайут. «Лæгдзырагъæй» кæцыфæнды æмдзæвгæ сис æмæ йæ кæцыфæнды æвзагмæ раив, куыд æмбæлы, афтæ, нæ дæ фæхудинаг кæндзæн, дæ бæрзонд дын равдисдзæн, куыд æмбæлы, афтæ! Ды та йæ алыварс фæзилдух кодтай æмæ дзы систай æрмæстдæр дыууæ æмдзæвгæйы.
БУЛКЪАТЫ Михал.
31.3.1986
* * *
Бафæлдæхтон чиныджы фæстаг сыф, æмæ æхсызгондзинад, сæууон уæлдæфау, баулæфыд зæрдæмæ. Цыма мæ къухы чысыл чиныг нæ, фæлæ малусæг ис, уалдзæджы фæдисон!
... Æрдз балæвар кодта Герсанæн рæсугъд курдиат. Ие ‘мдзæвгæты æвзаг у хуымæтæг, фæлæ поэтикон, нывджын. Æнæнхъæлæджы барæнтæ, эпитеттæ, метафорæтæ зæрдæйы ссудзын кæнынц цины арт.
Хостыхъоты Зинæ.
Журнал «Фидиуæг», №2, 1965.