Кæд искуы дæуырдæм фæкастæн тызмæгæй,
Хæлбурцъгæнаг мигътау мæ цæсгом ныттар,
Ысхуыдтай мæ карздæр сыбираг зымæгæй,
Ныббар мын, дæ хорзæхæй, сонт ми,
Ныббар!
Дзыхъхъытæ фæндагыл цæстæнгас куы тула,
Нæ нызгъæлдзæн уымæн йæ уæзæй къуыбар.
Æз та дын дæ зæрдæ фæкодтон кæд цъула,
Ныббар мын, дæ хорзæхæй, сонт ми,
Ныббар!
Хъысмæт дæр кæм вæййы зæрдæйы фæндиаг,
Куы срухс вæййы развæд, куы бавæййы тар!
Уыдтæн-иу, æвæццæгæн, хатгай рæдиаг,
Ныббар мын, дæ хорзæхæй, сонт ми,
Ныббар!
Автор: ДАРЧИЕВ Давид