Рæсугъд изæр. Цъæх арвыл хъазы
Сызгъæрин мæй,
Фынæй æрдзæн йæ дзыкку фасы
Йæ рухс тынтæй.
Мæ алыварс нæзы бæлæстæ
Хæрдты кæсынц,
Мæ сусæгæй цыдæр ныхæстæ
Сабыр кæнынц.
Ам мæргътæ къалиуты æмбæхстæй
Цæгъдынц фæндыр.
Ызъоры ирд суадон хъæргæнгæ
Мæ рæзты цырд.
Рæсугъд у ам. Æнцадгай тары
Ныгъуылы æрдз.
Дæу мысын ам, мæ зæрдæдарæн,
Фæзын мæм рæвдз.
Автор: КОЧИСОВ Мухарбек