Æфхæрд ирон,
Фæсхохбæстаг,
Фыдцъылысбын,
Æнæмыггаг.
Нæ бæсты гакк-
Мæгуырдзинад.
Нæ царды уаг —
Æппын æнад.
Нæ цæрæнтæ —
Цъыф ыскъæттæ,
Уæд не скъæттæ —
Хæрз лæгæттæ.
Æгъдауæй дæр,
Куы йæ зæгъон,
Нæ адæмæй
Цы раппæлон:
Æнæнамыс,
Гуылæвзæгтæ,
Æнкъард, фæлмаст-
Сывæллæттæ.
Фыдæлтæй сын
Бегарайæн
Рад баззади
Зæйы сæфтæн.
Кæд мæ фæрсыс
Бæстондæрæй,
Зæгъон дын æз
Уæд ме ’цæг ном:
Хæмпæлзачъе
Туаллаг лæг,
Дзæкъулæргъом,
Сæмпæрчъиджын.
Автор: НИГЕР (Джанаев Иван)