Арв æмæ мигътæ,
Миттæ ’мæ ихтæ
Зæххыл куыдтой.
Хæхтæ ’мæ рæгътæ.
Уазал къæдзæхтæ
Кæмтты хыгътой!
Хъæдтæ ’мæ цæгъдтæ,
Сырдтæ ’мæ мæргътæ
Рæстæг зыдтой.
Фыййæутты дарæн
Хъомгæсты зарæн, —
Дæлдзæх йæ кой, —
Донæй ысцад и.
Лыстæнмæ калди
Къæвдайы дон.
Фыййау ыстæлфыд:
Хуыссæг ыстъæлфыд...
Гъæй-джиди, бон!
Рахъил и размæ:
Нæл сæгъ йæ фарсмæ
Дурыл лæууыд.
Фыййау æй федта,
Багæпп æм кодта:
Ахуыр ыл уыд!
Балæст йæ быны.
Раст цыма фыны,
Бахъарм, æрцард...
Мæй дæр ыстулы,
Ферттывта кулы...
Уый дæр уын цард!
Автор: НИГЕР (Джанаев Иван)