Мæ уæнгтæ нытътъизынц, куы скæсын дæ сæрмæ,
Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад.
Тæхуды фæкæнын æз уыцы фæлтæрмæ,
Куы уыдтæ ды кадджын, нымад,
Куы кастæ æдæрсгæ фæйнæрдæм хъæлдзæгæй,
Куы уыдтæ дæхæдæг æфсин
Дæ исæн, дæ бонæн зымæгæй, фæззæгæй,
Дæ ном та куы уыдис «æхсин».
Уый раджы уыд, раджы... Ныр къуымы æфхæрдæй,
Фæсдзæуинау бадыс, кæуыс.
Дæ иунæг хъæбул дæ, фæбадай йæ мæрдæй,
Куыд аппæрста ’мбойны, уыныс?!.
Дæ къæбицы дæгъæл дын радта хæддзумæ,
Æфсинад кæны уый дзæбæх.
Нырмæ дын дæ рæбынтæ рахæсдзæн хурмæ,
Фæстæдæр ныууæй кæндзæн зæхх...
Автор: НИГЕР (Джанаев Иван)