Ратæх, зæрватыкк, ныллæгдæр.
Азар фисынæй дæ зарæг.
Уалдзæг нæм фæци хæстæгдæр.
Зæрдæ нал агуры хъарæг.
Ды куы фæзыныс нæ бæсты,
Уæд мæ тыхст зæрдæ ныххуды.
Ратæх, ратæх-иу мæ рæзты,
Азар, барæвдау рыст уды.
Ды мæ тыхдæттæг дæ хохы:
Æз куы фехъусын дæ зарæг,
Уæд уæлахиз кæнын тохы
Цардимæ, мæ ныфс, мæ дарæг...
Арвæй мæм æрцу ныллæгдæр,
Акæн фисынæй дæ зарæг.
Демæ ком вæййы уæрæхдæр.
Зæрдæ нал фæкуры хъарæг.
Автор: НИГЕР (Джанаев Иван)