Сонты бонты дæр æз хъалты нæ фæзмыдтон.
Царды рохтæ-иу фæлывдмæ нæ фæзылдтон.
Бадынмæ, хъазынмæ,
Мад, фыды азыммæ
Никуы бахастон мæ сæр.
Комбын — уæлыгæсæй, радфыййау — рагъсæрты,
Афтæмæй цардтæн-иу рагуалдзæг, даргъ сæрды.
Хъæуты-иу фæззæджы
Хъыг кодтон фæздæджы...
Гъей-джиди, афтæ ма цæр!
Уый фæстæ срæвдз кодтон, гъæйтт-мардзæ, схъæл
цæвæг.
Цæй-ма, цы фæдæ, цы, хъæстыты схъæлдзæуæг!
Хорз-иу æй байдаудтон,
Фæтæн-иу адастон-
Хуртыуанæн-иу бæззыд.
Алы аз уалдзæгмæ ифтонгæй бафснайын
Даргъ адæг, хорз дзыбыр; цъæх хосæй бафсадын
Сау хъила уæнгуыты,
Цкурайы фæрдгуыты,
Арвы фатау та — сæ цыд.
Саумæр зæхх базмæнтæм, байтауын тауинаг.
Цæлуарзаг, мах куыст ды ма рахон фауинаг:
Фæззæджы тæмæны,
Куыст хынцæн заманы
Фендзыстæм мусы нæ куыст...
Гъей-джиди, бафæраз дзурын, хъæрæй сидын:
Иу бон æз дæр уæд ысфæнд кæнин хæс фидын.
Байгæрдин кæритæ.
Дунейы хæлдриутæ
Айрох кæниккой сæ рыст.
Автор: НИГЕР (Джанаев Иван)