ÆНКЪАРД ДÆН ÆЗ...
Æнкъард дæн æз,
тыхст у мæнæн мæ зæрдæ...
Мæ риуы судзы арт,
æддæмæ тоны, тоны.
Æмæ йын нæй фæндаг.
Мæ риуы — арт, æндон мыртæ — мæ хъуыры.
Мæ сæры та... Цæй, ма мæ фæрс фæлтау.
Нæй, нæй гæнæн:
æрцыд æмбисонд, зон —
цъаммар, æдых цыдæр
Гефесты къухæй мæн
Кавказы сау хохмæ
ныббаста фидар.
Мæ цæнгтыл ис рæхыс.
Рæхыс — мæ къæхтыл,
мæ зæрдæйыл — гуыдыр,
мыхуыр — мæ былтыл...
Æнкъард дæн æз,
тыхст у мæнæн мæ зæрдæ.
Цæмæй зыдта, уæд Байрон
æмæ ардæм
Кавказы хохы цъасмæ
Гаролды пæлæз
æвæндонæй æрхаудзæн,
æмæ хæххон фыййау
уый йе уæнтыл æркæндзæн.
Æнкъард дæн æз...
Тыхст у мæнæн мæ зæрдæ...
Нæ уырны мæн æппындæр ницы, ницы.
Хуыцау, зæгъгæ, фæкæнынц.
Зæронд хъахбай... Кæй хъæуы уый та!
Фæзæгъынц «уарзон...»
Зæронд Вакхы фæдон —
хæтæд йæхицæн.
Куы мæ хъæуа, мыййаг —
мæхæдæг æм зындзынæн.
Лымæн... Нæй, нæй лымæн!
Фæлывд, бийын — гъе уыдон
ысты хуыцау зæххыл.
Куы дæм дзура дæ фыд,
дæ къухмæ дын куы дæтта
уый хъазынæн бæндæн, —
ма, ма йæ райс —
уый калм у, калм, æдылы.
Куы дын дара дæ мад
дæ авдæны йæ дзидзи, —
ысом æй тагъд фæстæмæ —
уый марг уадзы дæ риумæ.
Куы дæм худа дæ хо,
куы дыл узæла искæд, —
фæлидз йæ разæй тагъд.
Ызнон, йе дысон, зон,
уый узæлыд раст афтæ
дæ карз фыдгулыл, о!
Дæ карз фыдгулæн уый
куы кодта пъа æмæ хъæбыстæ.
Кæсы дæм уæртæ чидæр,
фæхоныс де ’фсымæр ды уый,
ома, дам, иу пецы
ысфыхтыстæм кæддæр.
Бецау дæ бон, цæй мæгуыр дæ,
уæвгæ дæр!
Цыргъ кодта абон кард
дæ марынмæ уый дурыл.
Уынын — рæвдауыс ды
дæ хъæбулы дæ зæнгтыл,
дæ дзыхæй йын
куы исыс ды дæ комдзаг.
Дзæгъæл у уый, —
уынын, куыд абон,
йæ къух дыл сисдзæн сом,
куыддæр фæтыхсай, афтæ.
Ды бадтæ дысон уартæ уым,
дæ цуры бадти чызг.
Дæ сонт туг хъазыд уæнгты,
рысти дæ риу фыр цинæй.
Хуыдтай ды амондджын дæхи,
дæ къайы бæсты ды
уыдтæ рæвдз раттыныл дæ уд.
Мæгуыр дæ бон! —
Æндæрæхсæв
æз раст гъе уым куы федтон бадгæ уый
æндæримæ.
Хъæбыстæ кодтой. Чызг
дзырдта, дæуæн цы дзуры, уыдон.
Нæ, нæ! Фæлывд у цард, фæлывд.
Нæй ницы ’нæ сайдæй йæ мидæг!..
Дыууæ Титаны ис æрмæст:
Тыгъд æмæ Афон.
Æцæг ысты гъе уыдон, гъе уыдонæй мын зæгъ!
Канопус зилы тыгъды.
У буц йæхицæй.
Уадз уæд. Æз зонын —
уый Тыгъд нынныхъуырдзæни искæд.
Тыгъды хуылфы фæцæудзæнис йæ хъуыртт!
Тæрсын æз Афонæй, тæрсын —
Кронос у дурзæрдæ бынтон.
Кæны цæуæт, цæмæй сæ
фæстæмæ бахæра, гъе уымæн.
Æлгъыст фæуæд, æлгъыст.
Ысцыргъ та кодта, зонын,
йæ дæндæгтæ мæнмæ дæр...
Уынын, куыд дамгъæтæ, сымах:
мæ цæсты хуынкъæй уаллон
æддæмæ рахылди сæтæйдзаг.
Ныфсæста сæры уый йæхи
мæ сæры магъзæй фаг,
фæхъазыд дзы йæхицæн.
Ныр рахылди...
Æрлæсы дзыхмæ.
Ныххиздзæн риумæ уый,
мæ зæрдæйыл æртыхсдзæни,
фæцъирдзæн æй дзæбæх.
Ыстæй ныммæлдзæн уым.
Гъе, уый дын цард!..
Æнкъард дæн æз...
Тыхст у мæнæн мæ зæрдæ...
Цæрæд, кæй фæнды, уый.
Мæнæн нæу хъауджыдæр —
цæрон æви мæлон.
Æрмæст ма уый зæгъын:
кæдмæ кæса мæ цæст,
ингæны сыджыт мæ
нылхъива цалынмæ бынтон,
уæдмæ æз дзурдзынæн æргом
рæстдзинад дунетыл хъæрæй.
Æмæ сæрæй
æз не ’ркувдзынæн никæд, нæ,
лæджы фыртæн.
Æлдармæ макуы ратт дæ бар,
сæргуыбырæй
дæхицæн адджын ма кæ цард,
фæлтау — мæлæт!
Гъе уый фæдзæхсын æз,
кæд мæм ис хъусæг, уæд.
Æмæ хъуамæ уа —
мæнг хъæргæнæг нæ дæн.
Дæн уацхæссæг!
О, о, дæн уацхæссæг
æрцæуинаг дугæй!..
Автор:
НИГЕР (Джанаев Иван)