ИУÆЙ ИННÆ БОН УЫРЫДДÆР...
Иуæй иннæ бон уырыддæр —
Афтæ, гъе, мæ цард æрвитын.
Тайын, ’руайын æмæ джитын.
Бон, æхсæв — мæлæтмæ сидын.
Зилы сагъæсæй мæ рыст сæр...
Æрдз мын ракодта лæвæрттæ.
Цардмæ рауадтæн ныфсджынæй.
Риуы арт сыгъди цырынæй.
Загътон хиздзынæн фыдрынæй
Æз сымах — нæ митæвæрдтæ...
Фæлæ никуы æмæ ницы:
Хъуыры сцæнд ысты мæ фæндтæ.
Нæй, нæ сын фæци цæуæнтæ
Цардмæ, афтæмæй мæ уæнтæ
Дудынц, утæхсæн фыднизы...
Ой, цы мыртæ уыд мæ риуы!..
Ой, цы хæзна уыд мæ сæры!..
Фæлæ арв зымæг нæ нæры,
Булæмæргъ хъызты нæ цæры —
Уæд æрмæст ыстонг сырд ниуы...
Бонтæ уайынц æмæ згъорынц,
Мæн мæ сау ингæнмæ хонынц...
Цæй, хæрзбон, хæрзбон, мæ сæнттæ!..
Цæй, хæрзбон, хæрзбон, мæ фæндтæ!..
Цом, цом ингæнмæ, мæ тыхст сæр!..
Цом, цом ингæнмæ, мæ зæрдæ!
Ам ныл аудæг нæ уыди,
Ам нæ зард бæсты нæ цыди, —
Уым ныл саудалынг æртыхсдзæн!..
Автор:
НИГЕР (Джанаев Иван)