Коцойты Арсены номыл
Ызнон цыма уыд уый...
Æз хъазыдтæн сырх хъултæй,
Фырæй-иу тæу фæцæйарæзтон хатгай,
Æмæ-иу мын уæд ме ’мбæлттæ мæ къухтæй
Мæ сырх хъултæ куы акъахтой, куы, радгай,
Кæнæ-иу мæ мæ тæрттæй хорз ныууыгътой.
Бæргæ-иу сæм хъæбæрдзыхæй ысдзырдтон,
Фæлæ-иу мæ гъе уæд сæ быны ’ртыхтой.
Æркуыдтон-иу, уæддæр хатыр нæ куырдтон,
Хылгондæй-иу фæпырх ыстæм уæд уынджы,
Дыууæ-иу нæ кæрæдзи фæдыл н’ ацыд;
Кæс, æмæ алчи дæр йæхæдæг рыджы
Йæхиимæ гæпп-гæпгæнгæйæ хъазы.
Фæлæ йæ маст кæм хæссы сонтæн бирæ!
Æхситт... къуыззитт... Æмæ та, кæс, æмбырдæй —
Кæл-кæл, чыр-чыр, æвзыгъдæй хъултæ уилæм...
Фæци нæ хъазт... Æз ацыдтæн æмбылдæй...
Ызнон цыма уыд уый...
Æз хъазыдтæн фæдæгъдæй;
Цыдтæн уæлгæс, хылдтæн уæлæмæ тигътæм,
Ысдæн фыййау, зæйтæ-иу уагътон рæгътæй,
Ыскъæрдтон дугъ чысбын лæбырдты сæгътæй,
Ыстæй та-иу фæзарыдтæн фаг мигътæм.
Ызнон цыма уыд уый...
Фæлæ ныр кæс: мæ рустæ —
Уырынгтæ, ’мпылд; æрæмбæрзта сæ халас;
Мæ сæр — гæмæх, зæл нал ахсынц мæ хъустæ,
Цы гæнæн и — ысхос мын кæн, цу, марадз.
Мæ фæззæг мыл æрцыд, æрцыд æваст!..
Цыбыр у цард- ыскаст æмæ ныккаст!..
Цыбыр у цард! Фæлæ йæ бонтæй ма бар —
Уый бонтæй баргæ нæу, фæлæ фæллойæ
Дæхи йæ цырынмæ, йæ арфмæ бахъар,
Æмæ дæ фæззæджы уыдзынæ хызт фæсмонæй.
Дæхи йын ратт, æмæ дын уый дæр ратдзæн
Дæ бæсты фарн, дæ адæмæн йæ хорзæх,
Мæрдон рæстæг уæлæуыл бонтыл бафтдзæн,
Æмæ дæ цард сæдæ уыдзæни, хорзæй!
Автор: НИГЕР (Джанаев Иван)