ЦЫМÆ, НЫР ТА КÆЙ РАД У...
Цымæ, ныр та кæй рад у,
Кæмæ бауасыд халон?..
Цы уынын, цы, мæ цæстæй,
Æмæ цы уыдтон фарон!
Æгъгъæд у, цæй, æгъгъæд у
Хæрдты кæсынæн. Цардмæ
Лæмбынæгдæр æркæсут
Æмæ йæ хатут дардмæ...
Нæ дуг заман у махæн,
Заман, заман, нæртон дуг!
Чи бахаудзæни цардмæ,
Чи сисдзæни йæ сонт уд...
Мæ Ир, мæ уарзон бæстæ,
Дæ ном, дæ фарнмæ дзурын —
Бындурон уæнт дæ риуыл
Дæ байзæддаг, дæ хъæстæ!
Автор:
НИГЕР (Джанаев Иван)