Кæсы мæм мæ хъæбул æдзынæг нæ къулæй,
Æмæ та йæ цуры фæлæууын сæркъулæй.
Мæ мийыл мæ зонгæ нæ бакæндзæн дис:
Мæ саби мæ дæле куы не ’рлæудзæн исты,
Лæггæдтæ хъæбулау нæ кæндзæн мæ хисты, —
Æнустæм æнæсысгæ разынд мæ рис.
Автор: ДАРЧИЕВ Давид