Whoops, looks like something went wrong.

1/1 ContextErrorException: Warning: require(/home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/app/cache/dev/doctrine/orm/Proxies/__CG__SiteMainBundleEntityPoet.php): failed to open stream: No such file or directory in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/common/lib/Doctrine/Common/Proxy/AbstractProxyFactory.php line 212

1. in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/common/lib/Doctrine/Common/Proxy/AbstractProxyFactory.php line 212
2. at ErrorHandler->handle('2', 'require(/home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/app/cache/dev/doctrine/orm/Proxies/__CG__SiteMainBundleEntityPoet.php): failed to open stream: No such file or directory', '/home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/common/lib/Doctrine/Common/Proxy/AbstractProxyFactory.php', '212', array('className' => 'Site\MainBundle\Entity\Poet', 'classMetadata' => object(ClassMetadata), 'proxyClassName' => 'Proxies\__CG__\Site\MainBundle\Entity\Poet', 'fileName' => '/home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/app/cache/dev/doctrine/orm/Proxies/__CG__SiteMainBundleEntityPoet.php')) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/common/lib/Doctrine/Common/Proxy/AbstractProxyFactory.php line 212
3. at AbstractProxyFactory::getProxyDefinition() in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/common/lib/Doctrine/Common/Proxy/AbstractProxyFactory.php line 212
4. at AbstractProxyFactory->getProxyDefinition('Site\MainBundle\Entity\Poet') in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/common/lib/Doctrine/Common/Proxy/AbstractProxyFactory.php line 116
5. at AbstractProxyFactory->getProxy('Site\MainBundle\Entity\Poet', array('id' => '41')) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/orm/lib/Doctrine/ORM/UnitOfWork.php line 2663
6. at UnitOfWork->createEntity('Site\MainBundle\Entity\Verse', array('id' => '1786', 'title' => 'ПЭЯ ( Цигайнаг кадæг)', 'text' => '
Æхсæвы тары арв ныннæры,<o:p></o:p>
Фæсобау донхæрис кæуы,<o:p></o:p>
Кæцæйдæр маргъы уаст цæуы,<o:p></o:p>
Æнæбон базырты пæр-пæры<o:p></o:p>
Нындзыг и уазал тас. Цæуыл,<o:p></o:p>
Цæуыл у, о дзиба, дæ азар?<o:p></o:p>
Нæ зæххыл сой-къæвда цæуы,<o:p></o:p>
Æмæ мын дард уалдзæгыл азар,<o:p></o:p>
Цæмæй дæ урс пакъуытау рог<o:p></o:p>
Мæ рох фын атæха мæ сæрты,<o:p></o:p>
Цæмæй æрыхъал уой мæ зæрды<o:p></o:p>
Æрттивгæ рагбæллицтæ ног.<o:p></o:p>
Уынæргъы саудалынг арв. Уары<o:p></o:p>
Æмæ æргъæвст бæлæттау тары<o:p></o:p>
Кæм ризынц урс цатыртæ, уым<o:p></o:p>
Фæндаггон агуры фысым:<o:p></o:p>
«Æфсымæртæ! Къæрныхы аууон,<o:p></o:p>
Йе зондцух ма фæхонут мæн.<o:p></o:p>
О ниугæ авддæлдзæх ныххауон,<o:p></o:p>
Кæд уазал стъалыты тæмæн,<o:p></o:p>
Цæлхыты рыг æмæ хъæсдарæг,<o:p></o:p>
Фæндæгты азæлгæ хъынцъым,<o:p></o:p>
Æлгъыст, æвзонг чызджыты зарæг,<o:p></o:p>
Æмæ уæгъдибар балцы зын<o:p></o:p>
Мæн рисгæ бафтыдтой уæ фæдыл,<o:p></o:p>
Хуыцау æмæ æхсæвы зæдыл<o:p></o:p>
Мæхи фæдзæхстон. Фæлæ нæй<o:p></o:p>
Цигантæн амонд зæххыл. Мæй<o:p></o:p>
Нымбæхсти тар æврæгъты астæу,<o:p></o:p>
Нынниудта сонт денджызы хъазтау,<o:p></o:p>
Нынниудта уад, æмæ уынут,<o:p></o:p>
Æрдуйыл нал хæцы мæ уд...»<o:p></o:p>
Кæсынц æм тарстхуызæй цигантæ,<o:p></o:p>
Сæ сæрмæ арвы къуырф хъæрзы.<o:p></o:p>
Æмæ тызмæг зæронд Биантæ<o:p></o:p>
Мæгуыр фæндаггоны фæрсы:<o:p></o:p>
— Зæгъ-ма, нæ хауæггаг уæзæгмæ,<o:p></o:p>
Зæгъ-ма, æнæ хæдзар фæздæгмæ<o:p></o:p>
Цы цин, цы маст æрхуыдта дæу?<o:p></o:p>
Кæуыс, лæппу? Фæлæуу, фæлæуу,<o:p></o:p>
Æз федтон туджы цад мæ фыны,<o:p></o:p>
Лæгмары кард... Æнахуыр цъиу...<o:p></o:p>
Хуыцау, о Стыр Хуыцау, дæ быны<o:p></o:p>
Мæгуыр циганты аххос циу?<o:p></o:p>
Кæцон дæ, о æхсæвдзу, чи дæ?<o:p></o:p>
— Æз дæн æнафоны цæссыг,<o:p></o:p>
Æз дæн æнæбындур мæсыг.<o:p></o:p>
Цæмæй уæззау тæригъæд фида<o:p></o:p>
Мæрдты зындоны арты мад,<o:p></o:p>
Гъе уымæн фырт ныййардта зæххыл...<o:p></o:p>
Куыд судзы хуры тын æртæхыл,<o:p></o:p>
Гъе афтæ сыгъд мæ уæнгты цард.<o:p></o:p>
Рæзыдтæн стонг æмæ бæгънæгæй,<o:p></o:p>
Фæлæ мын адæм радтой згъæр,<o:p></o:p>
Æмæ æндон куырды фæздæгæй<o:p></o:p>
Мæ фидæн арæзтон æз дæр.<o:p></o:p>
Мæ амонд дардтон æз мæ уырзты,<o:p></o:p>
Уыдис мын коммæгæс æфсæн.<o:p></o:p>
Æмæ цæхæркалгæ æрмгуысты<o:p></o:p>
Раст тохы зарæджы хуызæн<o:p></o:p>
Мæ бæллиц бахсыст... Фæлæ... оххай,<o:p></o:p>
Цæуыл дзырдтон? Цæмæн дæн ам?<o:p></o:p>
Лыгътæн æнафоны фыдæхæй,—<o:p></o:p>
Мæ табор уыд мæнмæ хæрам.<o:p></o:p>
Кæд хъоды бакодтон йæ зæдыл?<o:p></o:p>
Æви мын счындæуыди хин?<o:p></o:p>
Мæ ном дæр нал лæууы мæ зæрдыл,<o:p></o:p>
Мæхæдæг нал зонын мæхи.<o:p></o:p>
Кæд, чи зоны, мæ риуæй стонын<o:p></o:p>
Фæндыд мæ рухс бæллиц кæйдæр...<o:p></o:p>
Цæмæн?<o:p></o:p>
Нæ зонын æз, нæ зонын,<o:p></o:p>
Фæлæ цы баййæфта мæ сæр,<o:p></o:p>
Тæрсын æз ауындзæнау уымæй...<o:p></o:p>
Мæ цард ма циу, кæд хуры рухс<o:p></o:p>
Мæ зæрдæ судздзæни æрхуымæй?<o:p></o:p>
Мæ сафæг — ме 'фсымæры ус,—<o:p></o:p>
(Нæ тыхсин, азымджын куы уаин).<o:p></o:p>
Фæдзырдта таборæн мæнæй,<o:p></o:p>
Цыма йæ дард кæдæмдæр сайын<o:p></o:p>
Æз мемæ н 'адæмы уындæй...<o:p></o:p>
Ныссабыр иу æхсæв нæ табор,<o:p></o:p>
Æнусау мыл ныддаргъ рæстæг.<o:p></o:p>
Æмæ мæ цæстытæм мæнг хабар<o:p></o:p>
Хуыссæджы не 'руагъта хæстæг.<o:p></o:p>
Мæ хъустыл иу афон æрцыди<o:p></o:p>
Кæйдæр фæдис: «Фыдбылыз стахт<o:p></o:p>
Æмæ дæ къæсæрмæ æрцыди,<o:p></o:p>
Нæ табор сыстад! Лидзгæ тагъд!»<o:p></o:p>
Лыгътæн быдыртæ æмæ хъæдтыл,<o:p></o:p>
Кæйдæр фыд бафтыди мæ фæдыл...<o:p></o:p>
Мæнæн мæ уд куы фестид ныр<o:p></o:p>
Поэты сис, кæнæ фæндыр,<o:p></o:p>
Уæд ахсæв доны бæсты уарид<o:p></o:p>
Сыгъдæг цæссыг. Уæууæй, мæ мад<o:p></o:p>
Куыд уарзта мæн! Хуыдта мæ уари,<o:p></o:p>
Хæринаг ын нæ кодта ад<o:p></o:p>
Æнæ йæ кæстæр фырт. Фæндæгтыл<o:p></o:p>
Уый зарыд дард бонтыл мæнæн...<o:p></o:p>
Фæлæ йæ рыст зæрдæйы тæгтыл<o:p></o:p>
Æрвон æнкъарæнты тæмæн<o:p></o:p>
Æваст ыссыгъд хæрам цæхæры,<o:p></o:p>
Æлгъыста мæн æмæ куыдта,<o:p></o:p>
Зæххыл фыддæр-фыдæй цы цæры,<o:p></o:p>
Уый, ниугæ, дауджытæй куырдта,<o:p></o:p>
Цæмæй мæ уд зындоны судза;<o:p></o:p>
Æбуалгъ фæсмон мæ риу рæмудза,<o:p></o:p>
Фæдæн мæ таурæгъ конд... Ныббар,<o:p></o:p>
Æз дæн æнæбары лæгмар,<o:p></o:p>
Æз — Романес, кæуын мæхиуыл<o:p></o:p>
Æмæ мæ хъизæмæрттæ иууыл<o:p></o:p>
Мæ буарæй ласт нæмгуытау ныр<o:p></o:p>
Æркалдтон ам... Хатыр, хатыр...<o:p></o:p>
***<o:p></o:p>
Ахх, Пэя, Пэя! Æз кæддæр<o:p></o:p>
Дæу хуызæн чызг уыдтон мæ фынты<o:p></o:p>
Дæуау йæ конд æмæ йæ уынды,<o:p></o:p>
Нындзыг цъæх уалдзæджы уынæр,<o:p></o:p>
Нындзыг æппæт зарджыты азæлд,<o:p></o:p>
Æппæт сæуæхсиды тæмæн.<o:p></o:p>
Фæлæ мæ сонт зæрдæйыл разылд<o:p></o:p>
Хъысмæт, уæззау цалхау, мæнæн.<o:p></o:p>
Мæнæн ныр уыцы чызг нæ зары,<o:p></o:p>
Æнхъæлмæ нал кæсы мæнмæ,<o:p></o:p>
Мысы кæйдæр æнкъард хæдзары,<o:p></o:p>
Мысы йæ рагуалдзæг æмæ<o:p></o:p>
Æнæзагъд азымау мæ риуы<o:p></o:p>
Йæ цæссыг риссы. Уæ, бæргæ,<o:p></o:p>
Бæргæ ныххæцын æз мæхиуыл,<o:p></o:p>
Мæ сауцæст дондзаумæ бæлгæ,<o:p></o:p>
Фæлæ мæйрухс æхсæвты донмæ<o:p></o:p>
Хæрис æркъул кæны йæ сæр,<o:p></o:p>
Æмæ фæстаг балцы кæронмæ<o:p></o:p>
Куыд кæсы рагбонты къæсæр,<o:p></o:p>
Гъе афтæ аууонау уæлтигъæй<o:p></o:p>
Дзæнæтон изæрты тæмæн<o:p></o:p>
Кæсы мæ гом рудзынгæй джихæй,<o:p></o:p>
Æмæ æнцой нæ уадзы мæн...<o:p></o:p>
Ахх, Пэя! Кæд дæ сæнтты хъомыс<o:p></o:p>
Зæххон фæткæвæрдыл фæтых,<o:p></o:p>
Уæд цардæй ды æгæртæ домыс,<o:p></o:p>
Уæд сиу дæ уарзтимæ тымыгъ.<o:p></o:p>
Дæуæн хæрзиуæгау æрхæсдзæн<o:p></o:p>
Дæ сонты судзгæ стъалы уад.<o:p></o:p>
Зæхх дæм æгæр дæрзæг фæкæсдзæн,<o:p></o:p>
Дæ бæллицтæ куы 'рхауой, уæд.<o:p></o:p>
Уæууæй! Цæрыны хæсæн фидæн<o:p></o:p>
Нæй рог фынтæй. Фæлæ дæ фидæн<o:p></o:p>
Æмæ дæ ивгъуыды зынтæн<o:p></o:p>
Кæйдæр æрхуым зарæг мыздæн,<o:p></o:p>
Хъысмæты тавидзау, хæсдзынæ.<o:p></o:p>
Дæхицæн скъуыд къамтæй фæрсдзынæ,<o:p></o:p>
Уæларвон сусæг тыхы 'взаг,<o:p></o:p>
Æвзонг валет æмæ фæндаг.<o:p></o:p>
Дæу ногæй сайдзысты сæ фæдыл,<o:p></o:p>
Æмæ æууæнддзынæ дæ сæнттыл...<o:p></o:p>
Рæсугъд сæумæ. Ныссабыр уад,<o:p></o:p>
Æмæ рæууддзæфмæ æрхауд<o:p></o:p>
Æфсармдзаст дидинджыты хаутæй,<o:p></o:p>
Æхсæвы фын — сæууон æртах.<o:p></o:p>
Йæ чызджы цуры бады Биантæ:<o:p></o:p>
— Мæ буц хъæбул! Æрцыд бæллæх...<o:p></o:p>
Æрыхъал Пэя: — Кæд дæ зарæг,<o:p></o:p>
Æндон дзæбуг æмæ хъæсдарæг<o:p></o:p>
Фæсурынц райсомæй мæ фын:<o:p></o:p>
Фæлæдыл абон дис кæнын,<o:p></o:p>
Цы 'рцыди? Дард балцы нæ табор<o:p></o:p>
Кæд амонд агурæг цæуы?<o:p></o:p>
Æви уæззау фыдæхы хабар<o:p></o:p>
Нæ мæгуыр цатырыл кæуы?<o:p></o:p>
— Мæ чызг, мæ иунæг хъæбул, уастæн,<o:p></o:p>
Нæ быны аскъуыйа нæ зæхх...<o:p></o:p>
Дысон дыууæ фæндаджы астæу<o:p></o:p>
Ныццавта арв... Фæмард нæ бæх.<o:p></o:p>
Куыд цæрæм ам кæйдæр хъæугæрон?<o:p></o:p>
Нæ балц — уæззау, нæ фæндаг — даргъ.<o:p></o:p>
Æмæ куыд ласдзæни нæ уæрдон<o:p></o:p>
Мæлын æмæ цæрыны уаргъ?<o:p></o:p>
Зæронд дæн æз. Кæддæрау дардæй<o:p></o:p>
Æрвон зæл нал ахсы мæ хъус.<o:p></o:p>
Рæхджы мæ ингæны уæлхъус<o:p></o:p>
Цигантæ зардзысты æнкъардæй...<o:p></o:p>
Фæлæ кæйдæр сыджыты, зон,<o:p></o:p>
Æнцой нæ зондзынæн, мæ фæстæ<o:p></o:p>
Дæуæн, мæ хур, уæлæуыл бæстæ<o:p></o:p>
Куы феста иунæгæй зындон.<o:p></o:p>
Нæй амондмæ фæндонæй сидæн,—<o:p></o:p>
Æри дæ царды рох мæнмæ,<o:p></o:p>
Цæмæй дын рагацау дæ фидæн<o:p></o:p>
Æвзисты рог æрттывд æмæ<o:p></o:p>
Уæздан хъæдабæйы фæлысты<o:p></o:p>
Мæхæдæг фенон. Нæй гæнæн,<o:p></o:p>
Куы уаид иу мисхал лæгæн,<o:p></o:p>
Бæргæ, ныр исты ныфс йæ тыхсты,<o:p></o:p>
Гъе уæд æнæмыггаг зæронд,<o:p></o:p>
Фæстаг цин цард-тохæй æмбулгæ,<o:p></o:p>
Ныууадзид а дунейыл мулкæн<o:p></o:p>
Дæуæн дæхи ныфс æмæ зонд.<o:p></o:p>
Цы чындæуа? Дæ хал æппæрст у,<o:p></o:p>
Æндæр хос нæй — æрцыди рад,<o:p></o:p>
Æмæ дæ амондыл фæхæст у,<o:p></o:p>
Зæрдæйы дзуапп зæрдæйæн ратт.<o:p></o:p>
Фыды уæзæгыл нæй фæцæрæн...<o:p></o:p>
Æрвиты Тупорсан, мæ хур,<o:p></o:p>
Мысайнаг — иумæйаг къæсæрæн<o:p></o:p>
Йæ фыццаг хуын, йæ фыццаг дур.<o:p></o:p>
Куыд домы дард фæндæгты азым<o:p></o:p>
Рæстæг тæрхоны фæтк мæнæй<o:p></o:p>
Æрдæгсаст донхæрисау тасын<o:p></o:p>
Æгъатыр дымгæты хъæрæй.<o:p></o:p>
Мæ бæллиц амарди хæтæнты,<o:p></o:p>
Цæуæнты басыгъди мæ цард.<o:p></o:p>
Фæлæ дæуæн цы ис дæ сæнтты,<o:p></o:p>
Мæ чызг, æууæнкагæй уый ратт<o:p></o:p>
Дæ фыды зондæн æмæ сиу уа<o:p></o:p>
Ныййарæджы æнæфыст хæс<o:p></o:p>
Дæ фынты хъармимæ мæ риуы,<o:p></o:p>
Цæмæй дын рухс царды фæрæз<o:p></o:p>
Цигайнаг цатыры бын ссарон,<o:p></o:p>
Цæмæй дæ азымы нæ дарон.<o:p></o:p>
Мæ дзæбæх чызг, дæ фæндон зæгъ?<o:p></o:p>
Фæлæ уый циу? Сæууон æртæх<o:p></o:p>
Æрхауд дæ цæстыхаутæй... Курын,<o:p></o:p>
Дæ катай ма бамбæхс мæнæй,<o:p></o:p>
Ныббар, æгæр æргом кæй дзурын,<o:p></o:p>
Фæлæ хуыздæр уынаффæ нæй...<o:p></o:p>
Пэя:<o:p></o:p>
— Мысы мæ сонты бонты авдæн<o:p></o:p>
Кæмдæр æнкъард быдыры мæн.<o:p></o:p>
Йæ сæрмæ ме 'взонг азты арвæн<o:p></o:p>
Йæ рæсугъд стъалыты тæмæн<o:p></o:p>
Бынтон нæма 'рмынæг, мæ рустыл<o:p></o:p>
Ныр дæр кæйдæр рæвдыд тæлфы.<o:p></o:p>
Æруайы ризгæ зæл мæ хъустыл,<o:p></o:p>
Цыма æрвон залмæн йæ сыф<o:p></o:p>
Фынæй чызджы риумæ æрхауы...<o:p></o:p>
Кæд зæрдæ мады уарзт мысы?<o:p></o:p>
Æви цы нæй æрдзы æгъдауы,<o:p></o:p>
Мæнмæ уый цардæгас кæсы?<o:p></o:p>
Ау, зæххыл амонд нæй? Ау, зарæг<o:p></o:p>
Æрмæст гъе уый тыххæй фæзынд,<o:p></o:p>
Цæмæй æрхуым зæрдæйы зын<o:p></o:p>
Йæ азæлды æмбæхстæй дара?<o:p></o:p>
Æз разы дæн — цы уа, уый уæд.<o:p></o:p>
Тæрхон дæ сонт хъæбулæн рахæсс...<o:p></o:p>
Æз зонын, циу мæгуыры сагъæс<o:p></o:p>
Æмæ фæндаггоны мæлæт.<o:p></o:p>

Ызнæт, æнæхуыссæг æхсæвтæ!
Мæ бæсты адæмæн зæгъут:

Мæ бæхæн баихсыд йæ сæфтæг,

Æрттивгæ басыгъди мæ уд.

Уæууæй, лæгъзгонд фæндæгтыл чи цыд!..

Кæйдæр егъау хъысмæты раз

Мæ цардæй чи скæндзæн тæраз,

Мæ цытæй чи бардзæн йæхи цыт?

Зæгъдзæн мæ тызмæг критик: «Гъей,

Кæй хъæуынц ямб æмæ хорей,

Кæйдæр æртхутæгау, байтаман,

Дæуæн уæгъдибар стихы заман.

Æгъуыстаг атомы æнус

Дæ зарæг рох дунейæн ратдзæн».

Мæ хæлар, багъæц! Багъæц цъус,

Хъысмæт мын фидæн бон цы ратдзæн

Æмæ цы баййафдзæн мæ сæр,

Цы ис мæ фæндагыл хæрамæй,

Уыдæттыл базаргæрон къамæй

Мæгуыр циганты чызг кæддæр

Мæнæн кæлæнгæнæгау фарста:

— Æри дæ армытъæпæн, кæс:

Æллæх! Дæ уæнгтæ дын куы сбаста

Фæлывд дæлимонты хъæлæс

Æмæ æвирхъау хины азым.

Къарол... æргом фыдвæнд... кæрон...

О, ма зæгъ сау рæсугъды ном

Дæ сайд æмбалæн, — де знаг разынд.

Ам дæу дæ ныфс æмæ æхсар

Фыдæхæй фервæзын кæндзысты.

Фæндæгтæ алырдæм цæудзысты,

Сæ иу дæ къазнайы хæдзар

Æмæ фæстаг фембæлдмæ хоны...

Æз хъуыстон Пэямæ æнцад,

Уыдтон, йæ сау цæстытæй тоны

Æддæмæ сусæг хъыджы цад.

Æнкъардæй дард табормæ араст.

Цæуыл тыхсы, цы у йæ мæт?

Хъысмæты чингуыты цы бакаст,—

Æнамонд цард æви мæлæт?

Фæлæ кæцæй цæуы хъæрзын?

— О, Романес, æрхастон мæнæ

Æвзист æхца æмæ кæрдзын.

Нæ уыныс мæн? Фæсмон фæкæна,

Кæй æлгъыст рахаста тымыгъ

Дæ фæдыл сау æхсæв йæ тæртты.

Цъæх пиллон фестади дæ ных,

Зæххыл дæу цардимæ цы бæтты,

Гъе уый мын карз фæдзæхстау зæгъ,

Æмæ дзæм-дзæмы доны ' ртæх

Бæстыл дæ мæгуыр фысым ссара.

Æрдз мын мæ царды аргъ куы бара

Дæ низы иу хосæй, уæддæр

Чызгай нæ бамбæхсдзæн йæ сæр.

О, уыцы дидинæг кæм рæзы,

Мæ боны бонвæрнонау фæзы,

Йæ сæууон узæлдæй фæстæмæ

Дæ буары чи бауадзид цард.

Мæ рагон стъалыты бæстæмæ

Гъе уæд мæ рох бæллицты арт,

Пæрпæргæнгæ, æртæхид ногæй,

Æрхауид дард фæндæгтыл мæй...

Фæлæ чызгай кæй сиса рогæй,

Нæ зæххыл ахæм хæзна нæй.

Уый донгæрон нæ зары Фея,

Нæ ахсы дард азæлд йæ хъус,—

Къæвдаджын боныцъæхау Пэя

Æркъул и рынчыны уæлхъус.

Уый Романес хъæрзы: «Æппарынц

Цъæх арты ме знæгтæ мæн дæр!»

— О, нæ! Фæллад дымгæтæ зарынц,—

Хъæсдарæг азæлы кæмдæр.

«Уæд уый та циу? Мæлæты азар!..

Æрхаста туджы къæвда уад!»

— О, нæ! Дæ цæсгомыл уый а 'зæр

Кæйдæр чызджы цæссыг æрхауд.

Æмæ Романес уыны: йæ хъæрмæ

Æрыгон Пэя фестад саг.

Æмæ ныссабыр. Зылд йæ сæрмæ

Сыгъзæрин уддзæфау хуыссæг.

Æнахуыр хабæрттæ цыдысты

Цигайнаг адæмы æхсæн:

«Мæй æмæ стъалыты хуызæн

Уæлæрвты, рухсгæнгæ, зылдысты

Æфсæн æмæ дымгæйæ конд.

Хъуыдыйы тагъдыл арæзт наутæ.

Æмæ; дам, дун-дунейæн зонд

Цæттæ кæны æвирхъау цаутæ.

Кæмдæр æнæзонгæ бæлццон

Æрвыста фидæнмæ йæ ныстуан,

Æрвыста тугæйдзаг æнгуырстуан,

Фæлæ дыууæ бæхæн сæ бон

Нæ уыди раласын уæрдон...»

— Хъаймæт æрцыд,— зæгъынц зæрæдтæ,

Бæстæтыл рацæудзæни хæст.

Лæгæн æрцæудзысты йæ фæдтæ

Фæстаг æртхутæгæй æмбæрзт.

Циганты амондæй цы фæци?

Сæ зонд — къуымых æмæ къуырма.

Нæ уарзынц паддзæхтæ кæрæдзи,

Цы сын нæ фаг кæны цымæ?

Æрдз æмæ арв кæсынц сæ коммæ,

Æмæ сын марадз исты скæ!

Дзыллæты иу фæндæй сæтгæ,

Æппæт зæххыл кæрæй-кæронмæ

Цы арæн айтынг уыдзæн тагъд,

Гъе ууыл тары систой загъд

Æгъатыр ивгъуыд æмæ фидæн.

Фæлæ Хуыцауы бын цы фидæм,

Цы хæс и сау цигантыл уæд,

Кæдæм хæссы мах йе 'ккой атом?

Гъе афтæ амондагур адæм,

Уæгъдибар фæндæгты цæуæт

Мæйрухс æхсæв тæрхæттæ хастой.

Фæлæ фæсабыр и æмбырд:

Кæцæйдæр ризгæ зæлтæ хастой

Æртæхдзаст дидинджыты дзырд

Æмæ æхсæвы сусæг зарын,

Цыма кæйдæр уд фестад арв,

Цæмæй сыгъдæг сыгъзæрин уарын

Æрцæуа зæххыл æмæ арф

Нымбæхса й 'азæлгæ уынæры

Фæллад фæндаггæтты хъынцъым.

Цæмæй сæуæхсиды цæхæры

Æбæрæг фидæн боны зын

Æндæргау макуы феной къамтæ.

— Кæцæй уа уыцы зæл? — цигантæ

Кæрæдзи дисгæнгæ фæрсынц.

Æмæ уæлвæндагмæ кæсынц.—

Кæд уæртæ, донхæрис кæм асаст,

Уым цадмæ доны чызг кæсы?

Кæд уæртæ арвгæроны асæст

Мæйы тигъ суадоны æхсы

Æмæ йын боныцъæхыл зары?

Цыма цы уыдзæн уый уæддæр?

Йæ зæрдыл ахæм таурæгъ дары

Нæ табор: рагзаман, кæддæр,

Йæ хъыджы саурæсугъд цигайнаг,

Хъæддаг маргъ фестади, мæгуыр,

Фæлæ ма баззади мысайнаг

Йæ цардæй а зæххыл — фæндыр.

Кæд уый цæгъды æхсæвы тарæй?

Йæ удæн — цард, йæ номæн — кад!

Æппæт фæлтæрты æмсæр — карæй,

Цæудзæн фыдæй-фыртмæ йæ рад...

Уæдмæ фæзынд циганты цуры

Бæгъæввад Азæ æмæ дзуры:

— Æз федтон сау хохы рæбын,

Æз федтон ахæм диссаг фын,

Æдзух мысынæн лæг кæй дара:

Уым арвæй цадмæ 'рхауди мæй,

Уым — Романес цæгъды гитарæ:

Уым Пэя зары, æмæ нæй

Сæ цуры цъиуызмæлæг. Уддзæф

Ныссабыр хъамылты æхсæн.

Æхсæвы дидинджыты уддзæф

Æвзонг зæрдæтæн фестад сæн,

Сæ риуы рагбæллиц æмбæхсгæ,

Мæйрухсы сусæг фæлм тæлфы,

Сæнтты æвзист къæвда сæлфы

Циганты таборыл. О, лæгтæ!

Сымах — æмыр æмæ къуырма,

Сымах нæ фехъуыстат нырма,

Куыд зарынц. сонт зæрдæйы тæгтæ,

Куыд зарынц дон æмæ быдыр,

Чызджы уарзт а дуне куы сгары!..

Бæргæ мæнæн дæр уыд сæ кары

Фæрдгуыты хал æмæ фæндыр...

Уæууæй! Цы ныфсæй ма фæразон

Цæрын сымах æхсæн уæддæр?

Хуыссы кæйдæр зæххы мæ уарзон,

Мæ зарæг бамынæг кæмдæр.

Тæссаг стут сау боны нысæнттау,

Æгъатыр аууæттау — æнуд.

Сымах мын амардтат мæ сæнттæ,

Сымах мын басыгътат мæ уд.

Дыууæ зæрдæйы æхсæн хъама.

Ныссагътат усгуры цыртæн.

Лæджы сæрибар сæттын хъуамæ

Сымахæн бабæзза цытæн,

Кæд скодта адæймаг йæ бартæй

Бындур хæрам æмæ фыдæн.

Уæууæй, мæхиуыл нæу мæ катай,

Уæууæй, цы фæдæн, уый фæдæн.

Фæлæ æнæзонгæ фæндæгтæ

Кæй сайынц арвгæрæттæм дард,—

Тæригъæд бакæнут, о лæгтæ,

Зындон сын ма скæнут сæ цард.

Уадз, уарзæттæн цæгъда гитарæ,

Уадз, Пэя рухс уалдзæгыл зара,

Сæ боны Бонвæрон ыскаст,

Дзæгæрæг рафтыдта сæ уарзт... «

Ныссабыр Азæ. Æмæ лæгтæ

Сæ сæртæ 'ркъул кодтой бынмæ,

Сæ цæстыл ауайы: фæндæгтæ

Сæттынц кæйдæр цалхы дæндæгтæ.

Æмæ кæйдæр æрвон фынмæ

Кæсынц æнæууæнкæй зæрæдтæ,

Сæ фæллад зонды райгуырд мæт.

— Табу бæрзондыл бадæг зæдтæн,

Кæй бон у раивын сæ фæнд?

Цымæ æхсæвы тары зарæг

Кæй сайы цады былмæ, кæй?

Мæ сæнтты байвæд дуне сгарæг,

Мæ хæлар, дард фæндæгтыл нæй

Фæстæмæ ракæсынæн амонд,

Ысуинаг бонты фендæн фæтк.

Ам нæй поэт æмæ фæтæг,

Фæллад цæлхыты рыг — сæ абон,

Сæ райсом — дард хæтæнты мæт.

Фæлæ æрдзы бæгънæг цæуæт

Сæ балц нæ рахуыдтой æнæрай,

Æрттивгæ горæтты уынæрæй

Кæнынц къуырма æмæ фæсус,

Æнгом æхгæд рудзгуыты рухс

Сæ риуы катай кæнын сисы,

Мæлæг сæрибары фæдисау.

Кæй хъæуынц галуантæ? Цæмæн?

Кæй хъæуынц гимн æмæ тырыса?

Рæстæг йæхи уагæй цы фысса,

Уый зæххыл калдзæни тæмæн.

Æмæ лæджы фылдæр нæ хъæуы.

О Романес! Дæ рад у ныр.

Фæстаг рухс ахуыссыд мæ хъæуы,

Дæ цагъдмæ бафынæй быдыр:

«Хæрзбон у, мæ табор,

Мæ бæллиц, мæ зын.

Дæ цатыртæм ахсæв

Фæстаг хатт кæсын.

Кæдæмдæр мæ сайдта

Мæ хъарм фынты ад.

Цъæх арвы кæрæтты

Æнахуыр фæлм бадт.

Æз амонд æнхъæлцау

Гъе уырдæм цыдтæн,

Бæгънæг æмæ стонгæй

Кæмыты зылдтæн!

Фæндæгтыл ныккалди

Мæ сæнтты мæсыг.

Мæ зæрдæйы баззад

Кæйдæр цæстысыг.

Æз лидзын хъысмæтæй,

«Фæндараст» мын зæгъ!

Æнкъардæй мæ фæдыл

Ныууасдзæн мæ бæх.

Кæд искуы фæсурид

Мæ уды фæллад

Æндæр царды амонд

Æндæр фынты ад.

Хæрзбон у, мæ табор,

Мæ бæллиц, мæ зын,

Дæ цатыртæм ахсæв

Фæстаг хатт кæсын!..»

Хуыссы бæхдавæг Тупорсан,

Уыны дыууæ фурды йæ фыны:

Сæ астæу арæнау фæзыны

Хæстæг фыдбылызы нысан —

Æнахуыр сау фæздæг. Æваст

Кæцæйдæр райхъуысти цъæхахст:

— Хъаймæт æрцыд, мæлæт фæцæуы,

Кæрон ын нæй, æмæ нæ цæуы

Йæ фыдæх зæхх æмæ уæлæрвты!

Гъей, хъусут дзыллæтæ! Уæ сæфты

Цæры æппæт амæндты сæр —

Дзæнæты удæнцой къæсæр!..

Æмæ дыууæ фурды — о диссаг —

Æмбухгæ фестадысты уæд

Дыууæ бæхрæгъауы. Куыд риссаг,

Куыд карз ысвæййы уæдæ мæт.

Æхсæв фæллад уды фæстаг рухс

Куы стæхы, ахст маргъау, зынæй

Æмбæхст хæрам фæндты бынæй.

Фæлæ уый циу? Тæхы æрра Уырс

Йæ цæфхад — зынг, йæ барц — æфсæн,

Йæ фæдыл сæнкъуысынц рæгъæуттæ.

Нындзыг йæ тасы Тупорсан.

Фæлæ фынты бæстæйы 'гъдæуттæ,

Фæлæ мæнг аууæтты экран

Æвирхъау донивылды ран

Бæхы хуыррытт, æнтъыснæг азар

Дæлдзæх фæкодтой. Мæнæ базар,

Æвзонг чызджытæ нуазынц сæн.

Фæрсы кæмæндæр Пэя къамæй:

— Дæ сæнтты митын мæсыг амай,

Æмæ куы 'рцæуа Тупорсан,

Уæд æй æрхуым зарæгæй амар!

Кæндзæн æй ауындзæнау хурх

Æвзисты сайд тæмæн æдзух,

Йæ мард ын н 'айсдзæни, нæ, саумæр.

— Æлгъыст дæлимоны бындар!

Дæ туг дын,— Тупорсан дзыназы,—

Дæ былтæй а лæппу куыд нуазы,

Уый фендзæн саударæг мæйдар!

Æз зонын, чызджытæ цы уарзынц,

Фæласдзæн уый æхцайы зæй.

Æз зонын, чызджытæ куыд тасынц

Бынмæ мæ фæрдгуыты уæзæй!

Гъей, адæм, хъусут: æз — бæхдавæг,

Сæттын сылыстæгæн йæ монц,

Зæрдæты сусæг тæмæн сафæг —

Мæ мулкæй скæндзынæн æфсондз

Дæуæн, гуырвидауц Пэя! Багъæц,

Хæзнаты бамбæхсдзынæн æз

Фыдæх æмæ цагъары хæс.

Æмæ-иу уæд хъæбысæй ахæц

Æбæрæг фæндæгты тæрхон,

Хъысмæты арвимæ, зæххон!

Уый циу, кæйдæр къухтæ лæбурынц,

Кæйдæр сæры къуыдыртæ дзурынц:

«Кæрон бæхдавæгæн, кæрон!»

Нæ уд куы фервæзы фыдфынтæй,

Уæддæр ма баззайы йæ зынтæй

Тæккæ тæссагдæр зын — фæсмон,

Хæстæг фыдбылызы цъæхахстау

Ныккæрзы риуы. Тупорсан

Хæрдмæ фæхауд. Фæндыры састау

Фæстаг хатт аууæтты æхсæн

Цыдæр ныййазæлыд: «Лæгмарæг!»

Æмæ куы стахт уæззау хуыссæг —

Фæллад цæсты тъыфылты зарæг,

Уæд федта удаист хуыснæг:

Лæууы йæ зæронд фыд йæ цуры.

Æмæ, йæ зачъе даугæ, дзуры:

— Дæ дыргъдонæй фæтахти маргъ,

Æрхауд дæ саулохаджы саргъ.

Лæгæй куы нæ тæрсой нæ сылтæ,

Уæд нал вæййы сыгъдæг сæ уарзт,

Æмæ сæ буар æмæ сæ былтæ

Кæнынц фыдбылызы цъæхахст

Æлгъыст хæйрæджыты æвзагæй!

Дæ намыс дын тæрхон кæнæд,

Кæйдæр уырс сыскъуыдта дæндагæй

Дæ фыццаг дидинæджы ад.

О худинаг! Кæйдæр рæвдауы

Дæ усаг донгæрон. Нæ цыт

Цигантæн развæлгъау кæм цыд,

Уым абон сау дзæгæрæг 'фтауы

Нæ худинаг, нæ сæфтыхъæр!

Æруагъта Тупорсан йæ сæр,

Цыма йæхи ингæнмæ касти,

Цыма йæ зæрдæйы цы масти и,

Уый фестади зæххы æмуæз

Æмæ æнæбын коммæ ласы,

Цæмæ бæллы æмæ цы уарзы,

Йæхи цæмæй фæхоны «Æз»,

Цы уыди знон, цы уыдзæн райсом.

— Дада! Дзæгъæл кæны мæ зонд,

Мæ маст мæ туджджынæй куыд райсон?

Нæдæр ныллæг, нæдæр бæрзонд

Дзæгъæл цырт баззайдзæн фæндагыл,

Кæй фæнды уæд... Фæлæуу, фæлæуу...

Уæдæ бæлон кæйдæр уæрагыл

Æрбадт æмæ хъыгдары дæу?

— Лæппу! Æрыхъал у! Дæ удыл

Дæ фынты хъарм рæвдыд ныттыхст,

Æмæ æцæг царды æлгъыст

Нæ хатыс ды! Дæлимон худы,

О сар дæ сæр! Бæллæх æрцыд,

Ныххауд цъымарайы дæ цыт,

Фæлæ йæ сис лæгау фæстæмæ!

— Дада, йæ бафхæрды фæстæ ма

Кæй хъæуы уый?

— Мæ карды ком

Мæ фыртæн ногæй скæндзæн ном.

Кæддæр мæ маст æз тугæй систон,

Æмæ уæдæй нырмæ йæ фистон

Нæ зоны 'лхъывд æнгуылдзты ард.

Ныр ын æмбæхстæй нал и дарæн,

Фæстаг кæнæ фыццаг лæварæн

Дæуæн дæттын мæ фæринк кард.

Цæугæ!

— Кæдæм?

— Сæ фыццаг ауæдз

У цардæй с'адзалыл æфтыд,

Æмæ йыл давд уæрыккау ауадз

Хъахбай сылгоймаджы рæвдыд

Æмæ æвзонг хæзгулы зарæг,

Цæмæй сæ сæнттæ фестой рыг,

— Дада, кæй зæрдæ зæгъы хъарæг?

Кæй хъæуы судзаггаг цæссыг?

Дæ ехсы къæрцц мæ хъустыл уайы,

Цыдæр мысын, бæлвырд цыдæр...—

Мæн, чи зоны, мæ хъуыды сайы...

Ды уыдтæ уый æви æндæр?

Ды уыдтæ ау? Мæ рæсугъд райсом

Дæ къухы саудзæфтæй хъæрзыд.

Мæ бон цы уыди цардæй райсын?

Кæм хъуыд æгъатыр уæвын, зыд,

Æрмæстдæр ахæм хъуыддаг. Зонын,—

Дæ ахуыр бабæззыд мæнæн,—

Æз давын, марын æмæ тонын.

Æрра хъуырдухæн æмæ сæн

Дзыназынц, араугæ, мæ риуы.

Нæй фервæзæн, мæ хал — æппæрст.

Йæхæдæг чи кæуы йæхиуыл,

Уый ссардзæн удæнцой æрмæст

Йæ ингæны. Цы кæнын уарзтæй?

Цæмæн хъæуы мæн намыс, ном?

Кæйдæр æлгъыст æмæ цæхахстæй

Куы нал у фервæзын мæ бон.

Мæ бæллиц аскъуыдтай мæ гуырдзæй,

Дæ мулк мын басыгъта мæ уд.

Рæйын æмæ хæцын кæм хъуыд,

Гъе уым дæ фырт æмæ дæ куыдзæй

Нæ уыди хъауджыдæр дæуæн,

Куы ардаугæ, куы бастæй даргæ,

Мæ аргъ мын мулчы уæзæй баргæ,

Ды аууон фестын кодтай мæн!

Æгъгъæд, æлгъыст зæронд! Дæ кардæй

Гъа мæнæ ацы зæрдæ скъах!

О, зарынц сау æндæргтæ дардæй...

Бæхы хуыррытт. Уым туджы 'ртах

Æрттивдзæн дидинджыты хаутæй.

Ау, Пэя амæлдзæн? Цæмæн?

Мæрдтæм дæр фаутæ æмæ даутæй

Нæй фервæзæн! Æрвон тæмæн

Кæм калы уарзондзинад ахсæв,

Уым зилгæ ниудзæни фыдох.

Фæлæ цæуыл уыдзæни тох?

Нæй уды сусæг сæнттæн ахсæн!

— Лæппу, уæдæ дæ зæрдыл дар

Мыггаджы фæтк, фыдæлты номы

Цы фарн ис, уый сæттын нæ комы

Нæдæр цæстысыгæй, нæдæр

Фæлывд сылыстæджы рæвдыдæй,

Нæдæр æвзонг уды фынтæй,

Нæдæр сыгъзæрины æрттывдæй,

Нæдæр æууæнк, нæдæр зынтæй.

Йæ ныхмæ чи сыста, уый ниугæ

Йæхи хæрдзæн, мæгуыр йæ бон!

Æмæ йæ царды бонтæ иугай

Æнамонд ингæны кæрон

Æгадæй бастъæлдзысты тары.

Нæ худинаг, нæ сæфты хъæр

Æрлæууын кодтой ныр дæу дæр,

Йæ кадджын номæй лæг кæй дары,

Гъе уыцы карздæр хæсы цур.

Цы хъæуы дæу? Æгъатыр фидис,

Æви лæгау цæрыны мидис?

Цы хъæуы дæу? Мæ хъæбул, дзур!

Ныссабыр Тупорсан. Куыд дуды

Æгомыг рисæй зæрдæ, куыд!

Æрхауд йæ фыды фарст йæ удыл

Æлгъыст тæрхонау æмæ скъуыд

Цыдæр йæ риуы. Фæлæ дауы

Йæ фæринк кард йæ армыл фыд.

Цыма гуыргуыргæнгæ æрхауы

Æнæхъæн арвы къуырф æд фыд,

Гъе уыйау фестъæлфыд бæхдавæг:

Мæлæт! Зæронд лæг худт хъæрæй.

Зæрдæты сусæг тæмæн сафæг

Фæцæуы мастисæг, уæууæй!

Нæры йæ къæхты уынæр хъусты,

Фæцæуы марæг æмæ ныр

Нæ уыдзæн иуæн дæр хатыр!

Æрцæудзæн ахæм цау, æнусты

Кæй хæссой дисæн. Тупорсан

Йæ фæдыл згъоры... Мæй æнкъардæй

Кæсы зæххон хъуыддæгтæм дардæй,

Æнæ бæллиц, æнæ нысан

Æнусты уазал æрхуым бады

Йæ алыварс тæнæг фæлмæй.

Ыстæхдзæн адæймаг йæ рады

Дæумæ, поэты бæллиц — Мæй,

Æмæ — зæххон хъыгтæй æнæ хай,—

Æу.уæнк рынчын зæрдæты тау!

Ды райс фыццаг царды тæф махæй:

Хъуыдыйы егъаудæр гæнахæй

Дæумæ тæхдзæн æрттивгæ нау,

Цæмæй сæрибарæй дæ быны

Цæра æвзонг зæрдæты уарзт,

Цæмæй æнамонд лæг йæ фыны

Мæнг тасæй ма кæна цъæхахст...

Бæргæ! Кæмдæр тæссаг æндæргтæ

Фыдвæнд куы нæ кæниккой, куы!

Тæрсынц æбуалгъ фæдтæй фæндæгтæ.

Ныр Тупорсаны хъæр цæуы:

— Мæ фыд, ды раст дæ, раст. Мæ риуы

Мæ бафхæрд уарзондзинад ниуы.

Цæттæ дæн æз, æри дæ кард,

Æмæ сын аскъуынон сæ зард.

Гитарæ банцади. Йæ тæнты

Æнæбын рис æмæ хъынцым

Æнæдзуапп азæлдау зæрдæты

Сæхицæн агуырдтой фысым.

Ау, зæххыл нæй æппæт лæппуты,

Æппæт чызджыты фаг рæвдыд?

Æви Хуыцауы бон нæ уыд

Æнæ фыдæхæй раттын уды?

Кæй бон у ахæм фарст хæссын

Уæззау æмæ æнтъыснæг уаргъау?

Æнæфæугæ фæндаджы даргъау

Кæны кæуын, кæны тыхсын,

Кæны фæллайын сонт зæрдæты,

Йæ сæнттыл нал феууæнды зонд,

Бынмæ æркъул кæны зæрæдты,

Кæны æрыгæтты зæронд.

Ау, зæххыл амонд нæй? Ау, зарæг

Æрмæст гъе уый тыххæй фæзынд,

Цæмæй æрхуым зæрдæйы зын

Йæ азæлды æмбæхстæй дара?

Кæуы кæйдæр ингæныл уыг,

Кæцæйдæр доны уынæр хъуысы,

Бæрз бæлас уддзæфмæ æнкъуысы.

Уæйгуыты аууæттау уырдыг

Лæууынц мæ Иры хæхтæ тары,

Æмæ сын дымгæ сабыр зары,

Кæй нæй зæххон цардæн кæрон.

Æвзист мæйрухс, æрттивгæ бон

Мæрдон фын чи фестын кæндзæни?

Нæ, зæххыл ахæм мæлæт нæй!

Йæ зарæг булæмæргъ кæндзæни,

Æрттивдзæн арвы цъæхæй мæй.

О Пэя, мауал кæ гуызавæ,

Сæрыстырæй хъысмæты раз

Кæйдæр рæсугъд цæстытæ уарз!

Æндæр тæрхон, æндæр уынаффæ

Куы агурай, уæд диссаг фын

Дæ цардæй атæхдзæни маргъау,

Æмæ тæккæ рæсугъддæр аргъау

Уæззау мысинагау йæ зын

Цæргæ-цæрæнбонтæм ныууадздзæн

Дæ риуы сау æрхæнæй. Уарз,

Дæ сæнтты сусæг денджыз нуаз!

Тæхæг бæлоны удау ратдзæн

Дæуæн сæрибар арвы цъæх

Йæхи хуызæн æрвхуыз æнкъарæн.

Лæджы фыццаг амонды карæн,

Лæджы фыццаг хъыджы æрфæн

Æнусон Уарзондзинад зардзæн

Дæ рох ингæны уæлхъус. Дардзæн

Дæ бæллиц йе 'рттывды Æрфæн.

— Цæуыл у, Романес, дæ катай,—

Фæрсы æнкъардæй Пэя. — Ау,

Фæсмон кæныс, мæнæн кæй радтай

Мæйрухс æхсæвы цин? Фæлтау

Дæу мемæ не 'рхуыдтаин абон...

Ды махмæ не ссардзынæ амонд,

Æндæр былгæронмæ кæсыс,

Æндæр фæндæгты цин мысыс,

Кæд асаст рагбæллицты базыр?

Цæмæй дын бамбарон дæ низ?

О, уыцы æхсæвы дзыназын,

Дымгæйы араугæ фæдис

Æдзухдæр азæлынц мæ хъусты,

Æрхаудтæ ды, æмæ кæрон

Æрцыд æппæтæн дæр. Дæ рустыл

Мæлæты хъизæмар уыдтон.

Фæлæ Хуыцау — табу йæхицæн —

Йæ сыгъзæрин фæдзæхстæй дард

Фæсырдта д 'адзалы. Фæхицæн

Ингæны уазалæй дæ цард.

Ныр рацыд мæй. Фæлæ æнкъардæй

Æдзух кæдæм кæсыс? Кæд дардæй

Кæйдæр кæлæнгæнæг хъæлæс.

Дæуæн æндæр царды фæрæз,

Æндæр фæнд амоны? Уæд атæх

Нæ мæгуыр цатыры бынæй.

Æрмæст фæллад бæлццæттæн ма зæгъ,

Ды нæм цы баййæфтай зынæй,

Уый сусæг судзаггаг æртæхтæй

Мæнæн мæ цæстытæй кæй уад...

Кæйдæр дыргъдонмæ ды æртахтæ,

Æрцыд мæ дидинджытыл уад...

Зæгъут-ма, о, хæрис бæлæстæ,

Кæй мысут уыцы ' хсæвы фæстæ,

Уæ ризгæ сыфтæрты æхсæн

Æнахъом сабийы хуызæн

Кæй зарæг бафынæй æнусмæ?

Ам Романес лæууыди уæд

Æмæ дзырдта: — Мæ дуне, хъус-ма,

Æнамонд фæндæгты цæуæт

Цæуынц сæфтмæ Хуыцауы барæй,

Æрбадти арвгæроны рыг.

Кæсы нæм фидæны бон тарæй

Æмæ нæ фæдыл уасы уыг.

Кæдæм цæуæм? Дзæгъæл дымгæты

Къуыззиттæй ахуыссы нæ арт.

Нæ дуне бацæуид лæгæты,

Гъе афтæ скъуындæг и нæ цард.

Цигайнаг ихсыд зонд нæ хаты,

Кæмдæр кæй баззади дзæгъæл.

Йæ уæлæ рагон пъæззы бады

Нæ ары сомбонмæ дæгъæл.

Æмæ æндæр адæмты астæу

Нæхи къæбæргурæй хæссæм,

Æнуд незаманы цъæхахстау

Нæ хъыг сæргуыбырæй хæссæм.

Нæй махæн ивгъуыд æмæ фидæн,

Нæй махæн дарддæр цæуæн, нæй!

Нæ мыггаг райгуырди, цæмæй

Æдзух уæззау хъалонау фидæм

Мæлын æмæ цæрыны хæс.

Фæлæ дзы фервæздзынæн æз.

Æппæт зæххон дæрддзæгтæй даргъдæр,

Æппæт зæххон бæллицтæй тагъддæр,

Рæсугъддæр фæндæгты фæндаг

Мæн диссаг дунемæ æрхондзæн,

Уым зæрдæ масты ад нæ зондзæн,

Уым зæрдæ аивдзæн йæ уаг.

Уым зонд уæлæрвтæм атахт сгарæг,

Уым фестынц аргъæуттæ æцæг.

Уым зары рухс бонтыл хъæсдарæг,

Фыссы сыгъзæрин кадæг лæг

Дзæбуг æмæ æхсырфæй цардæн.

Мæ дуне, цом! Мæ дуне, цом!

Фæлæ дæ курын: карздæр ардæн

Дæ чызгон 'фсæрм æмæ дæ ном

Ды ахсæв ратт, цæмæй дæ риуæй

Гуырысхо фесæфа бынтон.

Æмæ æбуалгъ тымыгъ куы ниуа,

Уæддæр дæ цæстыл уайдзæн бон,

Æрттивгæ бон, йæ дæрддзæф рухсæй

Дæу ногæй чи сыстын кæна!

О, Пэя, Пэя, ма лæуу хъусæй!

Фæлæ мын ды куы зæгъай «нæ»,

Гъе уæд иу зон: фæсмонæн ратдзæн

Мæ цард æлгъыст фæндæгты рыг.

Æмæ тæссаг æхсæвты уасдзæн

Дæумæ мæ рох ингæнæй уыг.

— О Романес! Мæ рæсугъд фын!

Фæндагсæрæн ды демæ ахæсс

Куырдуаты бадæг чызджы сагъæс,

Æнæдзуапп зæрдæйы тæлфын.

Мæнæн мæ уарзт дæ фæндæй ма бар,

Дæ фæдыл ацæуин, бæргæ,

Фæлæ куыд ныууадзон мæ табор,

Мæ фыды иунæгæй цæргæ?

Мæ лæгъстæтæ, мæ кæуын дардæй

Зæрондæн не 'рцахсдзæн йæ хъус,

Рæхджы йæ ингæны уæлхъус

Цигантæ зардзысты æнкъардæй.

Æмæ тæхгæ, сæрибар уари,

Ды уарзыс арв, ды уарзыс уад.

Мæнæн кæйдæр мысайнаг — дари

Мæ цардыл аууонау æрхауд,

Мæн хурх кæны, æргæвды, мары!

Романес:

Ныууадз æй ам æхсæвы тары,

Æмæ дæ зæрдæйы хъæдгом

Рæууддзæф байгас кæндзæн, цом!

Пэя:

Нæ сæфты хъæр нæ сæрмæ зилы,

Æнæрай аууонау æдзух!

Романес:

Æрттивгæ боныцъæх нæм тилы

Æнахуыр дунейæ йæ къух.

Табу йын уæд. Хуыцауы барæй

Мах лидзæм удхайраг фынтæй.

Нæ буары сау, нæ уды тарæй,

Æвзыд цигайнæгты уындæй

Дæ цоты фервæзын кæндзæни

Дæуæн дæ иунæг дзырд!

Пэя:

Æгъгъæд!

Мæ фæдыл мастисæг цæудзæни

Мæ мæгуыр дадайы æфхæрд...

Романес:

Мæ арвыл ахуыссыди стъалы,

Мæлы фæстаг зарæг кæмдæр.

Мæ бæллиц фестади æвзалы,

Хъæуы æрæнцайын мæн дæр...

Хæрзбон, мæ дуне! Искуы уайдзæн

Дæ цæстыл иунæджы мæлæт.

Æмæ дæ арвгæронмæ сайдзæн

Дæ фынты ацы 'хсæвы мæт.

Хæрзбон!

Пэя:

Фæлæуу!

Романес:

Цы у гуызавæ?

Хуыздæр тæрхон æмæ уынаффæ

Нæй арвы бын!

Пэя:

Цæттæ дæн æз!

Мæн уыцы дунемæ фæхæсс.

Дæ сæнтты рог базыртыл баппар

Мæн дæр тæссаг денджызы, цæй.

Дыккаг кæркуасæнты нæ табор

Куы кæна уддзæфмæ фынæй,

Уæд мæм æвзонг хæристы аууон

Æнхъæлмæ кæс. Хуыцау, ныббар!

Дæ къухæй аскъæфгон мæ бар,

Æмæ дæ масты хай куы бауон!

Зæгъы йæ фыдæн Тупорсан:

— Ис а зæххыл æнахуыр сæн,

Уый туг æмæ зæрдæйы хъары,

Уый диссаг арвы цъæхыл зары.

Æмæ, дам, мин азы дæргъæн

Зæххон фæндагыл ис тæхæн

Бæллиццаг дунемæ нæ цардæй

Дыккаг кæркуасæнты. Дæ кардæй

Нæ уыди акъуырын мæ бон

Сæ базыртæ æрыгон удтæн.

Æз сæм хъуыстон æмæ сыл худтæн,

Æзсæм хъуыстон æмæ куыдтон.

Мæн ницы хъæуы. Уадз, æндæрты

Рæвдауæд стъалыты тæмæн.

Мæ уалдзæг атахти мæ сæрты,

Кæйдæр уарзт нал бандавдзæн мæн.

Кæй хъæуы туг? Æлгъыст æндæргтæ

Æхсæвы сау фæлмы кæуынц.

Цыма зæххыл æппæт фæндæгтæ

Æрмæстдæр уæлмæрдтæм цæуынц...

— Æлгъыст тæппуд! Дæ фыды рихи

Ды ногæй сахуырстай цъыфæй!

Æмæ дæ зæрдæйы цы мигъ и,

Уым иунæг мур лæгдзинад нæй.

Фæхудтæ ды æхсæвы зæдыл,

У ныфс мæйдаримæ цæдис.

Æмæ куы рацæуа сæ фæдыл,

Дыккаг кæркуасæнты фæдис,

Гъе уæд ыскæ дæхи æн' азым!

Æндæр дæ цæссыгтæ цы сты?

Йæ бон кæмæн нæ вæййы уарзын,

Уый буц æнкъарæнты бæсты

Йæ риуы хъуамæ калмау дара

Æвидийгæ, æхсидгæ маст,

Цæмæй йæ развæд фæлмы ара,

Цæмæй уа цардыл фидар баст.

Æмæ тырысайау æмбæхстæй

Мах хъуамæ дунемæ хæссæм,

Тыхджындæр чи вæййы йæ дзæхстæй,

Циу карздæр дзыллæты æхсæн,—

Фæнды уый уæд хæрам хъуырдухæн,

Фæнды — рæстдзинады лæвар,

Уæлдай сæ нæй! Æрмæст нæ къухæн

Рæдау æфсинау раттæд бар

Фылдæр хай ратонынæн цардæй.

Цæмæй зæрдæты уадзæм тас

Нæ цыт, нæ ис æмæ нæ кардæй.

Табу йын уæд! Хуыцауы раз

Дæ намыс бахъахъхъæн æфхæрдæй,

Дæхи æнæазым ыскæ.

Æмæ фæндаггæрон лæзæрдæй,

Йæ сæфты дымгæйæ тæрсгæ,

Фыдгулæн баззайдзæн йæ цатыр.

Фæлæ нымад уыдзынæ ды.

Дæу адæм хондзысты хъæбатыр,

Цытимæ баддзынæ куывды.

Дæ рад æрцыди. Тугæй самæнт

Дæ буц мысайнаг. Æз цæуон,

Фыдхабар адæмæн зæгъон.

Æмæ хъахбай цотæн сæ амонд

Дыккаг кæркуасæнты фæдис

Æрцахсдзæн худинаг фæндагыл.

Мæ зæрдæ дардзынæн дæ уагыл,

У ныфс мæйдаримæ цæдис.

Ныр уарзтыл нал æууæндынц иутæ,

Парижаг мондæгты дæлбар

Лæппутæ саурæсугъдты риутæ,

Лæппутæ саурæсугъдты буар

Рæвдауынц армæй, фæлæ удæй

Вæййынц мæнг уæлахизау схъæл.

Сылтæн сæ рæдыдыл куы худай,

Куы уай дæ сусæг цуанæй хъал,

Уæд фесты зæрдæйы æртхутæг

Æцæг æнкъарæнты хъæлæс.

Æфсарм — рæсугъддзинадыл удæг,—

Æфсарм — сæуæхсиды æнгæс,

Уæздандæр фидыцы цæхæрæй

Кæны æвзонг уадултæ сырх.

Чызджытæ! Уадз æмæ йæ хъæрæй

Сæтта уæ мондæгтæн сæ тых.

Фæлæ цигайнаг чызджы уарзтау

Æнамонд макуы уæд уæ рад.

О! Суинаг хъизæмæртты уад

Æрфынæй донхæристы астæу.

Æхсæвы арвæн зары дон.

Кæм и мæлæт, кæм и кæрон?

Кæм и æнцойдзинад уæлæуыл?

Сæркъулæй Романес кæм лæууы,

Гъе уырдæм Бонвæрнон кæсы,

Æмбæхсы уазал хъыг йæ тарфы,

Æнæбын дунетæн сæ арфы

Зæххон егъау цыдæр мысы.

Æз та уынын: æнусты тары

Куыд зилы мах фыдæл зæххыл

Цигантау й 'аласа бæхыл,

Æрмæст къæбæргур нæ! Уый дары

Йæ къухы арт æмæ мæлæт.

Йæ сæрты маргъ тæхын нæ уæнды,

Хæссы кæдæмдæр арв йæ уæнтыл.

Æмæ сырхзынг цæфхæдты фæд

Йæ фæстæ судзгæ цырен уадзы,

Æгомыг быдырты нæ уадзы,

Цы басæтты, гъе уымæн цырт

Æмæ, цы фæуыдзæн йæ фырт,

Нæ тыхсы ууыл. Нæй рæстæг.

Уыны йæ удхæссæг хæдзарæй,

Кæд амонд разыны хæстæг,

Уæд ыл фæиуварс кæны барæй,

Цæмæй йын цин æмæ рæвдыд.

Уæнгмард æнцойдзинады зарæг

Къæсæрау ма фестой хъыгдарæг —

Мæ фыдæл арвгæронмæ цыд.

Фæлæ æрцæуинаг æнустæй

Уæззау уынæргъын хаста уад,

Уым туг йæ сау рæсугъдты рустæй,

Йæ сау лæппуты риутæй уад.

Хæстон зæрдæ æмбæрзт уыд уартæй

Æмæ нæ фехъуыста сæ хъæр.

Уый арæзта æрмæстдæр кардæй

Фыдыбæстæ æмæ къæсæр.

— Дæу амардзæн! — æвзиды фидæн —

Дæхи рæдыд.

Тыхагур балц сæтты мæ фыдæлæн йæ арц,

ÆмæМысыры пирамидæ

Лæууы йæ фæндагыл. Хæстон

Кæугæ ныддæлгоммæ йæ бæхыл:

Фыццаг хатт бамбæрста, нæ зæххыл

Æрмæстдæр аразæджы ном

Кæй у æнæмæлгæ, æнусон...

О, зонын, бавзæрстон æй æз,

Фæллад цæлхыты хъæр куы хъусон,

Уæд рагон зарджыты æнгæс

Æрхуымæй рисдзæни мæ зæрдæ...

Фæлæ æнцад! Уый Пэя нæу,

Кæйдæр æндæргтæ змæлынц уæртæ...

Æхсæв ныккæрзыдта: «Æрлæуу!

Дзæгъæлзад куыдз! Ды ахст дæ ныр.

Чызджыты нал сайдзæн дæ аргъау!»

Уыны Романес: зындоны цалхау

Æгуыппæг зылд кæны быдыр.

Адæм:

— Цæугæ! Дзæгъæл дымгæйау, ниугæ,

Æнæ уæзæг, æнæ мыггаг,

Æнæ æвзаг, æнæ фæндаг,

Бæстæтыл зил, æнамонд! Иугæр

Дæ мæгуыр адæмы уындæй,

Дæ мæгуыр адæмы зынтæй

Фæлыгътæ, уæд дæуæн фæндагсар

Уыдзæн дæ иунæг сæры азар,

Æмæ дæ фæдыл æфтыд фод!

Æлгъыст! Нæ чызг дæуæн куы раттæм,

Гъе уæд Хуыцау цигайнаг мадæн

Мыггагмæ мауал раттæд цот!

Пэя:

— Тæригъæд бакæнут, о адæм!

Æз ме сæфт амондыл кæуын...

Уæ зонд, уæ рад æмæ уæ кадæн

Сæ цуры зонгуытыл лæууын...

Йæ аххос циу, Дада? Зæрдæтæн

Фæндонæй баиу кæнæн нæй?

Биантæ:

— Мæ чызг, цы ма домыс мæнæй,

Фæллад дæн æз, мæ хур, æфхæрд дæн.

О, уыцы рухс бæстæ æз дæр

Уыдтон сæууон хурау мæ фыны.

Бæллыдтæн æз мæ цин, мæ зыны,

Цæмæй нæ хауæггаг къæсæр

Цъæх арвы бын æнцой ыссара...

Фæлæ, мæ чызг, дæ зæрдыл дар:

Лæг хъуамæ адæмы ном дара

Йæ зын, йæ амондæй уæлдæр.

Æмæ зæххыл æрмæст йæхицæн

Куырм зулкъау чи агуры цард,

Гъе уый кæдæмфæнды куыд лидза,—

Зæхх ын нæ райсдзæни йæ мард.

Хæрзбон, циганты табор! Д 'азар

Фæндæгтыл бафынæй и тарф,

Æмæ тæхгæ æнусы базыр —

Мæ рухс фыдыбæстæйы арв

Дæ сæрмæ айтынг и бæллицау.

Ныр нал у къамты дзырд дæ хицау,

Æбæрæг фæндæгты æргъом —

Æнусты уæз æмæ тæрхон

Дæ уæхскыл нал хæссыс гуыбырæй,

Куыд хаста хор кæддæр ирон

Йæ мæгуыр сабитæн быдырæй.

Хæрзбон! Цигайнаг дуг, хæрзбон,

Фæздæгдзыд бызгъуыртæ лæзæрынц,

Цæуы дæ саст цæлхыты хъæр.

Цæугæ ныр, аууæттæ кæм цæрынц,

Гъе уыцы дунемæ ды дæр,

Цæугæ, æнамонд дуг! Дæ зæдыл

Ныккалд дæ сæгæй конд мæсыг.

Æрмæст ма баззади дæ фæдыл

Æртæхау Пэяйы цæссыг,

Йæ фынты Романесмæ сиды

Æмæ кæцæйдæр дзуапп тæхы:

— О Пэя, д 'аууон мæм æвзиды,

О Пэя, д 'аууон мын зæгъы,

Цæмæй дзæгъæл дымгæйау ниугæ

Æнæ уæзæг, æнæ мыггаг,

Æнæ фæндаг, æнæ æвзаг

Бæстæтыл зилон æмæ иугай

Мæ сау бонтæ нымайон æз,

Фæлæ уæууæй! Фæуæн сын нал и!

Зæххыл мын нал баззади хæс.

Нæдæр зынг дæн, нæдæр æвзалы,

Нæдæр цæргæ, нæдæр мæлгæ,

Нæдæр кæугæ, нæдæр бæлгæ,

Нæдæр хъæлдзæг, нæдæр æрхæндæг

Мæхицæй лидзын æз мæхæдæг,

Фæлæ кæдæм, кæдæм, кæдæм?!

Мæгуыр мæ бон! Цы раны дæн.

О, ниугæ авддæлдзæх ныххауон,

Æз фестадтæн уæлæуыл аууон!

Æрцыд йæ карз æлгъыст æрдзæн,

Мæн ничи фервæзын кæндзæн,

Нæдæр æвзыгъд хæстоны уарт,

Нæдæр æндæр адæмы арт,

Нæдæр дæ уарзт, нæдæр дæ катай.

Дæуæн мæ ном фыдæх хæсдзæн.

Æмæ дзыназ! Мæ сусæг пъатæй

Дæ зæрдæ стæппæлттæ уыдзæн.

Дæуæн дæр ницыуал ис царды:

Мæ хъæстæ зæрдæтæй кæм ис,

Уый фесты сау æртхутæг арты,

Фæлæ нæ басудзы йæ рис.

Уæууæй, дзæгъæл дымгæйау, ниугæ,

Æнæ уæзæг, æнæ мыггаг

Æнæ æвзаг, æнæ фæндаг

Мæ сау бонтæ нымайын иугай.

Лыгътæн мæ адæмы уындæй,

Лыгътæн мæ адæмы зынтæй

Æмæ мæнæн æдзух фæндагсар

Уыдзæн мæ иунæг сæры азар.

', 'created' => object(DateTime), 'updated' => object(DateTime), 'metaTitle' => null, 'metaDescription' => null, 'metaKeywords' => null, 'id_poet' => '41'), array('fetchMode' => array('Site\MainBundle\Entity\Verse' => array('poet' => '2')))) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/orm/lib/Doctrine/ORM/Internal/Hydration/SimpleObjectHydrator.php line 132
7. at SimpleObjectHydrator->hydrateRowData(array('id1' => '1786', 'title2' => 'ПЭЯ ( Цигайнаг кадæг)', 'text3' => '
Æхсæвы тары арв ныннæры,<o:p></o:p>
Фæсобау донхæрис кæуы,<o:p></o:p>
Кæцæйдæр маргъы уаст цæуы,<o:p></o:p>
Æнæбон базырты пæр-пæры<o:p></o:p>
Нындзыг и уазал тас. Цæуыл,<o:p></o:p>
Цæуыл у, о дзиба, дæ азар?<o:p></o:p>
Нæ зæххыл сой-къæвда цæуы,<o:p></o:p>
Æмæ мын дард уалдзæгыл азар,<o:p></o:p>
Цæмæй дæ урс пакъуытау рог<o:p></o:p>
Мæ рох фын атæха мæ сæрты,<o:p></o:p>
Цæмæй æрыхъал уой мæ зæрды<o:p></o:p>
Æрттивгæ рагбæллицтæ ног.<o:p></o:p>
Уынæргъы саудалынг арв. Уары<o:p></o:p>
Æмæ æргъæвст бæлæттау тары<o:p></o:p>
Кæм ризынц урс цатыртæ, уым<o:p></o:p>
Фæндаггон агуры фысым:<o:p></o:p>
«Æфсымæртæ! Къæрныхы аууон,<o:p></o:p>
Йе зондцух ма фæхонут мæн.<o:p></o:p>
О ниугæ авддæлдзæх ныххауон,<o:p></o:p>
Кæд уазал стъалыты тæмæн,<o:p></o:p>
Цæлхыты рыг æмæ хъæсдарæг,<o:p></o:p>
Фæндæгты азæлгæ хъынцъым,<o:p></o:p>
Æлгъыст, æвзонг чызджыты зарæг,<o:p></o:p>
Æмæ уæгъдибар балцы зын<o:p></o:p>
Мæн рисгæ бафтыдтой уæ фæдыл,<o:p></o:p>
Хуыцау æмæ æхсæвы зæдыл<o:p></o:p>
Мæхи фæдзæхстон. Фæлæ нæй<o:p></o:p>
Цигантæн амонд зæххыл. Мæй<o:p></o:p>
Нымбæхсти тар æврæгъты астæу,<o:p></o:p>
Нынниудта сонт денджызы хъазтау,<o:p></o:p>
Нынниудта уад, æмæ уынут,<o:p></o:p>
Æрдуйыл нал хæцы мæ уд...»<o:p></o:p>
Кæсынц æм тарстхуызæй цигантæ,<o:p></o:p>
Сæ сæрмæ арвы къуырф хъæрзы.<o:p></o:p>
Æмæ тызмæг зæронд Биантæ<o:p></o:p>
Мæгуыр фæндаггоны фæрсы:<o:p></o:p>
— Зæгъ-ма, нæ хауæггаг уæзæгмæ,<o:p></o:p>
Зæгъ-ма, æнæ хæдзар фæздæгмæ<o:p></o:p>
Цы цин, цы маст æрхуыдта дæу?<o:p></o:p>
Кæуыс, лæппу? Фæлæуу, фæлæуу,<o:p></o:p>
Æз федтон туджы цад мæ фыны,<o:p></o:p>
Лæгмары кард... Æнахуыр цъиу...<o:p></o:p>
Хуыцау, о Стыр Хуыцау, дæ быны<o:p></o:p>
Мæгуыр циганты аххос циу?<o:p></o:p>
Кæцон дæ, о æхсæвдзу, чи дæ?<o:p></o:p>
— Æз дæн æнафоны цæссыг,<o:p></o:p>
Æз дæн æнæбындур мæсыг.<o:p></o:p>
Цæмæй уæззау тæригъæд фида<o:p></o:p>
Мæрдты зындоны арты мад,<o:p></o:p>
Гъе уымæн фырт ныййардта зæххыл...<o:p></o:p>
Куыд судзы хуры тын æртæхыл,<o:p></o:p>
Гъе афтæ сыгъд мæ уæнгты цард.<o:p></o:p>
Рæзыдтæн стонг æмæ бæгънæгæй,<o:p></o:p>
Фæлæ мын адæм радтой згъæр,<o:p></o:p>
Æмæ æндон куырды фæздæгæй<o:p></o:p>
Мæ фидæн арæзтон æз дæр.<o:p></o:p>
Мæ амонд дардтон æз мæ уырзты,<o:p></o:p>
Уыдис мын коммæгæс æфсæн.<o:p></o:p>
Æмæ цæхæркалгæ æрмгуысты<o:p></o:p>
Раст тохы зарæджы хуызæн<o:p></o:p>
Мæ бæллиц бахсыст... Фæлæ... оххай,<o:p></o:p>
Цæуыл дзырдтон? Цæмæн дæн ам?<o:p></o:p>
Лыгътæн æнафоны фыдæхæй,—<o:p></o:p>
Мæ табор уыд мæнмæ хæрам.<o:p></o:p>
Кæд хъоды бакодтон йæ зæдыл?<o:p></o:p>
Æви мын счындæуыди хин?<o:p></o:p>
Мæ ном дæр нал лæууы мæ зæрдыл,<o:p></o:p>
Мæхæдæг нал зонын мæхи.<o:p></o:p>
Кæд, чи зоны, мæ риуæй стонын<o:p></o:p>
Фæндыд мæ рухс бæллиц кæйдæр...<o:p></o:p>
Цæмæн?<o:p></o:p>
Нæ зонын æз, нæ зонын,<o:p></o:p>
Фæлæ цы баййæфта мæ сæр,<o:p></o:p>
Тæрсын æз ауындзæнау уымæй...<o:p></o:p>
Мæ цард ма циу, кæд хуры рухс<o:p></o:p>
Мæ зæрдæ судздзæни æрхуымæй?<o:p></o:p>
Мæ сафæг — ме 'фсымæры ус,—<o:p></o:p>
(Нæ тыхсин, азымджын куы уаин).<o:p></o:p>
Фæдзырдта таборæн мæнæй,<o:p></o:p>
Цыма йæ дард кæдæмдæр сайын<o:p></o:p>
Æз мемæ н 'адæмы уындæй...<o:p></o:p>
Ныссабыр иу æхсæв нæ табор,<o:p></o:p>
Æнусау мыл ныддаргъ рæстæг.<o:p></o:p>
Æмæ мæ цæстытæм мæнг хабар<o:p></o:p>
Хуыссæджы не 'руагъта хæстæг.<o:p></o:p>
Мæ хъустыл иу афон æрцыди<o:p></o:p>
Кæйдæр фæдис: «Фыдбылыз стахт<o:p></o:p>
Æмæ дæ къæсæрмæ æрцыди,<o:p></o:p>
Нæ табор сыстад! Лидзгæ тагъд!»<o:p></o:p>
Лыгътæн быдыртæ æмæ хъæдтыл,<o:p></o:p>
Кæйдæр фыд бафтыди мæ фæдыл...<o:p></o:p>
Мæнæн мæ уд куы фестид ныр<o:p></o:p>
Поэты сис, кæнæ фæндыр,<o:p></o:p>
Уæд ахсæв доны бæсты уарид<o:p></o:p>
Сыгъдæг цæссыг. Уæууæй, мæ мад<o:p></o:p>
Куыд уарзта мæн! Хуыдта мæ уари,<o:p></o:p>
Хæринаг ын нæ кодта ад<o:p></o:p>
Æнæ йæ кæстæр фырт. Фæндæгтыл<o:p></o:p>
Уый зарыд дард бонтыл мæнæн...<o:p></o:p>
Фæлæ йæ рыст зæрдæйы тæгтыл<o:p></o:p>
Æрвон æнкъарæнты тæмæн<o:p></o:p>
Æваст ыссыгъд хæрам цæхæры,<o:p></o:p>
Æлгъыста мæн æмæ куыдта,<o:p></o:p>
Зæххыл фыддæр-фыдæй цы цæры,<o:p></o:p>
Уый, ниугæ, дауджытæй куырдта,<o:p></o:p>
Цæмæй мæ уд зындоны судза;<o:p></o:p>
Æбуалгъ фæсмон мæ риу рæмудза,<o:p></o:p>
Фæдæн мæ таурæгъ конд... Ныббар,<o:p></o:p>
Æз дæн æнæбары лæгмар,<o:p></o:p>
Æз — Романес, кæуын мæхиуыл<o:p></o:p>
Æмæ мæ хъизæмæрттæ иууыл<o:p></o:p>
Мæ буарæй ласт нæмгуытау ныр<o:p></o:p>
Æркалдтон ам... Хатыр, хатыр...<o:p></o:p>
***<o:p></o:p>
Ахх, Пэя, Пэя! Æз кæддæр<o:p></o:p>
Дæу хуызæн чызг уыдтон мæ фынты<o:p></o:p>
Дæуау йæ конд æмæ йæ уынды,<o:p></o:p>
Нындзыг цъæх уалдзæджы уынæр,<o:p></o:p>
Нындзыг æппæт зарджыты азæлд,<o:p></o:p>
Æппæт сæуæхсиды тæмæн.<o:p></o:p>
Фæлæ мæ сонт зæрдæйыл разылд<o:p></o:p>
Хъысмæт, уæззау цалхау, мæнæн.<o:p></o:p>
Мæнæн ныр уыцы чызг нæ зары,<o:p></o:p>
Æнхъæлмæ нал кæсы мæнмæ,<o:p></o:p>
Мысы кæйдæр æнкъард хæдзары,<o:p></o:p>
Мысы йæ рагуалдзæг æмæ<o:p></o:p>
Æнæзагъд азымау мæ риуы<o:p></o:p>
Йæ цæссыг риссы. Уæ, бæргæ,<o:p></o:p>
Бæргæ ныххæцын æз мæхиуыл,<o:p></o:p>
Мæ сауцæст дондзаумæ бæлгæ,<o:p></o:p>
Фæлæ мæйрухс æхсæвты донмæ<o:p></o:p>
Хæрис æркъул кæны йæ сæр,<o:p></o:p>
Æмæ фæстаг балцы кæронмæ<o:p></o:p>
Куыд кæсы рагбонты къæсæр,<o:p></o:p>
Гъе афтæ аууонау уæлтигъæй<o:p></o:p>
Дзæнæтон изæрты тæмæн<o:p></o:p>
Кæсы мæ гом рудзынгæй джихæй,<o:p></o:p>
Æмæ æнцой нæ уадзы мæн...<o:p></o:p>
Ахх, Пэя! Кæд дæ сæнтты хъомыс<o:p></o:p>
Зæххон фæткæвæрдыл фæтых,<o:p></o:p>
Уæд цардæй ды æгæртæ домыс,<o:p></o:p>
Уæд сиу дæ уарзтимæ тымыгъ.<o:p></o:p>
Дæуæн хæрзиуæгау æрхæсдзæн<o:p></o:p>
Дæ сонты судзгæ стъалы уад.<o:p></o:p>
Зæхх дæм æгæр дæрзæг фæкæсдзæн,<o:p></o:p>
Дæ бæллицтæ куы 'рхауой, уæд.<o:p></o:p>
Уæууæй! Цæрыны хæсæн фидæн<o:p></o:p>
Нæй рог фынтæй. Фæлæ дæ фидæн<o:p></o:p>
Æмæ дæ ивгъуыды зынтæн<o:p></o:p>
Кæйдæр æрхуым зарæг мыздæн,<o:p></o:p>
Хъысмæты тавидзау, хæсдзынæ.<o:p></o:p>
Дæхицæн скъуыд къамтæй фæрсдзынæ,<o:p></o:p>
Уæларвон сусæг тыхы 'взаг,<o:p></o:p>
Æвзонг валет æмæ фæндаг.<o:p></o:p>
Дæу ногæй сайдзысты сæ фæдыл,<o:p></o:p>
Æмæ æууæнддзынæ дæ сæнттыл...<o:p></o:p>
Рæсугъд сæумæ. Ныссабыр уад,<o:p></o:p>
Æмæ рæууддзæфмæ æрхауд<o:p></o:p>
Æфсармдзаст дидинджыты хаутæй,<o:p></o:p>
Æхсæвы фын — сæууон æртах.<o:p></o:p>
Йæ чызджы цуры бады Биантæ:<o:p></o:p>
— Мæ буц хъæбул! Æрцыд бæллæх...<o:p></o:p>
Æрыхъал Пэя: — Кæд дæ зарæг,<o:p></o:p>
Æндон дзæбуг æмæ хъæсдарæг<o:p></o:p>
Фæсурынц райсомæй мæ фын:<o:p></o:p>
Фæлæдыл абон дис кæнын,<o:p></o:p>
Цы 'рцыди? Дард балцы нæ табор<o:p></o:p>
Кæд амонд агурæг цæуы?<o:p></o:p>
Æви уæззау фыдæхы хабар<o:p></o:p>
Нæ мæгуыр цатырыл кæуы?<o:p></o:p>
— Мæ чызг, мæ иунæг хъæбул, уастæн,<o:p></o:p>
Нæ быны аскъуыйа нæ зæхх...<o:p></o:p>
Дысон дыууæ фæндаджы астæу<o:p></o:p>
Ныццавта арв... Фæмард нæ бæх.<o:p></o:p>
Куыд цæрæм ам кæйдæр хъæугæрон?<o:p></o:p>
Нæ балц — уæззау, нæ фæндаг — даргъ.<o:p></o:p>
Æмæ куыд ласдзæни нæ уæрдон<o:p></o:p>
Мæлын æмæ цæрыны уаргъ?<o:p></o:p>
Зæронд дæн æз. Кæддæрау дардæй<o:p></o:p>
Æрвон зæл нал ахсы мæ хъус.<o:p></o:p>
Рæхджы мæ ингæны уæлхъус<o:p></o:p>
Цигантæ зардзысты æнкъардæй...<o:p></o:p>
Фæлæ кæйдæр сыджыты, зон,<o:p></o:p>
Æнцой нæ зондзынæн, мæ фæстæ<o:p></o:p>
Дæуæн, мæ хур, уæлæуыл бæстæ<o:p></o:p>
Куы феста иунæгæй зындон.<o:p></o:p>
Нæй амондмæ фæндонæй сидæн,—<o:p></o:p>
Æри дæ царды рох мæнмæ,<o:p></o:p>
Цæмæй дын рагацау дæ фидæн<o:p></o:p>
Æвзисты рог æрттывд æмæ<o:p></o:p>
Уæздан хъæдабæйы фæлысты<o:p></o:p>
Мæхæдæг фенон. Нæй гæнæн,<o:p></o:p>
Куы уаид иу мисхал лæгæн,<o:p></o:p>
Бæргæ, ныр исты ныфс йæ тыхсты,<o:p></o:p>
Гъе уæд æнæмыггаг зæронд,<o:p></o:p>
Фæстаг цин цард-тохæй æмбулгæ,<o:p></o:p>
Ныууадзид а дунейыл мулкæн<o:p></o:p>
Дæуæн дæхи ныфс æмæ зонд.<o:p></o:p>
Цы чындæуа? Дæ хал æппæрст у,<o:p></o:p>
Æндæр хос нæй — æрцыди рад,<o:p></o:p>
Æмæ дæ амондыл фæхæст у,<o:p></o:p>
Зæрдæйы дзуапп зæрдæйæн ратт.<o:p></o:p>
Фыды уæзæгыл нæй фæцæрæн...<o:p></o:p>
Æрвиты Тупорсан, мæ хур,<o:p></o:p>
Мысайнаг — иумæйаг къæсæрæн<o:p></o:p>
Йæ фыццаг хуын, йæ фыццаг дур.<o:p></o:p>
Куыд домы дард фæндæгты азым<o:p></o:p>
Рæстæг тæрхоны фæтк мæнæй<o:p></o:p>
Æрдæгсаст донхæрисау тасын<o:p></o:p>
Æгъатыр дымгæты хъæрæй.<o:p></o:p>
Мæ бæллиц амарди хæтæнты,<o:p></o:p>
Цæуæнты басыгъди мæ цард.<o:p></o:p>
Фæлæ дæуæн цы ис дæ сæнтты,<o:p></o:p>
Мæ чызг, æууæнкагæй уый ратт<o:p></o:p>
Дæ фыды зондæн æмæ сиу уа<o:p></o:p>
Ныййарæджы æнæфыст хæс<o:p></o:p>
Дæ фынты хъармимæ мæ риуы,<o:p></o:p>
Цæмæй дын рухс царды фæрæз<o:p></o:p>
Цигайнаг цатыры бын ссарон,<o:p></o:p>
Цæмæй дæ азымы нæ дарон.<o:p></o:p>
Мæ дзæбæх чызг, дæ фæндон зæгъ?<o:p></o:p>
Фæлæ уый циу? Сæууон æртæх<o:p></o:p>
Æрхауд дæ цæстыхаутæй... Курын,<o:p></o:p>
Дæ катай ма бамбæхс мæнæй,<o:p></o:p>
Ныббар, æгæр æргом кæй дзурын,<o:p></o:p>
Фæлæ хуыздæр уынаффæ нæй...<o:p></o:p>
Пэя:<o:p></o:p>
— Мысы мæ сонты бонты авдæн<o:p></o:p>
Кæмдæр æнкъард быдыры мæн.<o:p></o:p>
Йæ сæрмæ ме 'взонг азты арвæн<o:p></o:p>
Йæ рæсугъд стъалыты тæмæн<o:p></o:p>
Бынтон нæма 'рмынæг, мæ рустыл<o:p></o:p>
Ныр дæр кæйдæр рæвдыд тæлфы.<o:p></o:p>
Æруайы ризгæ зæл мæ хъустыл,<o:p></o:p>
Цыма æрвон залмæн йæ сыф<o:p></o:p>
Фынæй чызджы риумæ æрхауы...<o:p></o:p>
Кæд зæрдæ мады уарзт мысы?<o:p></o:p>
Æви цы нæй æрдзы æгъдауы,<o:p></o:p>
Мæнмæ уый цардæгас кæсы?<o:p></o:p>
Ау, зæххыл амонд нæй? Ау, зарæг<o:p></o:p>
Æрмæст гъе уый тыххæй фæзынд,<o:p></o:p>
Цæмæй æрхуым зæрдæйы зын<o:p></o:p>
Йæ азæлды æмбæхстæй дара?<o:p></o:p>
Æз разы дæн — цы уа, уый уæд.<o:p></o:p>
Тæрхон дæ сонт хъæбулæн рахæсс...<o:p></o:p>
Æз зонын, циу мæгуыры сагъæс<o:p></o:p>
Æмæ фæндаггоны мæлæт.<o:p></o:p>

Ызнæт, æнæхуыссæг æхсæвтæ!
Мæ бæсты адæмæн зæгъут:

Мæ бæхæн баихсыд йæ сæфтæг,

Æрттивгæ басыгъди мæ уд.

Уæууæй, лæгъзгонд фæндæгтыл чи цыд!..

Кæйдæр егъау хъысмæты раз

Мæ цардæй чи скæндзæн тæраз,

Мæ цытæй чи бардзæн йæхи цыт?

Зæгъдзæн мæ тызмæг критик: «Гъей,

Кæй хъæуынц ямб æмæ хорей,

Кæйдæр æртхутæгау, байтаман,

Дæуæн уæгъдибар стихы заман.

Æгъуыстаг атомы æнус

Дæ зарæг рох дунейæн ратдзæн».

Мæ хæлар, багъæц! Багъæц цъус,

Хъысмæт мын фидæн бон цы ратдзæн

Æмæ цы баййафдзæн мæ сæр,

Цы ис мæ фæндагыл хæрамæй,

Уыдæттыл базаргæрон къамæй

Мæгуыр циганты чызг кæддæр

Мæнæн кæлæнгæнæгау фарста:

— Æри дæ армытъæпæн, кæс:

Æллæх! Дæ уæнгтæ дын куы сбаста

Фæлывд дæлимонты хъæлæс

Æмæ æвирхъау хины азым.

Къарол... æргом фыдвæнд... кæрон...

О, ма зæгъ сау рæсугъды ном

Дæ сайд æмбалæн, — де знаг разынд.

Ам дæу дæ ныфс æмæ æхсар

Фыдæхæй фервæзын кæндзысты.

Фæндæгтæ алырдæм цæудзысты,

Сæ иу дæ къазнайы хæдзар

Æмæ фæстаг фембæлдмæ хоны...

Æз хъуыстон Пэямæ æнцад,

Уыдтон, йæ сау цæстытæй тоны

Æддæмæ сусæг хъыджы цад.

Æнкъардæй дард табормæ араст.

Цæуыл тыхсы, цы у йæ мæт?

Хъысмæты чингуыты цы бакаст,—

Æнамонд цард æви мæлæт?

Фæлæ кæцæй цæуы хъæрзын?

— О, Романес, æрхастон мæнæ

Æвзист æхца æмæ кæрдзын.

Нæ уыныс мæн? Фæсмон фæкæна,

Кæй æлгъыст рахаста тымыгъ

Дæ фæдыл сау æхсæв йæ тæртты.

Цъæх пиллон фестади дæ ных,

Зæххыл дæу цардимæ цы бæтты,

Гъе уый мын карз фæдзæхстау зæгъ,

Æмæ дзæм-дзæмы доны ' ртæх

Бæстыл дæ мæгуыр фысым ссара.

Æрдз мын мæ царды аргъ куы бара

Дæ низы иу хосæй, уæддæр

Чызгай нæ бамбæхсдзæн йæ сæр.

О, уыцы дидинæг кæм рæзы,

Мæ боны бонвæрнонау фæзы,

Йæ сæууон узæлдæй фæстæмæ

Дæ буары чи бауадзид цард.

Мæ рагон стъалыты бæстæмæ

Гъе уæд мæ рох бæллицты арт,

Пæрпæргæнгæ, æртæхид ногæй,

Æрхауид дард фæндæгтыл мæй...

Фæлæ чызгай кæй сиса рогæй,

Нæ зæххыл ахæм хæзна нæй.

Уый донгæрон нæ зары Фея,

Нæ ахсы дард азæлд йæ хъус,—

Къæвдаджын боныцъæхау Пэя

Æркъул и рынчыны уæлхъус.

Уый Романес хъæрзы: «Æппарынц

Цъæх арты ме знæгтæ мæн дæр!»

— О, нæ! Фæллад дымгæтæ зарынц,—

Хъæсдарæг азæлы кæмдæр.

«Уæд уый та циу? Мæлæты азар!..

Æрхаста туджы къæвда уад!»

— О, нæ! Дæ цæсгомыл уый а 'зæр

Кæйдæр чызджы цæссыг æрхауд.

Æмæ Романес уыны: йæ хъæрмæ

Æрыгон Пэя фестад саг.

Æмæ ныссабыр. Зылд йæ сæрмæ

Сыгъзæрин уддзæфау хуыссæг.

Æнахуыр хабæрттæ цыдысты

Цигайнаг адæмы æхсæн:

«Мæй æмæ стъалыты хуызæн

Уæлæрвты, рухсгæнгæ, зылдысты

Æфсæн æмæ дымгæйæ конд.

Хъуыдыйы тагъдыл арæзт наутæ.

Æмæ; дам, дун-дунейæн зонд

Цæттæ кæны æвирхъау цаутæ.

Кæмдæр æнæзонгæ бæлццон

Æрвыста фидæнмæ йæ ныстуан,

Æрвыста тугæйдзаг æнгуырстуан,

Фæлæ дыууæ бæхæн сæ бон

Нæ уыди раласын уæрдон...»

— Хъаймæт æрцыд,— зæгъынц зæрæдтæ,

Бæстæтыл рацæудзæни хæст.

Лæгæн æрцæудзысты йæ фæдтæ

Фæстаг æртхутæгæй æмбæрзт.

Циганты амондæй цы фæци?

Сæ зонд — къуымых æмæ къуырма.

Нæ уарзынц паддзæхтæ кæрæдзи,

Цы сын нæ фаг кæны цымæ?

Æрдз æмæ арв кæсынц сæ коммæ,

Æмæ сын марадз исты скæ!

Дзыллæты иу фæндæй сæтгæ,

Æппæт зæххыл кæрæй-кæронмæ

Цы арæн айтынг уыдзæн тагъд,

Гъе ууыл тары систой загъд

Æгъатыр ивгъуыд æмæ фидæн.

Фæлæ Хуыцауы бын цы фидæм,

Цы хæс и сау цигантыл уæд,

Кæдæм хæссы мах йе 'ккой атом?

Гъе афтæ амондагур адæм,

Уæгъдибар фæндæгты цæуæт

Мæйрухс æхсæв тæрхæттæ хастой.

Фæлæ фæсабыр и æмбырд:

Кæцæйдæр ризгæ зæлтæ хастой

Æртæхдзаст дидинджыты дзырд

Æмæ æхсæвы сусæг зарын,

Цыма кæйдæр уд фестад арв,

Цæмæй сыгъдæг сыгъзæрин уарын

Æрцæуа зæххыл æмæ арф

Нымбæхса й 'азæлгæ уынæры

Фæллад фæндаггæтты хъынцъым.

Цæмæй сæуæхсиды цæхæры

Æбæрæг фидæн боны зын

Æндæргау макуы феной къамтæ.

— Кæцæй уа уыцы зæл? — цигантæ

Кæрæдзи дисгæнгæ фæрсынц.

Æмæ уæлвæндагмæ кæсынц.—

Кæд уæртæ, донхæрис кæм асаст,

Уым цадмæ доны чызг кæсы?

Кæд уæртæ арвгæроны асæст

Мæйы тигъ суадоны æхсы

Æмæ йын боныцъæхыл зары?

Цыма цы уыдзæн уый уæддæр?

Йæ зæрдыл ахæм таурæгъ дары

Нæ табор: рагзаман, кæддæр,

Йæ хъыджы саурæсугъд цигайнаг,

Хъæддаг маргъ фестади, мæгуыр,

Фæлæ ма баззади мысайнаг

Йæ цардæй а зæххыл — фæндыр.

Кæд уый цæгъды æхсæвы тарæй?

Йæ удæн — цард, йæ номæн — кад!

Æппæт фæлтæрты æмсæр — карæй,

Цæудзæн фыдæй-фыртмæ йæ рад...

Уæдмæ фæзынд циганты цуры

Бæгъæввад Азæ æмæ дзуры:

— Æз федтон сау хохы рæбын,

Æз федтон ахæм диссаг фын,

Æдзух мысынæн лæг кæй дара:

Уым арвæй цадмæ 'рхауди мæй,

Уым — Романес цæгъды гитарæ:

Уым Пэя зары, æмæ нæй

Сæ цуры цъиуызмæлæг. Уддзæф

Ныссабыр хъамылты æхсæн.

Æхсæвы дидинджыты уддзæф

Æвзонг зæрдæтæн фестад сæн,

Сæ риуы рагбæллиц æмбæхсгæ,

Мæйрухсы сусæг фæлм тæлфы,

Сæнтты æвзист къæвда сæлфы

Циганты таборыл. О, лæгтæ!

Сымах — æмыр æмæ къуырма,

Сымах нæ фехъуыстат нырма,

Куыд зарынц. сонт зæрдæйы тæгтæ,

Куыд зарынц дон æмæ быдыр,

Чызджы уарзт а дуне куы сгары!..

Бæргæ мæнæн дæр уыд сæ кары

Фæрдгуыты хал æмæ фæндыр...

Уæууæй! Цы ныфсæй ма фæразон

Цæрын сымах æхсæн уæддæр?

Хуыссы кæйдæр зæххы мæ уарзон,

Мæ зарæг бамынæг кæмдæр.

Тæссаг стут сау боны нысæнттау,

Æгъатыр аууæттау — æнуд.

Сымах мын амардтат мæ сæнттæ,

Сымах мын басыгътат мæ уд.

Дыууæ зæрдæйы æхсæн хъама.

Ныссагътат усгуры цыртæн.

Лæджы сæрибар сæттын хъуамæ

Сымахæн бабæзза цытæн,

Кæд скодта адæймаг йæ бартæй

Бындур хæрам æмæ фыдæн.

Уæууæй, мæхиуыл нæу мæ катай,

Уæууæй, цы фæдæн, уый фæдæн.

Фæлæ æнæзонгæ фæндæгтæ

Кæй сайынц арвгæрæттæм дард,—

Тæригъæд бакæнут, о лæгтæ,

Зындон сын ма скæнут сæ цард.

Уадз, уарзæттæн цæгъда гитарæ,

Уадз, Пэя рухс уалдзæгыл зара,

Сæ боны Бонвæрон ыскаст,

Дзæгæрæг рафтыдта сæ уарзт... «

Ныссабыр Азæ. Æмæ лæгтæ

Сæ сæртæ 'ркъул кодтой бынмæ,

Сæ цæстыл ауайы: фæндæгтæ

Сæттынц кæйдæр цалхы дæндæгтæ.

Æмæ кæйдæр æрвон фынмæ

Кæсынц æнæууæнкæй зæрæдтæ,

Сæ фæллад зонды райгуырд мæт.

— Табу бæрзондыл бадæг зæдтæн,

Кæй бон у раивын сæ фæнд?

Цымæ æхсæвы тары зарæг

Кæй сайы цады былмæ, кæй?

Мæ сæнтты байвæд дуне сгарæг,

Мæ хæлар, дард фæндæгтыл нæй

Фæстæмæ ракæсынæн амонд,

Ысуинаг бонты фендæн фæтк.

Ам нæй поэт æмæ фæтæг,

Фæллад цæлхыты рыг — сæ абон,

Сæ райсом — дард хæтæнты мæт.

Фæлæ æрдзы бæгънæг цæуæт

Сæ балц нæ рахуыдтой æнæрай,

Æрттивгæ горæтты уынæрæй

Кæнынц къуырма æмæ фæсус,

Æнгом æхгæд рудзгуыты рухс

Сæ риуы катай кæнын сисы,

Мæлæг сæрибары фæдисау.

Кæй хъæуынц галуантæ? Цæмæн?

Кæй хъæуынц гимн æмæ тырыса?

Рæстæг йæхи уагæй цы фысса,

Уый зæххыл калдзæни тæмæн.

Æмæ лæджы фылдæр нæ хъæуы.

О Романес! Дæ рад у ныр.

Фæстаг рухс ахуыссыд мæ хъæуы,

Дæ цагъдмæ бафынæй быдыр:

«Хæрзбон у, мæ табор,

Мæ бæллиц, мæ зын.

Дæ цатыртæм ахсæв

Фæстаг хатт кæсын.

Кæдæмдæр мæ сайдта

Мæ хъарм фынты ад.

Цъæх арвы кæрæтты

Æнахуыр фæлм бадт.

Æз амонд æнхъæлцау

Гъе уырдæм цыдтæн,

Бæгънæг æмæ стонгæй

Кæмыты зылдтæн!

Фæндæгтыл ныккалди

Мæ сæнтты мæсыг.

Мæ зæрдæйы баззад

Кæйдæр цæстысыг.

Æз лидзын хъысмæтæй,

«Фæндараст» мын зæгъ!

Æнкъардæй мæ фæдыл

Ныууасдзæн мæ бæх.

Кæд искуы фæсурид

Мæ уды фæллад

Æндæр царды амонд

Æндæр фынты ад.

Хæрзбон у, мæ табор,

Мæ бæллиц, мæ зын,

Дæ цатыртæм ахсæв

Фæстаг хатт кæсын!..»

Хуыссы бæхдавæг Тупорсан,

Уыны дыууæ фурды йæ фыны:

Сæ астæу арæнау фæзыны

Хæстæг фыдбылызы нысан —

Æнахуыр сау фæздæг. Æваст

Кæцæйдæр райхъуысти цъæхахст:

— Хъаймæт æрцыд, мæлæт фæцæуы,

Кæрон ын нæй, æмæ нæ цæуы

Йæ фыдæх зæхх æмæ уæлæрвты!

Гъей, хъусут дзыллæтæ! Уæ сæфты

Цæры æппæт амæндты сæр —

Дзæнæты удæнцой къæсæр!..

Æмæ дыууæ фурды — о диссаг —

Æмбухгæ фестадысты уæд

Дыууæ бæхрæгъауы. Куыд риссаг,

Куыд карз ысвæййы уæдæ мæт.

Æхсæв фæллад уды фæстаг рухс

Куы стæхы, ахст маргъау, зынæй

Æмбæхст хæрам фæндты бынæй.

Фæлæ уый циу? Тæхы æрра Уырс

Йæ цæфхад — зынг, йæ барц — æфсæн,

Йæ фæдыл сæнкъуысынц рæгъæуттæ.

Нындзыг йæ тасы Тупорсан.

Фæлæ фынты бæстæйы 'гъдæуттæ,

Фæлæ мæнг аууæтты экран

Æвирхъау донивылды ран

Бæхы хуыррытт, æнтъыснæг азар

Дæлдзæх фæкодтой. Мæнæ базар,

Æвзонг чызджытæ нуазынц сæн.

Фæрсы кæмæндæр Пэя къамæй:

— Дæ сæнтты митын мæсыг амай,

Æмæ куы 'рцæуа Тупорсан,

Уæд æй æрхуым зарæгæй амар!

Кæндзæн æй ауындзæнау хурх

Æвзисты сайд тæмæн æдзух,

Йæ мард ын н 'айсдзæни, нæ, саумæр.

— Æлгъыст дæлимоны бындар!

Дæ туг дын,— Тупорсан дзыназы,—

Дæ былтæй а лæппу куыд нуазы,

Уый фендзæн саударæг мæйдар!

Æз зонын, чызджытæ цы уарзынц,

Фæласдзæн уый æхцайы зæй.

Æз зонын, чызджытæ куыд тасынц

Бынмæ мæ фæрдгуыты уæзæй!

Гъей, адæм, хъусут: æз — бæхдавæг,

Сæттын сылыстæгæн йæ монц,

Зæрдæты сусæг тæмæн сафæг —

Мæ мулкæй скæндзынæн æфсондз

Дæуæн, гуырвидауц Пэя! Багъæц,

Хæзнаты бамбæхсдзынæн æз

Фыдæх æмæ цагъары хæс.

Æмæ-иу уæд хъæбысæй ахæц

Æбæрæг фæндæгты тæрхон,

Хъысмæты арвимæ, зæххон!

Уый циу, кæйдæр къухтæ лæбурынц,

Кæйдæр сæры къуыдыртæ дзурынц:

«Кæрон бæхдавæгæн, кæрон!»

Нæ уд куы фервæзы фыдфынтæй,

Уæддæр ма баззайы йæ зынтæй

Тæккæ тæссагдæр зын — фæсмон,

Хæстæг фыдбылызы цъæхахстау

Ныккæрзы риуы. Тупорсан

Хæрдмæ фæхауд. Фæндыры састау

Фæстаг хатт аууæтты æхсæн

Цыдæр ныййазæлыд: «Лæгмарæг!»

Æмæ куы стахт уæззау хуыссæг —

Фæллад цæсты тъыфылты зарæг,

Уæд федта удаист хуыснæг:

Лæууы йæ зæронд фыд йæ цуры.

Æмæ, йæ зачъе даугæ, дзуры:

— Дæ дыргъдонæй фæтахти маргъ,

Æрхауд дæ саулохаджы саргъ.

Лæгæй куы нæ тæрсой нæ сылтæ,

Уæд нал вæййы сыгъдæг сæ уарзт,

Æмæ сæ буар æмæ сæ былтæ

Кæнынц фыдбылызы цъæхахст

Æлгъыст хæйрæджыты æвзагæй!

Дæ намыс дын тæрхон кæнæд,

Кæйдæр уырс сыскъуыдта дæндагæй

Дæ фыццаг дидинæджы ад.

О худинаг! Кæйдæр рæвдауы

Дæ усаг донгæрон. Нæ цыт

Цигантæн развæлгъау кæм цыд,

Уым абон сау дзæгæрæг 'фтауы

Нæ худинаг, нæ сæфтыхъæр!

Æруагъта Тупорсан йæ сæр,

Цыма йæхи ингæнмæ касти,

Цыма йæ зæрдæйы цы масти и,

Уый фестади зæххы æмуæз

Æмæ æнæбын коммæ ласы,

Цæмæ бæллы æмæ цы уарзы,

Йæхи цæмæй фæхоны «Æз»,

Цы уыди знон, цы уыдзæн райсом.

— Дада! Дзæгъæл кæны мæ зонд,

Мæ маст мæ туджджынæй куыд райсон?

Нæдæр ныллæг, нæдæр бæрзонд

Дзæгъæл цырт баззайдзæн фæндагыл,

Кæй фæнды уæд... Фæлæуу, фæлæуу...

Уæдæ бæлон кæйдæр уæрагыл

Æрбадт æмæ хъыгдары дæу?

— Лæппу! Æрыхъал у! Дæ удыл

Дæ фынты хъарм рæвдыд ныттыхст,

Æмæ æцæг царды æлгъыст

Нæ хатыс ды! Дæлимон худы,

О сар дæ сæр! Бæллæх æрцыд,

Ныххауд цъымарайы дæ цыт,

Фæлæ йæ сис лæгау фæстæмæ!

— Дада, йæ бафхæрды фæстæ ма

Кæй хъæуы уый?

— Мæ карды ком

Мæ фыртæн ногæй скæндзæн ном.

Кæддæр мæ маст æз тугæй систон,

Æмæ уæдæй нырмæ йæ фистон

Нæ зоны 'лхъывд æнгуылдзты ард.

Ныр ын æмбæхстæй нал и дарæн,

Фæстаг кæнæ фыццаг лæварæн

Дæуæн дæттын мæ фæринк кард.

Цæугæ!

— Кæдæм?

— Сæ фыццаг ауæдз

У цардæй с'адзалыл æфтыд,

Æмæ йыл давд уæрыккау ауадз

Хъахбай сылгоймаджы рæвдыд

Æмæ æвзонг хæзгулы зарæг,

Цæмæй сæ сæнттæ фестой рыг,

— Дада, кæй зæрдæ зæгъы хъарæг?

Кæй хъæуы судзаггаг цæссыг?

Дæ ехсы къæрцц мæ хъустыл уайы,

Цыдæр мысын, бæлвырд цыдæр...—

Мæн, чи зоны, мæ хъуыды сайы...

Ды уыдтæ уый æви æндæр?

Ды уыдтæ ау? Мæ рæсугъд райсом

Дæ къухы саудзæфтæй хъæрзыд.

Мæ бон цы уыди цардæй райсын?

Кæм хъуыд æгъатыр уæвын, зыд,

Æрмæстдæр ахæм хъуыддаг. Зонын,—

Дæ ахуыр бабæззыд мæнæн,—

Æз давын, марын æмæ тонын.

Æрра хъуырдухæн æмæ сæн

Дзыназынц, араугæ, мæ риуы.

Нæй фервæзæн, мæ хал — æппæрст.

Йæхæдæг чи кæуы йæхиуыл,

Уый ссардзæн удæнцой æрмæст

Йæ ингæны. Цы кæнын уарзтæй?

Цæмæн хъæуы мæн намыс, ном?

Кæйдæр æлгъыст æмæ цæхахстæй

Куы нал у фервæзын мæ бон.

Мæ бæллиц аскъуыдтай мæ гуырдзæй,

Дæ мулк мын басыгъта мæ уд.

Рæйын æмæ хæцын кæм хъуыд,

Гъе уым дæ фырт æмæ дæ куыдзæй

Нæ уыди хъауджыдæр дæуæн,

Куы ардаугæ, куы бастæй даргæ,

Мæ аргъ мын мулчы уæзæй баргæ,

Ды аууон фестын кодтай мæн!

Æгъгъæд, æлгъыст зæронд! Дæ кардæй

Гъа мæнæ ацы зæрдæ скъах!

О, зарынц сау æндæргтæ дардæй...

Бæхы хуыррытт. Уым туджы 'ртах

Æрттивдзæн дидинджыты хаутæй.

Ау, Пэя амæлдзæн? Цæмæн?

Мæрдтæм дæр фаутæ æмæ даутæй

Нæй фервæзæн! Æрвон тæмæн

Кæм калы уарзондзинад ахсæв,

Уым зилгæ ниудзæни фыдох.

Фæлæ цæуыл уыдзæни тох?

Нæй уды сусæг сæнттæн ахсæн!

— Лæппу, уæдæ дæ зæрдыл дар

Мыггаджы фæтк, фыдæлты номы

Цы фарн ис, уый сæттын нæ комы

Нæдæр цæстысыгæй, нæдæр

Фæлывд сылыстæджы рæвдыдæй,

Нæдæр æвзонг уды фынтæй,

Нæдæр сыгъзæрины æрттывдæй,

Нæдæр æууæнк, нæдæр зынтæй.

Йæ ныхмæ чи сыста, уый ниугæ

Йæхи хæрдзæн, мæгуыр йæ бон!

Æмæ йæ царды бонтæ иугай

Æнамонд ингæны кæрон

Æгадæй бастъæлдзысты тары.

Нæ худинаг, нæ сæфты хъæр

Æрлæууын кодтой ныр дæу дæр,

Йæ кадджын номæй лæг кæй дары,

Гъе уыцы карздæр хæсы цур.

Цы хъæуы дæу? Æгъатыр фидис,

Æви лæгау цæрыны мидис?

Цы хъæуы дæу? Мæ хъæбул, дзур!

Ныссабыр Тупорсан. Куыд дуды

Æгомыг рисæй зæрдæ, куыд!

Æрхауд йæ фыды фарст йæ удыл

Æлгъыст тæрхонау æмæ скъуыд

Цыдæр йæ риуы. Фæлæ дауы

Йæ фæринк кард йæ армыл фыд.

Цыма гуыргуыргæнгæ æрхауы

Æнæхъæн арвы къуырф æд фыд,

Гъе уыйау фестъæлфыд бæхдавæг:

Мæлæт! Зæронд лæг худт хъæрæй.

Зæрдæты сусæг тæмæн сафæг

Фæцæуы мастисæг, уæууæй!

Нæры йæ къæхты уынæр хъусты,

Фæцæуы марæг æмæ ныр

Нæ уыдзæн иуæн дæр хатыр!

Æрцæудзæн ахæм цау, æнусты

Кæй хæссой дисæн. Тупорсан

Йæ фæдыл згъоры... Мæй æнкъардæй

Кæсы зæххон хъуыддæгтæм дардæй,

Æнæ бæллиц, æнæ нысан

Æнусты уазал æрхуым бады

Йæ алыварс тæнæг фæлмæй.

Ыстæхдзæн адæймаг йæ рады

Дæумæ, поэты бæллиц — Мæй,

Æмæ — зæххон хъыгтæй æнæ хай,—

Æу.уæнк рынчын зæрдæты тау!

Ды райс фыццаг царды тæф махæй:

Хъуыдыйы егъаудæр гæнахæй

Дæумæ тæхдзæн æрттивгæ нау,

Цæмæй сæрибарæй дæ быны

Цæра æвзонг зæрдæты уарзт,

Цæмæй æнамонд лæг йæ фыны

Мæнг тасæй ма кæна цъæхахст...

Бæргæ! Кæмдæр тæссаг æндæргтæ

Фыдвæнд куы нæ кæниккой, куы!

Тæрсынц æбуалгъ фæдтæй фæндæгтæ.

Ныр Тупорсаны хъæр цæуы:

— Мæ фыд, ды раст дæ, раст. Мæ риуы

Мæ бафхæрд уарзондзинад ниуы.

Цæттæ дæн æз, æри дæ кард,

Æмæ сын аскъуынон сæ зард.

Гитарæ банцади. Йæ тæнты

Æнæбын рис æмæ хъынцым

Æнæдзуапп азæлдау зæрдæты

Сæхицæн агуырдтой фысым.

Ау, зæххыл нæй æппæт лæппуты,

Æппæт чызджыты фаг рæвдыд?

Æви Хуыцауы бон нæ уыд

Æнæ фыдæхæй раттын уды?

Кæй бон у ахæм фарст хæссын

Уæззау æмæ æнтъыснæг уаргъау?

Æнæфæугæ фæндаджы даргъау

Кæны кæуын, кæны тыхсын,

Кæны фæллайын сонт зæрдæты,

Йæ сæнттыл нал феууæнды зонд,

Бынмæ æркъул кæны зæрæдты,

Кæны æрыгæтты зæронд.

Ау, зæххыл амонд нæй? Ау, зарæг

Æрмæст гъе уый тыххæй фæзынд,

Цæмæй æрхуым зæрдæйы зын

Йæ азæлды æмбæхстæй дара?

Кæуы кæйдæр ингæныл уыг,

Кæцæйдæр доны уынæр хъуысы,

Бæрз бæлас уддзæфмæ æнкъуысы.

Уæйгуыты аууæттау уырдыг

Лæууынц мæ Иры хæхтæ тары,

Æмæ сын дымгæ сабыр зары,

Кæй нæй зæххон цардæн кæрон.

Æвзист мæйрухс, æрттивгæ бон

Мæрдон фын чи фестын кæндзæни?

Нæ, зæххыл ахæм мæлæт нæй!

Йæ зарæг булæмæргъ кæндзæни,

Æрттивдзæн арвы цъæхæй мæй.

О Пэя, мауал кæ гуызавæ,

Сæрыстырæй хъысмæты раз

Кæйдæр рæсугъд цæстытæ уарз!

Æндæр тæрхон, æндæр уынаффæ

Куы агурай, уæд диссаг фын

Дæ цардæй атæхдзæни маргъау,

Æмæ тæккæ рæсугъддæр аргъау

Уæззау мысинагау йæ зын

Цæргæ-цæрæнбонтæм ныууадздзæн

Дæ риуы сау æрхæнæй. Уарз,

Дæ сæнтты сусæг денджыз нуаз!

Тæхæг бæлоны удау ратдзæн

Дæуæн сæрибар арвы цъæх

Йæхи хуызæн æрвхуыз æнкъарæн.

Лæджы фыццаг амонды карæн,

Лæджы фыццаг хъыджы æрфæн

Æнусон Уарзондзинад зардзæн

Дæ рох ингæны уæлхъус. Дардзæн

Дæ бæллиц йе 'рттывды Æрфæн.

— Цæуыл у, Романес, дæ катай,—

Фæрсы æнкъардæй Пэя. — Ау,

Фæсмон кæныс, мæнæн кæй радтай

Мæйрухс æхсæвы цин? Фæлтау

Дæу мемæ не 'рхуыдтаин абон...

Ды махмæ не ссардзынæ амонд,

Æндæр былгæронмæ кæсыс,

Æндæр фæндæгты цин мысыс,

Кæд асаст рагбæллицты базыр?

Цæмæй дын бамбарон дæ низ?

О, уыцы æхсæвы дзыназын,

Дымгæйы араугæ фæдис

Æдзухдæр азæлынц мæ хъусты,

Æрхаудтæ ды, æмæ кæрон

Æрцыд æппæтæн дæр. Дæ рустыл

Мæлæты хъизæмар уыдтон.

Фæлæ Хуыцау — табу йæхицæн —

Йæ сыгъзæрин фæдзæхстæй дард

Фæсырдта д 'адзалы. Фæхицæн

Ингæны уазалæй дæ цард.

Ныр рацыд мæй. Фæлæ æнкъардæй

Æдзух кæдæм кæсыс? Кæд дардæй

Кæйдæр кæлæнгæнæг хъæлæс.

Дæуæн æндæр царды фæрæз,

Æндæр фæнд амоны? Уæд атæх

Нæ мæгуыр цатыры бынæй.

Æрмæст фæллад бæлццæттæн ма зæгъ,

Ды нæм цы баййæфтай зынæй,

Уый сусæг судзаггаг æртæхтæй

Мæнæн мæ цæстытæй кæй уад...

Кæйдæр дыргъдонмæ ды æртахтæ,

Æрцыд мæ дидинджытыл уад...

Зæгъут-ма, о, хæрис бæлæстæ,

Кæй мысут уыцы ' хсæвы фæстæ,

Уæ ризгæ сыфтæрты æхсæн

Æнахъом сабийы хуызæн

Кæй зарæг бафынæй æнусмæ?

Ам Романес лæууыди уæд

Æмæ дзырдта: — Мæ дуне, хъус-ма,

Æнамонд фæндæгты цæуæт

Цæуынц сæфтмæ Хуыцауы барæй,

Æрбадти арвгæроны рыг.

Кæсы нæм фидæны бон тарæй

Æмæ нæ фæдыл уасы уыг.

Кæдæм цæуæм? Дзæгъæл дымгæты

Къуыззиттæй ахуыссы нæ арт.

Нæ дуне бацæуид лæгæты,

Гъе афтæ скъуындæг и нæ цард.

Цигайнаг ихсыд зонд нæ хаты,

Кæмдæр кæй баззади дзæгъæл.

Йæ уæлæ рагон пъæззы бады

Нæ ары сомбонмæ дæгъæл.

Æмæ æндæр адæмты астæу

Нæхи къæбæргурæй хæссæм,

Æнуд незаманы цъæхахстау

Нæ хъыг сæргуыбырæй хæссæм.

Нæй махæн ивгъуыд æмæ фидæн,

Нæй махæн дарддæр цæуæн, нæй!

Нæ мыггаг райгуырди, цæмæй

Æдзух уæззау хъалонау фидæм

Мæлын æмæ цæрыны хæс.

Фæлæ дзы фервæздзынæн æз.

Æппæт зæххон дæрддзæгтæй даргъдæр,

Æппæт зæххон бæллицтæй тагъддæр,

Рæсугъддæр фæндæгты фæндаг

Мæн диссаг дунемæ æрхондзæн,

Уым зæрдæ масты ад нæ зондзæн,

Уым зæрдæ аивдзæн йæ уаг.

Уым зонд уæлæрвтæм атахт сгарæг,

Уым фестынц аргъæуттæ æцæг.

Уым зары рухс бонтыл хъæсдарæг,

Фыссы сыгъзæрин кадæг лæг

Дзæбуг æмæ æхсырфæй цардæн.

Мæ дуне, цом! Мæ дуне, цом!

Фæлæ дæ курын: карздæр ардæн

Дæ чызгон 'фсæрм æмæ дæ ном

Ды ахсæв ратт, цæмæй дæ риуæй

Гуырысхо фесæфа бынтон.

Æмæ æбуалгъ тымыгъ куы ниуа,

Уæддæр дæ цæстыл уайдзæн бон,

Æрттивгæ бон, йæ дæрддзæф рухсæй

Дæу ногæй чи сыстын кæна!

О, Пэя, Пэя, ма лæуу хъусæй!

Фæлæ мын ды куы зæгъай «нæ»,

Гъе уæд иу зон: фæсмонæн ратдзæн

Мæ цард æлгъыст фæндæгты рыг.

Æмæ тæссаг æхсæвты уасдзæн

Дæумæ мæ рох ингæнæй уыг.

— О Романес! Мæ рæсугъд фын!

Фæндагсæрæн ды демæ ахæсс

Куырдуаты бадæг чызджы сагъæс,

Æнæдзуапп зæрдæйы тæлфын.

Мæнæн мæ уарзт дæ фæндæй ма бар,

Дæ фæдыл ацæуин, бæргæ,

Фæлæ куыд ныууадзон мæ табор,

Мæ фыды иунæгæй цæргæ?

Мæ лæгъстæтæ, мæ кæуын дардæй

Зæрондæн не 'рцахсдзæн йæ хъус,

Рæхджы йæ ингæны уæлхъус

Цигантæ зардзысты æнкъардæй.

Æмæ тæхгæ, сæрибар уари,

Ды уарзыс арв, ды уарзыс уад.

Мæнæн кæйдæр мысайнаг — дари

Мæ цардыл аууонау æрхауд,

Мæн хурх кæны, æргæвды, мары!

Романес:

Ныууадз æй ам æхсæвы тары,

Æмæ дæ зæрдæйы хъæдгом

Рæууддзæф байгас кæндзæн, цом!

Пэя:

Нæ сæфты хъæр нæ сæрмæ зилы,

Æнæрай аууонау æдзух!

Романес:

Æрттивгæ боныцъæх нæм тилы

Æнахуыр дунейæ йæ къух.

Табу йын уæд. Хуыцауы барæй

Мах лидзæм удхайраг фынтæй.

Нæ буары сау, нæ уды тарæй,

Æвзыд цигайнæгты уындæй

Дæ цоты фервæзын кæндзæни

Дæуæн дæ иунæг дзырд!

Пэя:

Æгъгъæд!

Мæ фæдыл мастисæг цæудзæни

Мæ мæгуыр дадайы æфхæрд...

Романес:

Мæ арвыл ахуыссыди стъалы,

Мæлы фæстаг зарæг кæмдæр.

Мæ бæллиц фестади æвзалы,

Хъæуы æрæнцайын мæн дæр...

Хæрзбон, мæ дуне! Искуы уайдзæн

Дæ цæстыл иунæджы мæлæт.

Æмæ дæ арвгæронмæ сайдзæн

Дæ фынты ацы 'хсæвы мæт.

Хæрзбон!

Пэя:

Фæлæуу!

Романес:

Цы у гуызавæ?

Хуыздæр тæрхон æмæ уынаффæ

Нæй арвы бын!

Пэя:

Цæттæ дæн æз!

Мæн уыцы дунемæ фæхæсс.

Дæ сæнтты рог базыртыл баппар

Мæн дæр тæссаг денджызы, цæй.

Дыккаг кæркуасæнты нæ табор

Куы кæна уддзæфмæ фынæй,

Уæд мæм æвзонг хæристы аууон

Æнхъæлмæ кæс. Хуыцау, ныббар!

Дæ къухæй аскъæфгон мæ бар,

Æмæ дæ масты хай куы бауон!

Зæгъы йæ фыдæн Тупорсан:

— Ис а зæххыл æнахуыр сæн,

Уый туг æмæ зæрдæйы хъары,

Уый диссаг арвы цъæхыл зары.

Æмæ, дам, мин азы дæргъæн

Зæххон фæндагыл ис тæхæн

Бæллиццаг дунемæ нæ цардæй

Дыккаг кæркуасæнты. Дæ кардæй

Нæ уыди акъуырын мæ бон

Сæ базыртæ æрыгон удтæн.

Æз сæм хъуыстон æмæ сыл худтæн,

Æзсæм хъуыстон æмæ куыдтон.

Мæн ницы хъæуы. Уадз, æндæрты

Рæвдауæд стъалыты тæмæн.

Мæ уалдзæг атахти мæ сæрты,

Кæйдæр уарзт нал бандавдзæн мæн.

Кæй хъæуы туг? Æлгъыст æндæргтæ

Æхсæвы сау фæлмы кæуынц.

Цыма зæххыл æппæт фæндæгтæ

Æрмæстдæр уæлмæрдтæм цæуынц...

— Æлгъыст тæппуд! Дæ фыды рихи

Ды ногæй сахуырстай цъыфæй!

Æмæ дæ зæрдæйы цы мигъ и,

Уым иунæг мур лæгдзинад нæй.

Фæхудтæ ды æхсæвы зæдыл,

У ныфс мæйдаримæ цæдис.

Æмæ куы рацæуа сæ фæдыл,

Дыккаг кæркуасæнты фæдис,

Гъе уæд ыскæ дæхи æн' азым!

Æндæр дæ цæссыгтæ цы сты?

Йæ бон кæмæн нæ вæййы уарзын,

Уый буц æнкъарæнты бæсты

Йæ риуы хъуамæ калмау дара

Æвидийгæ, æхсидгæ маст,

Цæмæй йæ развæд фæлмы ара,

Цæмæй уа цардыл фидар баст.

Æмæ тырысайау æмбæхстæй

Мах хъуамæ дунемæ хæссæм,

Тыхджындæр чи вæййы йæ дзæхстæй,

Циу карздæр дзыллæты æхсæн,—

Фæнды уый уæд хæрам хъуырдухæн,

Фæнды — рæстдзинады лæвар,

Уæлдай сæ нæй! Æрмæст нæ къухæн

Рæдау æфсинау раттæд бар

Фылдæр хай ратонынæн цардæй.

Цæмæй зæрдæты уадзæм тас

Нæ цыт, нæ ис æмæ нæ кардæй.

Табу йын уæд! Хуыцауы раз

Дæ намыс бахъахъхъæн æфхæрдæй,

Дæхи æнæазым ыскæ.

Æмæ фæндаггæрон лæзæрдæй,

Йæ сæфты дымгæйæ тæрсгæ,

Фыдгулæн баззайдзæн йæ цатыр.

Фæлæ нымад уыдзынæ ды.

Дæу адæм хондзысты хъæбатыр,

Цытимæ баддзынæ куывды.

Дæ рад æрцыди. Тугæй самæнт

Дæ буц мысайнаг. Æз цæуон,

Фыдхабар адæмæн зæгъон.

Æмæ хъахбай цотæн сæ амонд

Дыккаг кæркуасæнты фæдис

Æрцахсдзæн худинаг фæндагыл.

Мæ зæрдæ дардзынæн дæ уагыл,

У ныфс мæйдаримæ цæдис.

Ныр уарзтыл нал æууæндынц иутæ,

Парижаг мондæгты дæлбар

Лæппутæ саурæсугъдты риутæ,

Лæппутæ саурæсугъдты буар

Рæвдауынц армæй, фæлæ удæй

Вæййынц мæнг уæлахизау схъæл.

Сылтæн сæ рæдыдыл куы худай,

Куы уай дæ сусæг цуанæй хъал,

Уæд фесты зæрдæйы æртхутæг

Æцæг æнкъарæнты хъæлæс.

Æфсарм — рæсугъддзинадыл удæг,—

Æфсарм — сæуæхсиды æнгæс,

Уæздандæр фидыцы цæхæрæй

Кæны æвзонг уадултæ сырх.

Чызджытæ! Уадз æмæ йæ хъæрæй

Сæтта уæ мондæгтæн сæ тых.

Фæлæ цигайнаг чызджы уарзтау

Æнамонд макуы уæд уæ рад.

О! Суинаг хъизæмæртты уад

Æрфынæй донхæристы астæу.

Æхсæвы арвæн зары дон.

Кæм и мæлæт, кæм и кæрон?

Кæм и æнцойдзинад уæлæуыл?

Сæркъулæй Романес кæм лæууы,

Гъе уырдæм Бонвæрнон кæсы,

Æмбæхсы уазал хъыг йæ тарфы,

Æнæбын дунетæн сæ арфы

Зæххон егъау цыдæр мысы.

Æз та уынын: æнусты тары

Куыд зилы мах фыдæл зæххыл

Цигантау й 'аласа бæхыл,

Æрмæст къæбæргур нæ! Уый дары

Йæ къухы арт æмæ мæлæт.

Йæ сæрты маргъ тæхын нæ уæнды,

Хæссы кæдæмдæр арв йæ уæнтыл.

Æмæ сырхзынг цæфхæдты фæд

Йæ фæстæ судзгæ цырен уадзы,

Æгомыг быдырты нæ уадзы,

Цы басæтты, гъе уымæн цырт

Æмæ, цы фæуыдзæн йæ фырт,

Нæ тыхсы ууыл. Нæй рæстæг.

Уыны йæ удхæссæг хæдзарæй,

Кæд амонд разыны хæстæг,

Уæд ыл фæиуварс кæны барæй,

Цæмæй йын цин æмæ рæвдыд.

Уæнгмард æнцойдзинады зарæг

Къæсæрау ма фестой хъыгдарæг —

Мæ фыдæл арвгæронмæ цыд.

Фæлæ æрцæуинаг æнустæй

Уæззау уынæргъын хаста уад,

Уым туг йæ сау рæсугъдты рустæй,

Йæ сау лæппуты риутæй уад.

Хæстон зæрдæ æмбæрзт уыд уартæй

Æмæ нæ фехъуыста сæ хъæр.

Уый арæзта æрмæстдæр кардæй

Фыдыбæстæ æмæ къæсæр.

— Дæу амардзæн! — æвзиды фидæн —

Дæхи рæдыд.

Тыхагур балц сæтты мæ фыдæлæн йæ арц,

ÆмæМысыры пирамидæ

Лæууы йæ фæндагыл. Хæстон

Кæугæ ныддæлгоммæ йæ бæхыл:

Фыццаг хатт бамбæрста, нæ зæххыл

Æрмæстдæр аразæджы ном

Кæй у æнæмæлгæ, æнусон...

О, зонын, бавзæрстон æй æз,

Фæллад цæлхыты хъæр куы хъусон,

Уæд рагон зарджыты æнгæс

Æрхуымæй рисдзæни мæ зæрдæ...

Фæлæ æнцад! Уый Пэя нæу,

Кæйдæр æндæргтæ змæлынц уæртæ...

Æхсæв ныккæрзыдта: «Æрлæуу!

Дзæгъæлзад куыдз! Ды ахст дæ ныр.

Чызджыты нал сайдзæн дæ аргъау!»

Уыны Романес: зындоны цалхау

Æгуыппæг зылд кæны быдыр.

Адæм:

— Цæугæ! Дзæгъæл дымгæйау, ниугæ,

Æнæ уæзæг, æнæ мыггаг,

Æнæ æвзаг, æнæ фæндаг,

Бæстæтыл зил, æнамонд! Иугæр

Дæ мæгуыр адæмы уындæй,

Дæ мæгуыр адæмы зынтæй

Фæлыгътæ, уæд дæуæн фæндагсар

Уыдзæн дæ иунæг сæры азар,

Æмæ дæ фæдыл æфтыд фод!

Æлгъыст! Нæ чызг дæуæн куы раттæм,

Гъе уæд Хуыцау цигайнаг мадæн

Мыггагмæ мауал раттæд цот!

Пэя:

— Тæригъæд бакæнут, о адæм!

Æз ме сæфт амондыл кæуын...

Уæ зонд, уæ рад æмæ уæ кадæн

Сæ цуры зонгуытыл лæууын...

Йæ аххос циу, Дада? Зæрдæтæн

Фæндонæй баиу кæнæн нæй?

Биантæ:

— Мæ чызг, цы ма домыс мæнæй,

Фæллад дæн æз, мæ хур, æфхæрд дæн.

О, уыцы рухс бæстæ æз дæр

Уыдтон сæууон хурау мæ фыны.

Бæллыдтæн æз мæ цин, мæ зыны,

Цæмæй нæ хауæггаг къæсæр

Цъæх арвы бын æнцой ыссара...

Фæлæ, мæ чызг, дæ зæрдыл дар:

Лæг хъуамæ адæмы ном дара

Йæ зын, йæ амондæй уæлдæр.

Æмæ зæххыл æрмæст йæхицæн

Куырм зулкъау чи агуры цард,

Гъе уый кæдæмфæнды куыд лидза,—

Зæхх ын нæ райсдзæни йæ мард.

Хæрзбон, циганты табор! Д 'азар

Фæндæгтыл бафынæй и тарф,

Æмæ тæхгæ æнусы базыр —

Мæ рухс фыдыбæстæйы арв

Дæ сæрмæ айтынг и бæллицау.

Ныр нал у къамты дзырд дæ хицау,

Æбæрæг фæндæгты æргъом —

Æнусты уæз æмæ тæрхон

Дæ уæхскыл нал хæссыс гуыбырæй,

Куыд хаста хор кæддæр ирон

Йæ мæгуыр сабитæн быдырæй.

Хæрзбон! Цигайнаг дуг, хæрзбон,

Фæздæгдзыд бызгъуыртæ лæзæрынц,

Цæуы дæ саст цæлхыты хъæр.

Цæугæ ныр, аууæттæ кæм цæрынц,

Гъе уыцы дунемæ ды дæр,

Цæугæ, æнамонд дуг! Дæ зæдыл

Ныккалд дæ сæгæй конд мæсыг.

Æрмæст ма баззади дæ фæдыл

Æртæхау Пэяйы цæссыг,

Йæ фынты Романесмæ сиды

Æмæ кæцæйдæр дзуапп тæхы:

— О Пэя, д 'аууон мæм æвзиды,

О Пэя, д 'аууон мын зæгъы,

Цæмæй дзæгъæл дымгæйау ниугæ

Æнæ уæзæг, æнæ мыггаг,

Æнæ фæндаг, æнæ æвзаг

Бæстæтыл зилон æмæ иугай

Мæ сау бонтæ нымайон æз,

Фæлæ уæууæй! Фæуæн сын нал и!

Зæххыл мын нал баззади хæс.

Нæдæр зынг дæн, нæдæр æвзалы,

Нæдæр цæргæ, нæдæр мæлгæ,

Нæдæр кæугæ, нæдæр бæлгæ,

Нæдæр хъæлдзæг, нæдæр æрхæндæг

Мæхицæй лидзын æз мæхæдæг,

Фæлæ кæдæм, кæдæм, кæдæм?!

Мæгуыр мæ бон! Цы раны дæн.

О, ниугæ авддæлдзæх ныххауон,

Æз фестадтæн уæлæуыл аууон!

Æрцыд йæ карз æлгъыст æрдзæн,

Мæн ничи фервæзын кæндзæн,

Нæдæр æвзыгъд хæстоны уарт,

Нæдæр æндæр адæмы арт,

Нæдæр дæ уарзт, нæдæр дæ катай.

Дæуæн мæ ном фыдæх хæсдзæн.

Æмæ дзыназ! Мæ сусæг пъатæй

Дæ зæрдæ стæппæлттæ уыдзæн.

Дæуæн дæр ницыуал ис царды:

Мæ хъæстæ зæрдæтæй кæм ис,

Уый фесты сау æртхутæг арты,

Фæлæ нæ басудзы йæ рис.

Уæууæй, дзæгъæл дымгæйау, ниугæ,

Æнæ уæзæг, æнæ мыггаг

Æнæ æвзаг, æнæ фæндаг

Мæ сау бонтæ нымайын иугай.

Лыгътæн мæ адæмы уындæй,

Лыгътæн мæ адæмы зынтæй

Æмæ мæнæн æдзух фæндагсар

Уыдзæн мæ иунæг сæры азар.

', 'created4' => '2014-07-31 11:41:58', 'updated5' => '2014-07-31 11:42:29', 'metaTitle6' => null, 'metaDescription7' => null, 'metaKeywords8' => null, 'id_poet9' => '41'), array('id1' => array('name' => 'id', 'type' => 'integer'), 'title2' => array('name' => 'title', 'type' => 'string'), 'text3' => array('name' => 'text', 'type' => 'text'), 'created4' => array('name' => 'created', 'type' => 'datetime'), 'updated5' => array('name' => 'updated', 'type' => 'datetime'), 'metaTitle6' => array('name' => 'metaTitle', 'type' => 'text'), 'metaDescription7' => array('name' => 'metaDescription', 'type' => 'text'), 'metaKeywords8' => array('name' => 'metaKeywords', 'type' => 'text'), 'id_poet9' => array('name' => 'id_poet', 'type' => 'integer')), array()) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/orm/lib/Doctrine/ORM/Internal/Hydration/SimpleObjectHydrator.php line 48
8. at SimpleObjectHydrator->hydrateAllData() in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/orm/lib/Doctrine/ORM/Internal/Hydration/AbstractHydrator.php line 140
9. at AbstractHydrator->hydrateAll(object(PDOStatement), object(ResultSetMapping), array()) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/orm/lib/Doctrine/ORM/Persisters/BasicEntityPersister.php line 756
10. at BasicEntityPersister->load(array('id' => '1786'), null, null, array(), '0', '1', null) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/vendor/doctrine/orm/lib/Doctrine/ORM/EntityRepository.php line 196
11. at EntityRepository->findOneBy(array('id' => '1786')) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/src/Site/MainBundle/Controller/VerseController.php line 26
12. at VerseController->oneVerseAction('1786')
13. at call_user_func_array(array(object(VerseController), 'oneVerseAction'), array('1786')) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/app/bootstrap.php.cache line 2929
14. at HttpKernel->handleRaw(object(Request), '1') in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/app/bootstrap.php.cache line 2901
15. at HttpKernel->handle(object(Request), '1', true) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/app/bootstrap.php.cache line 3040
16. at ContainerAwareHttpKernel->handle(object(Request), '1', true) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/app/bootstrap.php.cache line 2307
17. at Kernel->handle(object(Request)) in /home/c/cr84845/amdzavga.ru/public_html/www/app_dev.php line 21