Бонивайæнæй æрбонмæ
Нæбал ес нур уолæфæн;
Магосауй уæддæлгоммæ,
Нæ фæууадзуйуой æфун.
Базмæлунцæ нæ фæсевæд
Зеуи гьæрмæ æмцудæй.
Низзарунцæ рæсугьд гьеуæд;
Кусти бон, дан, æрцудæй.
Цъеути зарун, бæсти идзулд, -
Ци ма фæууй дзæбæхдæр;
Басабур уй дони ивулд,
Исрæуæг уй мæ бæх дæр.
Нæ зеууæнттæн сæ цæвгутæй
Сæумон æртæх лæдæрсуй,
Раззагуоми и цæугутæй
Магосатæн нæ бæлсуй.
Зеуи кусмæ, нæ сæрдæмæ
Исæхседуй уæд мæ тог,
Хори тунтæ мæ зæрдæмæ
Багьазунцæ цурд, æрвонг.
Идзулдфæууй еугурбæстæ
Æ цъита ’ма æ рохсæй.
Идзулдæнцæнæ гьонгæстæ
Сæ мизд æма сæ фонсæй.
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)