Зæгьуйнаг дæн æз мæ гьæри
Мæ фæндæнттæ сумахæн:
Мабал дарæн, цæй, нæ сæри
Хæлауртæн тунуафæн.
Нæ фиддæлтæ берæ бæнтти
Фæццардæнцæ нецæмæй.
Талингæ ’ма хонхи рæнтти -
Рохс дуйнейæй хецæнæй.
Царды суадоп
Нæ дзоргутæн сæ гьæлæстæ
Адтæнцæ-еу федар баст;
Къурма адтæй уæднæбæстæ,
Неке иста уæд нæ гьаст.
Калдтонцæ-еу хъалти миутæй
Нæ фиддæлтæ уæд сæ рондз,
Неци тадæй сæхе фиутæй,
Нæ зудтонцæ уæд нæ хъонц.
Уотемæйти сæ къæлæти
Исæрхæн æй нæ бæрзæй;
Феронх ан уæд нæ мæлæти,
Нæбал тарстан сæ гæрзæй.
Исæхсистан зинти арти
Æмдух æма æмзундæй.
Раистан гье уæд нæ барти,
Нæуæг заман æрзилдæй.
Рауагьтауæди зæлдæбæл
Æ фонси конд нæ гьонгæс;
Ецизаманæ зæрдæбæл
Ниввæрæд, цæй, нæ комфæс!
Ниввæрæд-ма еæзæрди
Не ’дарддæри кусти тох.
Куд коса, цид, цурд нæ сæрди,
Куднæ инуа «мисти» къох.
Куд бакосæн федар уогæй
Нæуæг доги дзæбæхдæр,
Раст дзорæгæй, æндиуд уодæй
Куд нæ уæн мах гæмæхдæр.
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)