1
Цæй, ци ’рцудæй, ци бæллах æй?
Цæбæл кæнис ду æнкъард?
Цæмæн лæууис уотæ сахæй ?
Цæбæл ниддæ ду уæнгмард?
Æривардтон æз мæ рази
Æ финст пъисмо, дæ катай.
Исбæлвурд æй: - нæ фæрази
Царди цæун ду, ай-гьай.
О, зонун æй! Ду фæццардтæ
Федар бастæй, талингæй.
Фæндон царди некæд адтæ,
Банинсугъдтæ ду зингæй.
Фал райстан мах нур нæ бартæ
Нæбал хæссæн нæ къæлæт,
Балæдæрæ, цæй, мæн зартæ,
Феронх кæнæ ду мæлæт!
Æривадæй нæуæг догæ
Нæ дзаман æй нур æндæр.
Цæй, исо ду æнæ когæ,
Мабал тæрсæ мæнæн дæр!
2
Æз райгурдтæн цагьайрагæй.
Исхаста мæ дæ дзедзе;
Адтæй зæрди хъæбæр рагæй
Устур хортæ’ма цъете.
Зин адтайдæ, æз мæ зæрди
Ку фæххастайнæ уони.
Ку ма цардайнæ æфхуæрди,
Цагъайрагæй абони...
Æндæр æнцæ нур ме ’хæстæ.
Нæбал хæссун æз къæлæт.
Царди тохмæ-еу æррæстæ
Тог æхседæд, карз кæлæд!
Æхседуй цард нур абони,
Тох агоруй е махæй;
Дæ катай æй æнафони,
Мабал лæууæ ду сахæй!
Берæминес æнсувæртæ,
Еунæг ку нæ ’й дæ биццеу,
Ку, цид, цæуа тохи гъæртæ, -
Тухгин уодзæнæй нæ зеу.
Æнкъард бадун нæ ’й мах харзи;
Ду ба нæ дæ уомæй цох.
Нæ дæн уобæл æз арази,
Гъæуй цардбæл карздæр тох.
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)