Фиддæлти тауæрæхъ
1
Цардæнцæ, зæгъуй, Уазай бæрзондбæл
Зæронд Дигорæ æзнаги тасæй;
Некæми адтæй уони фæлгондбæл, -
Тухуаст адтæнцæ сиугинти басæй.
Искæнионцæ тохæн мæсгутæ
Хъæбæр бæрзондмæ хурдасти дорæй...
Еу хатт кæми адтæй, уоми æхсгутæ
Æримбурд æнцæ æгас Дигорæй.
Ка си уодзæнæй хуæздæр цауæйнон? -
Æхсунбæл кодтонцæ халæвзарæ.
Тухайи-фурт. Æргæсгæ хундтæй æ нон,
Ериси равдиста хуæздæр хъарæ.
Уæдæй фæстæмæ Æргæсги хуарз кой
Рацæйхæлеу æй æгас Дигори;
Берæ уарзтонцæ фæсевæд гъе уой,
Æркафтонцæ ин æ гьазти бони.
Некæми адтæй мæгури фуртæй
Æргæсгæй хуæздæр, сæрæндæр игурд,
Дзæбодуртæ, цид, сæ тæккæ сиутæй
Ниййахæссидæ е дессаги цурд.
Æрцæйхаста уæд уодæмбалæн е
Рæсугьд уацайраг - Кизгайти Кизгай.
Рæсугьд федудта дарæс æ уæле,
Кизгайи-рæсугъд ин адтæй æнкьай.
Ци фæццардæнцæ Уазай, ка ’й зонуй,
Гъеуæд еухатти сæ хорбадæни
Кизгай-рæсугьдмæ Æргæсгæ дзоруй:
«Цæйбæрцæ уарзис мæгур адæми».
«Мæгур дæн æз дæр, - загьта уæд Кизгай, -
Уарзун мæгурти дæу уоди бæрцæ».
«Циуавæр бæрцæй, гъе уой мин зæгьай?»
«Æрра миутæбæл» истумугь æнцæ.
«Хуасдзау лæги, дан, хъæбæр хор бони
И арф арæхъи хор ку батавуй,
Æ фурæнтæфæй æйдагь хæдони
Æ медбунуати хъан ку багъавуй.
Гъеуæд уой фæсте и стур денгизæй
Ку æрбадумуй дзæбæхдæр уæлдæф,
Ку исгьазуй, цид, хæдони хизæй
’Ма ку басæттуй хуасдзауи æнтæф,
Уарзун дæ, - загьта, - æз гъе уой бæрцæ
Нæ дæр минкъийдæр, нæ дæр фулдæр».
Æргæсгæ кодта гьеуæд æ кæрцæ;
Фалдзæстæй не ’гьустæй еунæг сун дæр.
«Рагьуди кæнæ, мæ сæргьи истæг,
Уæхæн уæлдæфæй куд уй æхцæуæн?»
Игьуста имæ Æргæсгæ листæг.
«Изæр æй гьенур, мæсугмæ цæуæн».
II
Сæрбонзонгæ ’ма мæгур къæс уогæй
Цардæнцæ Уазай устур зинбæнттæй.
Æ сау зунд, уæдта æ федар тогæй
И хъалти цардмæ нецæмæй бæлдтæй.
Кæсгон æлдæрттæ хъалон есунмæ
Ахид цудæнцæ Уазай бæрзондмæ;
Æрлæууионцæ гьæздуг фусунмæ,
Хардз кастæй гье е Æргæсги уодмæ.
Ци равардтайдæ æ мæгур къæсæй:
Неци си адтæй мулки муккагæй.
Æлдар гьæр кодта: «Федун ихæс æй!
Не ’рбацудтæн æз æнæ гьуддагæй».
Нæ син бафиста сæрæн Æргæсгæ
Мулкæй некуцон; тогæй хъарæгин;
Фæимæ ’нхицæй гъе уомæ гæсгæ
И кæсгон æлдар, мулкæй æхсаргин.
Некæд уагътонцæ мæгурти æнцад
Рагæй æносмæ гьæздуг æлдæрттæ;
Сæ мулки фæрци циргь адтæй сæ кард
Агурдтонцæ, цид, бæрæг æгьдæуттæ.
Еу бон, кæми адтæй, уоми Æргæсгæ
Цауæни рандæй къуæре балцийæй;
Нецæмæй кодта Кизгайæн тæрсгæ:
Мæсуги хурфи, дан, уомæн ци æй.
Гъе уотæ рæхги æфсæддон рæвдзæй
Æрбахъæрдтæй уæд и кæсгон æлдар;
Берæ фефхуардта адæми зæвцæй,
Некæд кæнидæ мæгуртæй æфсар.
Бансанстонцæ уæд Кизгай-рæсугьдмæ;
Райæскъафтонцæ цалдæр лæгемæй;
Нæбал баизадæй Æргæсги ’рцудмæ;
Фæххецæн æнцæ сæ кæрæдземæй.
Ниффардæг æнцæ Кизгай киндзхонтæ,
Сæ сæрæй гьазгæ, кæсгон фæсевæд;
Куд нæ фæххаста рæсугъд бийнонтæ
И кæсгон æлдар, æ бон ниссевæд!
Цардæй нин Кизгай хъæбæр æнкъардæй
Кæсгон æлдарæн хъумийаг уосæй.
Тухайи-фурт дæр бæлгъурæй цардæй
Уазай бæрзæндти Æфсатий фонсæй.
Нæ уарзта Кизгай кæсгон æлдари,
Кастæй имæ е сау уодесæгау;
Æвдустæй цардæй хъали хæдзари,
Æ хузæ ниццæй аги сатæгсау.
Базудтонцæ уæд æгас Дигорæ,
Æргæсти хабар æмхузонæй дæр;
Ке ин фæххастæй æ гьазæн гьолæ,
Ке ресуй уобæл нур е ’взонг игæр.
III
Никкодта еухатт и хуасдзаутæбæл
Устур арæхъи нæ тæвдæ æнзтæй;
Мæлгæ кодтонцæ, гье уотæ сæбæл
Никкастæй и хор æ сæрди цæстæй.
Æргæсгæ дæр нин, хуаодзау лæг уогæй,
Нæбал фæразта æ фурæнтæфæй.
Загьта йе ’мбæлттæн, æз, дан, еу уодæй,
Нæбал фæразун æнæ уæлдæфæй!
Гъе уотæ рæхги и стур денгизæй
И хуасдзаутæбæл уæлдæф исгьазта;
Æргæсгæ дæр си хæдони хизæй
Æ зæрди фæндон æ тæф исласта.
Гъе уæд нийнæфтæй: куд берæ ’й уарзта,
Æримиста е æ гъазæн гьолæ;
Ниууагьта æ куст, æ хæтæл райста,
Нæбал разагьта æхсæвæ, бонæ.
Ранæхстæр æй е кæсæги гьæумæ
Æ рагон уарзон, рæсугъд Кизгаймæ.
Басæмæхъæрдтæй и дугкаг сæумæ.
Кæцæй бакæса æ дуйней хаймæ?
Æ зарæн хæтæл и гьæугæронæй
Ниццагьта Æргæс дигорон дзурдтæй:
«Тæходуй, Кизгай, ести рæууонæй
Ку фæттæрсисæ мæ зæрдихудтæй!
Тæходуй нур ма еумæ фæццæрæ
Бери бæсти дæр айдагь еунæг анз!
фБаминлæдæрæ мæ зæрди хæрæ,
Ке ресуй дæубæл нур мæ сæри хъанз!»
Кизгайти Кизгай гъеуæд ниддес æй:
«Кæцæй фæззиндтæй сæрæн Æргæсгæ?
Ци хабар æй е, циуавæр фес æй?»
Баизадæй уоми зæнхæмæ кæсгæ.
Гъеуæд ниццагъта Æргæсги цагъдмæ:
«Иссердзæнæй нæ Уазай уазали.
Æндæр бæигьосинæ æз дæ загъдмæ
’Ма ниууадзинæ неугæ сау кали!»
«Кæд ма мæ уарзис, мæ зæрди нæмуг,
Æз дæ куд уарзун, ду гъеуой асæ,
Гъеуæд раййевæ дæ цæрæн мæсуг,
Уазайæй дæхе гьæдæмæ райсæ!»
«И тар саугъæди ду ма ниууадзæ
Федардæр, уæдта æдаодæр рауæн;
Исæртасæ нин ду барæуадзæ,
Цæрæнбунатæн кæми æрлæууæн.
Мæ уоди гага, мæ зинаргь Æргæс!
Ку дин бантæса уотæ бакæнун,
Соми дин кæнун, арази дæн æз,
Уæди уалдæнгæ нецибал зæгьун!»
Сæ дзубанди син кæстæр, зæрæндтæй
Неке лæдæрдтæй æгас Кæсæги;
Дардтонцæ ма уæд алли хæрæнттæй
Мæгур адæми хъæбæр цъæсæги.
IV
Устур недгондæй Æргæс рарастæй
Кизгайи уосийат æнхæст кæнунмæ;
И уосийат имæ зиндæр нæ кастæй,
Нæбал фæццудæй хонхи цæрунмæ.
Хæтун райдæдта и тар сау гьæдти
«Кæми фæххуæст уон цæрæнбунатбæл?
Не ’сцурæвæрæ ’й1 дзæвгарæ хæтти
Цæхæн агурдта гъе уæхæн надбæл.
Еухатт кæми адтæй, уоми æрцудæй
Сурхи бæрзондæй Æргьаудæрæнбæл.2
Æрфусун кодта еци æхсæвæ
И бæрзонд цъухбæл Æргьаудæрæни .
«Кизгай, æнгьæл дæн, ами бухсдзæнæ,
Кæндзæнæн ами æз мæ цæрæни».
Байдæдта косун æхсæвæй, бонæй
Цæрæн мæсугбæл е кæрдгæ дорæй,
Лæдæрстæй, цид-еу хед æ хæдонæй,
Гъеуотæкуста еæнæхъорæй.
Исцæттæй мæсуг цубур рæстæгмæ.
Неке бон адтæй уотæ исдасун,
Дуар ин не ’скодта хъæбæр хæстæгмæ,
На ’дтæй иссерæн мæсугмæ азун.
Рандæ ’й Кæсæгмæ гъеуæд Æргæсгæ,
Кизгай рæсугъдмæ хабар зæгъунмæ;
Ниццагьта имæ сæ дзурдмæ гæсгæ:
«Исцæттæ кæнæ дæхе цæунмæ!»
Куддæр фегьуста и хæтæли цагьд,
Бабаста Кизгай уотæ æ ронæ;
Æхебæл ракодта фæдеси тагъд,
Райста æ хæццæ æ хæзнадонæ.
И дууæ зæрди, æнгъæл нæ уогæй,
Исæмбалдæнцæ сæ кæрæдзебæл;
Нецибал адтæй цæсгæмтти тогæй;
Ка ма син кодта цæунбæл дзебæл?
Ниффардæг æнцæ Æргæсгæ, Кизгай
Сæ хæдзарæмæ, и сау гьæдæмæ;
Уой базудтонцæ Кæсæги синхгай,
Фæдес исхъæрдтæй еунæг сæдæмæ.
Рацудæй æлдар устур æхсарæй,
Ку ин фæххастæй Кизгай-рæсугьди;
Дардта æ зæрдæ йе ’фсади хъарæй,
Ку йæй иссера, - уодзæнæй сугъди.
Цъæх цирен уагьта; арудæй бæстæ
Сæ топпадзагьдæй, бæхти къахгьæрæй
Ниррезионцæ тæрсæ бæлæстæ
Сæ топпи гъæрæй, фæтти гæр-гæрæй.
Берæ фæххæтгæй медæхсæвигон
Сæ хæдзæрттæмæ æриздахтæнцæ;
Нæ фæдесонтæн неци ссæй сæ бон;
Баизадæй Æргæс Дигори дæнцæ.
Æрцардæй Æргæс нæуæг рауæни;
Кæми адтæй кæрон æ цийни бæнттæн?
Берæ нæ бадтæй: хаттæй цауæни
Сæ бæрзæндтæбæл саугьæди кæмттæн.
Кизгайи-рæсугъд мæсуги сæрæй
Цæгьдидæ фæндур бонсауизæрмæ.
Ку ’рæздæхидæ Æргæс изæрæй,
Игьæлдзæг уидæ фзендури гьæрмæ.
Уæддæр Кæсæги æнцад нæ уагъта
Кизгайти сийахс и кæсгон æлдар;
Алли бон сæбæл дзæнгæрæг цагьта,
Нæбал, дан, хъæртуй мæ уæле мæ цар.
Исаразта е нæуæг æфсæдтæ,
Агурдтонцæ нин Æргæсги цæрæн;
Не ’нхæст кодтонцæ уæддæр сæ фæндтæ;
Нæбал адтæнцæ сæ уод, сæ сæрæн.
Гъеуæд еу хатти Кизгай феронх æй
Сугьзæрийнæ къос сæ донхæссæни;
Уарун рацудæй и стур уорс хонхæй
Бафтудæй къос дæр дони æхсæни.
Цардæнцæ, зæгъуй, Дур-Дури донбæл
Ецидзамани ногъайаг адæм;
И къосмæ гæсгæ цудæнцæ комбæл,
Иссердтонцæ уæд Æргæсги бадæн.
Исцæуионцæ устур æфсæдтæ,
И мæсуг и дуар некæд ирдтонцæ;
Куд нæ кодтонцæ алли æфсæнттæ,
Ци ма кæнонцæ, нæбал зудтонцæ.
Бафарстонцæ нин гьеуæд еу уоси...
Ци мадзал, дан, ес аци бæллахæн?
«Ке æруагьтайтæ гъе уой ма гьоси,
Зæгъдзæнæн уой мадзал æз сумахæн:
Ци’рдигæй фæууйÆргæс цауæни,
Фæндур фæццæгъдуй Кизгай уордæмæ;
Æргæсги надбæл федар рауæни
Исцæйбæттетæ кизги дортæмæ;
Кæудзæнæй кизгæ, гъæр игьусдзæнæй
И тар саугъæдти æстæмæй астмæ;
Æ тæрегъæдмæ Æргæс нæ бухсдзæнæй,
Æрфецаудзæнæй гъеуой цъæхахстмæ.
Еунæгæй кизги нæ ниууадздзæнæй,
Æрæйкæндзæнæй сæ хæдзарæмæ;
Кизгайи хæццæ кизгæ баддзæнæй
Æркæодзæнæй син е сæ хъарæмæ;
Ку никкæна е бæрæг тъасхитæ,
Уæд æрледздзæнæй ногъайи гьæумæ.
Æрцæудзæнæнцæ уæд ма уасхитæ,
Цæун гьæудзæнæй гъе еци сæумæ.
Фæццæуй Æргæс цауæни раги,
Уодзæнæй Кизгай айдагъ æхуæдæг;
Рацæйхæссетæ уæ уацайраги,
Уодзæнæй æлдар уæ зингæ фæтæг»
V
Баигьустонцæ нин къæсибадæгмæ,
Райстонцæ уомæн æ амундтитæ;
Бакодта кизгæкъуæрей æрдæгмæ,
Ци ин загътонцæ уони уотитæ.
Еунæг самургуй адтæй Æргæсмæ;
Бадардтонцæ ин хуссæги хуасæ.
Нæ гæдзæ кодта тæхгæ цæргæсмæ,
Нæбал ирдта уæд и куй æ уасæ.
Æрбансанстонцæ æлдари æфсад
Кизгай-рæсугьдмæ сæумæрагийау;
Куд фæцæй Кизгай æ цæсгон æхснад,
Уотæ исцудæй æфсæдти «гьий-гъау».
Рæсугьд Кизгайи бæрзонд мæсугæй
Рацæйхастонцæ кæсгон фæсевæд;
Æхснадта æхе æ цæстисугæй,
Æлдар гьæр кодта: «Маке фæккеуæд!»
Бæхти къахгьæрæй, Кизгай цъæхахстæй
Азæлдæй бæстæ кæун гьæлæсæй;
Рæсугъд Кизгайи и саргьмæ бастæй
Æримбарзтонцæ урух пъæлæзæй.
Æрфецудта уæд Æргæс фалдзосмæ
Ма нийгьосидæ Кизгайи цагъдмæ;
Нæбал игьустæй Æргæсги гъосмæ
И фæндури цагьд æстæмæй-астмæ.
«Цидæр бæллах ес, ме’сæвд æрцудæй!-
Райдæдта Æргæс цæхæртæ калун, -
Хуцау бахезæд мæн уæхæн фудæй,
Цæбæл ниууадза Кизгай æ зарун!»
Æрхъæрдтæй Æргæс цæстиникъулдмæ
Сæ хæдзарæмæ хæстон хæлæфæй;
Нæбал æркастæй рæсугьд игурдмæ;
Куд хъуæцæ кодта æ сæр æ тæфæй!
Нигьгьæр колдта е æ самур куйбæл:
«Дæ бундар фæдтæ, ци ма архайдтай?»
Фæссæррæтт ласта и самургуй дæр;
Базонун гьæуй æзнаги «гьай-гьай».
Сорун байдæдта Æргæс кæсæги;
Фæд ин амудта æ еунæг самур;
Басææййафта и Хусфæрæки,
Куд æрбадтæнцæ хуæрунбæл сабур.
Ку нигьгьæр кодта и хъал æфсадбæл
Сæрæн Æргæсгæ, Дигори дæнцæ;
Ниййеугæйттæ ’нцæ æфсад фæснадбæл,
Нæбал зудтонцæ, кумæ лигьдæнцæ.
Азæлдæй, кудтæй сæ топпадзагьдæй
Хъæбæр цæф арсау и фæлдзос гьæдæ;
Æргæсти кьохæй фæцæнцæ цагьдæй,
Æркунæгкодта æлдарисæдæ.
Сæ кунæг ма син хауæггаг кодта,
Загьта ма æхсунбæл фæстаги «гьатт».
Гъе уотæ фæццудæй кедæр «гьа-дта»,
Фехалдæй æ зæрди цæфсгæ топпи фат.
Æргæс рахаудтæй цæфæй уæлгоммæ,
Изаста æхе æ тогфæсонтæй;
«Цæун мæ гьæуй цауæни коммæ»,
Дзурдта ма, мæгур, Æргæс æ сонтæй.
Дигори дæнцæ, сæ уонæхсарæ
Сæрæн Æргæсгæ нæбал ракастæй;
Æринцадæй нин зæнхи æ харæ,
Йе ’хсæн æнгулдзтæ нæбал ратастæй.
Корун байдæдта Кизгай æлдарæй:
«Ба-ма ивæрон Æргæсбæл мæ къох».
Баиварæ, мæ хор, дæ над дæ барæ ’й!»
Нæ ин искодта æ цийнæй билдогь.
Бацудæй Кизгай гъеуой рæууони.
Æргæсги мардбæл е ниддæлгонмæ ’й;
Æ болат кæрдæн адтæй æ рони,
Бакарста зæрдæ гье е уæд уомæй.
Рамардæнцæ ниндууæ уарзони,
Ба-сæ бæл тар æй сæ цæугæ дуйне,
Баивардтонцæ уæд рæвдзæ гьеуони,
Еунæг циртгонди еумæ сæ дууей.
Хъæбæр сæргубур, бæрзонд ионтæй
Ниффардæг æй уæд и кæсгон æлдар;
Æргæси самур бийнонти сонтæй
Ниудта гье уоми сæ цирти уæлдуар.
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)
The ED resulting from that surgery might be either temporary or permanent. He is content, along with the complete opposite of our opinion senior years has in store for us.