Зæрдибунæй - кьабæзти ’дзаг
Хъури кæнун дæу, май!
Дæ фæззинд нин - устур цийнаг,
Дзæбæхæй мин цæрай.
Уолæфунмæду рæугутæ
Куравардтай æрдзæн,-
Идзулдæнцæнæ цæргутæ,
Уонæн æнкъай æз дæн.
Ду равардтай гъæди цъеутæн
Низзарунмæ гьæлæс,
Уони зармæ нæ биццеутæй
Ку феронх æй сæ кьæс.
Дала фæндур - зæрбатугæн,
Борæмæлгьæн - хæтæл,
Хори тунтæн сæ рацудæн -
Цъæх будуртæ - хæтæн.
Нæ тар гьæдæн кæрци бæсти -
Цъæх даритæй - фæлуст...
Æхседдзæнæй нæ хъал бæсти
Нæ адæмæн сæ куст.
Даргь ауæдзи - фæтæн хумтæ
Фæлкъевдзæнæй готон...
Нæ зæронд лæг æ рист сунтæ
Райваздзæнæй фæндон...
Нæ сабийтæн нæ цъæх фæзи -
Сæ гьазæн уат, сæ уарзт...
Æ уедæггæн бæрзонд нæзи
Райхалдзæнæй сæ баст...
Нæ рæсугьд май, нæ уарзон май,
Æгас цæуай-æгас!
Дæу фæрци нур нæ фонси хай
Æй хуаллагæй æдас!
Нур хезунцæ цъæх æрдозти
Сурх æргъæуттæ сæдтæй -
Ду феййафæ нæ колхозти
Сæ уалдзæгмæ цæттæй.
Зæрдибунæй - кьабæзтæ ’дзаг
Хъури кæнун дæу, май!
Дæ фæззинд нин - устур цийнаг,
Дзæбæхæй минцæрай!
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)