Рохс æй дæуæй, кизгæ, мæ зæрдæ,
Дæу уиндмæ фæккæнун бæлгæ.
Фæндон рæвдуд дзурдтæй дæу фагæ
Ку ’ссеринæ æз нур, бæргæ!
Уарзон, фæндон миутæн сæ адæ
Нæ бавзурстон сабийæй æз.
Уæддæр хуæнхаг къæси мæ мадæ
Мæн размæ бафиста ихæс.
Лæхъуæнтæй исхаста йе æхсæз,
Нигки кизгуттæй еу-аст. -
Байдзаг æй сувæллæнттæй и кьæс -
Мадæн - зæрди хæрæ сæ маст...
Мах цардæй адтæй мадæн æ цард,
Нæзин-инсæй зини уомæн,
Нæ цийнæй фесæфидæ йе ’нкьард,
«Мæ хор» - зудта махæн номæн.
Кæмæн нимæтæй худта дзабур,
Кæмæн дардта дзæкка къосæй,
Мæн-еу æстонгæй хаста сабур
Хуссæнмæ уæд тъæригьосæй.
Кæсис? - уæддæр слæгтæ йан фондзæй.
Ка - ахургæнæг, ка - гьонгæс.
Нæ еу кæнуй цæлхитæ толдзæй,
Финсун иннемæн æй ихæс...
Махæн, кизгæ, нæ догæ фæрнæй
Æрттевуй бæрзонд хорау рæсугьд,
Дæу зæрдæ зæронд мадау ку нæй
Уæззау æфхуæрд миутæй фур сугьд.
Хорау æ гьæбесмæ æрбайста
Нæдогæ æхуæдæг нур дæу,
Мадæ, фидæн дæуæн - нæ бæстæ,
Æнсувæр, хуæрæн дин - нæ гьæу.
Ахур - рохс цардмæ фæндаг - фæндон,
Райсæ си, о кизгæ, дæ хай!
Кæд зæгьис: «Уæлдæфи фæттæхон», -
Нæ хор, нæ лæхъуæнтæ - де ’нкъай...
Рохс æй дæуæй, кизгæ, мæ зæрдæ,
Дæ уиндмæ фæккæнун бæлгæ,
Фæндон рæвдуд миутæй дæу фагæ
Ку ’ссеринæ æз нур, бæргæ!
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)