(Зумæги нивтæй)
Сау гьæдæ, нæ æрдзæ
Ку скæнуй уорс кæрцæ,
Бæлæстæн сæ хехтæ
Ку бамбæрзуй мет, -
Æз уомæ бæллун.
Арфкоми цæугæдон,
Æ сæрти хуæрз æнгон
Æхе кондзæгæлтæй
Ку самайуй хед, -
Æз уомæбæллун.
Бæласæ бæласæн,
Йе ’мусхъæ, йе ’масæн,
Уорсалист уорс сæрæй
Ку ’рковуй ниллæг,-
Æз уомæ бæллун.
Тар гъæди тъæпæнти,
Нæуæг метхъæпæнти,
Цауæни æд куйтæ
Ку фæццæуй лæг, -
Æз уомæ бæллун.
Гъунтъуз арс уой тасæй
Æ хуккоми цъасæй
Куйтæбæл ку ’рахсуй
Æ дзæмбутæй дор, -
Æз уомæ бæллун.
Къæдзæхæн æ сæри
Устур арт цæхæрбæл
Цауæйнон кускæнуй
Фезонгутæ бор, -
Æз уомæ бæллун.
Æ анзигкон дæркъæ
Рæубесæн æдæрсгæ
Федар куфæллæуй
Зумæги гьистæн, -
Æз уомæ бæллун.
Дзæбодур ци хъалæй,
Бæрзонди фæсалæй
Æхецæн ку скæнуй
Æхсæвæ листæн, -
Æз уомæ бæллун.
Æрдози - уотари,
Сор искъæти гьари
Ку фæууй нæ дзогæ
Цъæх хуасæй æфсес -
Æз уомæ бæллун.
Лæгæти æхсæвæ
Фусти ’хсæн нæл сæгьæ
Ку фæууй фиййауæн
Устур фарнæ - фес, -
Æз уомæ бæллун.
Лигьз будур и рæгъти
Зад хезнæ - хъæлнæгъти
Зæрдæй ку низзаруй
Фонсбæл нæ гьонгæс, -
Æз уомæ бæллун.
Изæрæй фæндонæй
Нард гьоги фæздонæй
Æхсирку фæцъцъируй
Рагацау зад уæс, -
Æз уомæ бæллун.
Сабитæ, уе скъола
Сумахæй ци кора,
Зæрдæй ку кæнайтæ
Сумахуой æнхæст, -
Æз уомæ бæллун.
Не скъолай - и гьари
Кенæ уæ хæдзари
Берæ ку уарзайтæ
Зæрдæй куст æрмæст, -
Æз уомæбæллун...
Ку ’сесуй нæ æрдзæ
Усхъитæй уорс кæрцæ,
Ку "ркæлуй бæлæстæн
Сæ бæрзæндтæй мет, -
Æз уомæ бæллун.
Нæ уалдзигон хорæй
Дæнттæн æнæ хъорæй
Сæ уæле ку ’ртайуй
Сæхецæй конд хед, -
Æз уомæ бæллун.
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)