Ох, ци тагьд цæунцæ нур
И бæнттæ ма æнзтæ?!
Тæрсун хъæбæр, сæ фæсте
Ку райзайон, уомæй.
Нæ дзилли кадæн махæй
Ци дæмуй нæ бæстæ, -
Фист мин ку не ’рцæуонцæ,
Гъе еци ихæстæ.
Уотемæй мæнбæл æваст
Ку райевгьуйа цард,
Уомæйæй æрмæст мæ тарст,
Уобæл - ме ’нкъард, ма маст...
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)