Ма мæ фæрсæ - цæбæл тухсун,
Ду, хуарз æмбал, гьеуомæй,
Сонти бонтæ ку имисун, -
Цæмæн фæццох дæн уонæй!
Тухсун уобæл - далæ моси
Ке нæбал гьазун гьолæй,
Ке нæбал уайун мæйрохси
Æз гьенур басилгорæй.
Тухсун уобæл - сонти бонтæ
Ке фæцæнцæ æгæр тагьд,
Ке фæккиудтæнцæ ме ’ууонтæ,
Ма ке истæн зæронд дзагьд...
Цæхæрцæстæ, тæхсал биццеу
Ку адтæн кæддæр бæргæ.
Тæхинæ, цид, заринæ-еу
Устур исунмæ бæлгæ.
Мæ сонт гьæртæй азæлидæ
Нæ хуæнхсæрдти зæгьæн дор,
Мæ зарунмæ низзаридæ
Бæрзонд кьæдзæх æ фæндон.
Хаттæй-хатт, цид, æз уадæн дæр
Исæмбал уинæ маргъау.
Цъете дæнттæн се *нос сæр-сæр, -
Тауæрæхъ æма аргьау...
Уалæ хуæнхти, далæ ’рдохти
Æз фус-дзогти ку хизтон,
Цъинæр сæгьтæй гъæдин къости
Бæзгин æхсир æрдугьтон.
Дæркъитæ мæ фæсмардтонцæ,
Æз се ’взагæй лæдæрдтæн, -
Мæстæй-еу мæ фæммардтонцæ,
Æз дæр син фагæ фæдтæн...
Фæнди арвæй хор худтайдæ,
Фæнди ниудтайдæ бурдæн, -
Мæ зарун гьæр игьустайдæ,
Хæпполтихаугæ цудтæн...
Нур биццеутау далæ моси
Ку нæбал гьазун гьолæй,
Ку нæбал уайун мæйрохси
Æзхуæздæр басилгорæй...
Ма мæ фæрсæ - цæбæл тухсун,
Ду хуарз æмбал, гьеуомæй,
Сонти бонтæ ку имисун, -
Цæмæн фæццох дæн уонæй!
Автор: БЕСАЕВ Тазрет (Тазе)