ДЫ ПОЭЗИ ДÆ
О номдзыд, райгуырæн Ирыстон,
Ды мын – зæрин хурау зынаргъ.
Дæ кадыл ног дуджы ныффыстон
Мæ зарæг – ме стырдæр лæвар!
Дæ хъæздыг быдыртыл, дæ хæхтыл
Æрзылдтæн амондджынæй æз.
Фæцин кодтон дæуаен дæ рæзтыл.
Мæ риуы дарын æз дæ хуыз…
Фæлæ цы ныффыстон, цы зæгъон?..
Бæрзонд цæмæй дарон мæ сæр?!.
О, ды поэзии дæ æгæрон,
Ды дæ æмдзæвгæты хуыздæр!
Автор:
ЦХОВРЕБОВ Иван