УАЛДЗÆГ
Карз зымæг махæй фæфардæг.
О зæрдæ, рай æмæ рай!
Абон нæ бæстæйы уалдзæг,
Абон нæ бæстæйы май;
Уалдзæг та йемæ æрхаста
Ног тыхтæ, цин æмæ фарн.
Хуры зæлдаг тывты хъазтмæ
Бахудти мидбылты цард.
Бахызт та уарзонад риуты,
Цинæй нæ зæрдæтæ — дзаг.
Уалдзыгон хъæлæоæй цъиутæ
Бæлæстæй зарынц цъæхснаг.
Сабийау худы нæ бæстæ,
Фурдау æхсиды нæ зæхх.
Быдыртæ, хæхтæ ’мæ фæатæ
Адардтой иууылдæр цъæх.
Зар, зæрдæ, цинæй дæ зарæг,
Хъæлдзæгæй рай æмæ рай!
Абон нæ бæстæйы уалдзæг,
Абон нæ бæстæйы май.
1938 азы 28 апрель.
Орджоникидзе.
Автор:
КОЧИСОВ Мухарбек