ТАЛЫНГ ÆХСÆВ АЛЫГЪД ...
Талынг æхсæв алыгъд
Боны рухсы разæй.
Арвыцъæх æрбазынд
Рудзынгæй мæ базмæ.
Фестадтæн. Мæ уатæн
Байтыгътон йæ рудзынг.
Уарзонау мæм дардæй
Хуры тынтæ худынц.
Рог уæлдæф, фæйлаугæ,
Улæфы мæ уатмæ,
Уадултæн, рæвдаугæ,
Акæны уый пъатæ.
Сауцъиутæ цъæхснагæй
Цъæх бæлæстæй зарынц
Æмæ хъæлдзæг зардæй
Зæрдæйы рæвдауынц.
Æрдз йæ сæууон буары
Хуры тынты найы.
Зæрдæ цинæй зары,
Зæрдæ хурау райы.
1938 азы 17 май.
Орджоникйдзе.
Автор:
КОЧИСОВ Мухарбек