ФАРН УÆ НЫХАСЫ
Фарн уæ ныхасы,
О, нæ хисдæртæ,
О, нæ уæздæттæ,
Урсзачъе лæгтæ!
Ам дзæвгар азты
Куывд, уæздан хъазты
'Гъдау сымахæй цыд,
Кад сымахæн уыд.
Карз, уæззау тохты
Састат уе знæгты.
Нæй, тыхгæнæг уын
Ними разындис.
Сахъ аланты ’хсар,
Уыдон фарны кад
Знæгтæй бахызтат,
Бирæ бакуыстат.,.
Фарн уæ ныхасы,
Иры зондджынтæ,
Иры хисдæртæ —
Урсзачъе хæхтæ!..
Автор:
ЦХОВРЕБОВ Иван
Рæдыдтытæ уын дзы ис, уæ фыстыты... хисдæртæ - хисТæртæ Ними -Ничи