ӔНӔФЫСТ ЦЫРТ
Ӕз федтон цырт, ӕнӕфыст цырт, нӕ фӕзы,-
Рӕсугъд нӕууӕвӕрд ингӕны сӕр уыд.
Цыдысты адӕм фӕндагыл йӕ рӕзты,
Ӕмӕ-иу ам фӕсабырдӕр сӕ дыд.
Ӕрбацыд цыртмӕ урсзачъе зӕронд лӕг,
Йӕ сау худ систа. Фемырӕг ис бон.
Ӕмӕ ызгъордта суадӕттау йӕ мӕллӕг,
Йӕ мӕллӕг рустыл цӕстытӕн сӕ дон.
Нӕ зоны уый ӕфсӕддоны хӕстӕгмӕ,
Йӕ цыртыл ном ӕмӕ мыггаг фыст нӕй.
Ӕрмӕстдӕр зоны: ингӕны мыггагмӕ
Фынӕй кӕны хъӕбатыр гуырд, фынӕй...
Август, 1944 аз.
Автор:
БАСИЕВ Дзамболат