ЗЫМӔГОН ФӔНДАГ
Ниуы дымгӕ, хъусты уасы,
Мит фӕлдзӕгъдӕитӕ хӕссы.
Салд бӕлас ныллӕг ӕртасы,
Бон мӕм ирдхуызӕй кӕсы.
Фӕндаг — даргъ, ӕнӕкӕронӕй,
Цӕст ӕм нал тӕры кӕсын.
Ех, мӕ бӕх, ӕлвӕст идонӕй
Уай, фӕраз та мӕ хӕссын.
Дӕу, мӕ бӕх, ӕз бирӕ уарзын.
О, дӕуӕй хуыздӕр кӕм уа?
Былтӕн уазал дымгӕ адджын
Судзгӕ акӕны йӕ пъа.
Уай, уӕдӕ! Хъус, дымгӕ уасы,
Мит фӕлдзӕгъдӕнтӕ хӕссы.
Салд бӕлас ныдлӕг ӕртасы,
Бон йӕ салд цӕстӕй каесы.
1943 аз.
Автор:
БАСИЕВ Дзамболат