ӔФСТАУ
Зон: иу сом дӕр ды кӕй дӕттыс ӕфстау,
Уый знагӕн у ӕхсаргарды дзӕхстау.
Зон: де ’фстау у фыдгӕнджытӕн мӕлӕт
Кӕд уарзы? ды нӕ сӕрибарад, уӕд
Цӕй ратт ӕфстау фыдыбӕстӕн ӕхца,
Цӕмӕй дӕ фырт ӕхсарджынӕй хӕца,
Цӕмӕй йӕ намыс сыхъуыса дӕумӕ,
Ӕрыздӕха уӕлахизӕй хъӕмӕ!
Автор:
БАСИЕВ Дзамболат