Хӕрзбон зӕгъын. Нӕ сӕрмӕ згъоры сау мигъ
Нӕ хъӕу ӕмырӕй доны был лӕууы.
Кӕс-ма, чызгай, мӕнӕ уый — сымах тигъ,
Ӕддӕма' ам ыстыр фӕндаг цӕуы.
Ыстыр фӕндаг, ыстыр бӕстӕмӕ ацыд,
Кӕцыран хӕст ӕнӕнцойӕ дӕуы,
Кӕцыран зӕхх ызнӕгты мастӕй басыгъд,
Ӕмӕ кӕуы сӕ къӕхты бын, кӕуы.
Цӕуын ӕз уырдӕм, тохы арт кӕм судзы,
Кӕм кӕны хуры топпы фӕздӕг тар.
Ызнӕгтӕм рагӕй сонт зӕрдӕ рӕмудзы...
Ӕрцыд рӕстӕг. Ысластон ӕз мӕ кард.
Ды ма тӕрс, ма, мӕнӕн чызгай: ӕз тохы
Нӕ бӕстӕйӕн ӕрфиддзынӕн йӕ хӕс,
Ӕмӕ дӕумӕ нӕ уӕлахизы боны
Сӕрыстырӕй ӕрыздӕхдзынӕн ӕз!