ÆЗ НÆ ХАСТОН КЪÆЛÆТ, ÆЗ НÆ УЫДТÆН ЦАГЪАР...
Æз нæ хастон къæлæт, æз нæ уыдтæн цагъар,
Æз сæрибар мæ уды йас уарзтон.
Кæд-иу искуы, мыййаг, мæ цард нал уыд мæ бар,
Уæддæр зæхмæ мæ уæраг нæ уагътон.
Æмæ кувгæ, табу æз нæ кодтон, мыййаг,
Бонджын, хъалæн, тыхджынæн, уый базон!
Мæнмæ ницы и ’лхæд, нæй мæм ницы уæййаг,
Бийын, сайын мæ сæрмæ нæ хастон!
Фæлæ цардтæн, ды зон, æз мæ туджы мыздæй,
Цардтæн ме ’рмтты фæллойæ мæхицæн,
Æмæ кодтон хъæувæтк æз мæ хъæуы рæвдзæй,
Кодтон мардыкæнд, цины куывд хицæн.
Уарзын сгуыхт лæджы æз, уæд йæ фæхъау мæ сæр,
Кад, æгъдау ын кæддæрид кæндзынæн:
Уæд йæ цæрæнбон бирæ! Куы нал уа, уæддæр...
Цæй, цыртæн ын æз дуртæ хæсдзынæн!
Фæлæ й’ алыварс, кæс, чидæр зилæн кæны
Æмæ исы йæ фынгæй къæбæртæ.
О, къæбæртæ, къæбæртæ!.. Æмæ сæ хæры
Фаг йæ къуымрæбын — бакæс-ма — уæртæ!
О, хæр сæ ’мæ сæ хæр, фæлæ, гормон, уæд та,
Цæй, йæ сæраппонд акæс йæ фæстæ!
Уый дæ цæрайæ цард, уый тыхсти ’мæ куыдта,
Зон, дæ рыстæй тыдтой-иу йæ фæрстæ.
Фæл’ гуыбындзæл дæ ды, ис дæ роны та дур
Æмæ фынгыл къæбæр зæгъгæ нал ис —
Уæд æй уайтагъддæр ды, зонын, схонис фыдгул,
’Мæ йæ талынджы искуы ныммарис.
Стæй та ’ндæрæн дæр уæд ды йæ фæдыл бырис,
Гæды, рувасхуызæй та йæм дзурис:
«Уый æз афтæ... Куыддæр... вæййы... ма мыл кæ дис...
Ныр дæ уындæй мæ зæрдæ ысбуц ис!
Æз мæ фыны дæр дæу, уастæн, бирæ цæрай,
Дæу, дæу уыдтон, æвдисæн — нæ хæхтæ!»
Зонын, арæх вæййы, царды арæх, ай-гъай —
Раджы Байрон йæ куыдзæй цы загъта.
’Мæ хæраймаг нæ дæ — цæй цы кæнай æндæр?
Ды дæ кæнæг дæхæдæг нæ уыдтæ.
Фæци афтæ дæ конд, æмæ хæр, æмæ цæр
Æмæ хъал кæн дæхæдæг дæ уындæй.
Фæлæ ма кæн мæ кой — æз дæ балæй нæ дæн,
Мæнæн адæмимæ у мæ фæндаг.
Æмæ адæм кæм уой, уым мæнæн дæр — цæрæн,
Уым уыдзæни мæнæн дæр цæрæнваг.
Ма кæс зулмæ дæр, ма, ды уæхсчы сæрты, цæй!
Æз дæ баскъæрин цъысымы, лагъзы,
Фæлæ афтæ мæ конд, зон, нæ фæци æрдзæй —
Цæргæс тыгъды бындзытæ нæ ахсы!
(1945)
Автор:
НИГЕР (Джанаев Иван)