МАЦЫ МЫН ЗÆГЪ
Æз æрцыдтæн а изæры,
Рагæй уыдтæн балцы.
Мацы мын зæгъ, уарзон чызгæй,
Мацы мын зæгъ, мацы.
Хус сыфтæрау банкъуысдзæни
Адæргæй мæ зæрдæ,
Риу ныххойдзæн, арæмудздзæн,
Атондзæни фæрстæ.
Мацы мын зæгъ, уарзон чызгæй,
Хахуыр æмæ лазæй,
Исты, мыййаг, н 'асурдзынæ
Уый сурæт мæ разæй.
Æз æрцыдтæн а изæры,
Рагæй уыдтæн балцы,
Мацы мын зæгъ, уарзон чызгæй
Мацы мын зæгъ, мацы!
Автор:
ДАРЧИЕВ Давид