Ци зæгъетæ мин сумах?
Фидтæлти дзурд æцæг æй.
Æркæсетæ, уæ къодах
фиццаг цæфбæл бæрæг æй.
Лæвари бæх дæндагæй
ма фæйнетæ сумах дæр.
Æнахур лæг къуæзагæ ‘й,
багъæуй æй сумах сæр.
Мæ лæвар уин зæрди дуар—
ма’й ниууагътæ атемæй.
Ци гъæуагкин æй мæ зар,
уой фæрæзнæ уæхемæ ‘й.
***
Цы мын зæгъдзыстут сымах?
Фыдæлты дзырд æцæг у.
Æркæсут-ма, уæ къодах
Фыццаг цæфæй бæрæг у.
Лæвары бæх дæндагæй
Ма бафаут сымах дæр.
Æнахуыр лæг къæзаг у,
Бахъæуы йæ сымах сæр.
Мæ лæвар уын зæрди дуар —
Ма йæ уадзут афтæмæй.
Цы цух разына мæ зард,
Уый фæрæз ис уæхимæ.
Автор: БАГРАЕВ Созур