Мали рамардæй,
мæгур, æгадæй,
ка ‘йбæл никкæуа?
Берæ фæццардæй,
нимади н’адтæй,
ка ‘ймæ æрцæуа?
Адтæй дзи мулкæн
мæллæг гъог æма
дугæрдуг богъа.
«Нæ фидæн хистæн
ци фæндæ скæнæн,
ка сæ нивгæрда? «
Адæмæн хуали —
рамардæй Мали, —
æрæмбурд æнцæ.
Тæфирфæс кæнгæй
сæ галеу къохтæ
æррæуегъунцæ.
Зæрдигъæлдзæгæй
сæ хæдзæрттæмæ
фæххæлеуунцæ.
Автор: БАГРАЕВ Созур