Æ орс сæрбæл лæгун ходæ,
нæбал уинуй æ цæстæй.
Зæронд лæгбæл ма нихходæ!—
нæ фидтæлтæй фæдзæхст æй.
Дус ма гъудæй æ къæреди, —
исæнхæст æй бузуртæй.
Ци ма гъæуй сæ зæронди?
Хъæбæр боз æй æ фурттæй.
Æрхастонцæ сæ биццеутæ
æргъæвст цæргæс кæцæйдæр,
фæссайдтонцæ дзи зæронди
æ сайтанæй хъæбæрдæр.
Ниггæлстонцæ’й-мæ’й æ уатмæ:
«Дæ одесæг æ хæццæ ‘й».
Æ оди тæссæй идардмæ
æ гъæрзунгъæр игъустæй.
***
Йæ урс сæрыл йæ лæгуын худ.
Нал дæр уыны йæ цæстæй.
Зæронд лæгыл ды ма ныххуд! —
нæ фыдæлтæ фæдзæхстой.
Дыс-ма хъæуы йæ къæриты, —
Сæххæст ын ис бызгъуыртæй.
Цы-ма хъæуы сæ зæронды?
Хъæбæр бузн у йæ фырттæй.
Æрхастой йæм сæ лæппутæ
æргъæвст цæргæс кæцæйдæр.
Фæсайдтой дзы уым зæронды
дæлимонæй хъæбæрдæр —
Баппæрстой йæм æй йæ уатмæ:
«Дæ удхæссæг æркуысси».
Йæ уды тасæй фырдардмæ
йæ хъæрзын-хъæр куы хъуысти.
Автор: БАГРАЕВ Созур