ЦЪЕТЕ
Æ рехæ целæй
метæй исорсуй.
Ку’ртайуй бонæй,
уæд, цид, ниррохсуй.
Цъæх мегъæ арвбæл
тумугътæ кæнуй.
Æхе ниццæвуй
цæхгæрмæ обæл.
Æ фæрстæ федар, —
сæ ех æрттевуй.
Тæфсуй æ хонсар —
æ дор æрзелуй.
Æ хед æ финдзæй
урдугмæ уайуй.
Æ ходæ тайуй,
тæдзуй æ усхъæй.
Æ дон, цæф арсау,
гъæргæнгæ ледзуй.
Æсхъеугæ, фатау,
будурмæ тундзуй.
Незгунтæн бадæн
цъетемæ хæстæг.
Зонунцæ’й адæм —
е ке’й сæ хæссæг.
Æ комти фиййау
нæл сæгътæ хезуй.
Æ зартæ — тугъдау —
къæдзæх ниррезуй.
Цъете ин фæрсаг
уæддæр фæразуй.
Æ дор — æ кустаг, —
бунмæ’й æруадзуй.
***
Йæ цилæй рихи
митæй æсурси.
Куы 'ртайы бонæй,
уæд, кæс, ныррухси.
Цъæх мигъ йæ сæрмæ
тымыгътæ здухы.
Йæхи ныздухы
ууыл цæхгæрмæ.
Йæ фæрстæ фидар, —
сæ их æрттивы.
Тæфсы йæ хуссар —
йæ дур æрзилы.
Йæ хид йæ фындзæй —
уырдыгмæ уайы.
йæ худæй тайы —
тæдзы йæ уæхскæй.
Йæ дон, цæф арсау,
хъæргæнгæ лидзы.
Æсхъиугæ фатау,
быдырмæ тындзы.
Низджынтæн бадæн
цъитимæ хæстæг.
Зонынц æй адæм,
кæй у сæ хæссæг.
Йæ кæмтты фиййау —
нæл сæгътæ хизы.
Йæ зардæй, тохау,
къæдзæх нырризы.
Цъити йын хъырнын
уæддæр фæразы.
Йæ дур йæ куыстаг, —
бынмæ йæ 'руадзы.
Автор: БАГРАЕВ Созур