Донифарси фиццаг фунти
мегъи пъæсту фæззиндтæй.
Не’ скæнæг Хуцау мæгурти
уæгъдæ кæнуй сæ зинтæй.
Арви гъæртæ фæццудæнцæ,
тухгин ех дзи æрцудæй.
Хуари хумтæ никкæлдæнцæ,
сæ нæмуг си фæгъгъудæй.
Хуæнхтæ цъæх цирен кæнунцæ,
гъæдæ содзуй сæ тæфæй, —
дортæ коммæ æсхъеунцæ,
Ирæф неуй сæ бунæй.
Зурæ хонхæй къир-уæзæгмæ
циренгæнгæ бацудæй,
æрцудæй дуйне æцæгмæ,
нæ фидбилиз басугъдæй.
Нæ над иссæй нæхе барæ, —
нурмæ дæр нæ ку гъудæй.
О, ме’нгарæ, ниммин зарæ,
Фарнæ нæмæ æрцудæй.
***
Доныфарсы фыццаг фынты
мигъы бындзыг фæзынди.
Не скæнæг хуыцау мæгуырты
куы уæгъд кæны сæ зынтæй.
Арвы хъæртæ фæцыдысты,
тыхджын их дзы æрцыди.
Хоры хуымтæ ныккалдысты,
сæ нæмыг сæ фæхъуыди.
Хæхтæ цъæх цырен куы кæнынц,
хъæд куы судзы сæ тæфæй, —
дуртæ коммæ куы нысхъиуынц,
Ирæф ниуы сæ бынæй.
Зыр уæлхохæй чъыруæзæгмæ
цыренгæнгæ бацыди,
æрцыди дуне æцæгмæ,
нæ фыдбылыз басыгъди.
Нæ фæндаг æсси нæхи бар, —
нырмæ дæр нæ куы хъуыди.
О, ме 'мгар, ныззар мын фидар.
Фарны рад нæм æрцыди.
Автор: БАГРАЕВ Созур