Тæходуй есгæд мæн дæр
ку фæцайдæ дзурди бон,
уæд фегъустайдæ мæ гъæр,
‘ма загътайнæ мæ фæндон.
Уæд адтайдæ мæ зуст дзурд
зуст дзорæгæн зæрди нез,
фал фæууæд нур ба мæ фуд, —
фæндон миутæ нур кæм’ес.
Зæгъун: нур ма ци зæгъон?
Мæ дзурд æгой, æвæстаг.
Фæлтау мæ цъухбæл хуæцон.
Хæфсау мæ хъур донæйдзаг.
***
Тæхуды искæд мæн дæр
Куы фæцадаид дзырд-бон,
уæд фехъуыстаид мæ хъæр,
'мæ загътаин мæ фæндон.
Уæд уыдаид мæ пыхс дзырд
пыхс дзурæгæн зæрды низ,
фæлæ уæд мæнæй æвыд, —
фæндон митæ ныр кæм ис?
Зæгъын: ныр ма цы зæгъон?
Мæ дзырд æгой, æвæстаг.
Фæлтау мæ дзыхыл хæцон.
Хæфсау мæ хъуыр донæй 'дзаг.
Автор: БАГРАЕВ Созур