Ку фæуун фиди гъæстæ,
ку ‘ссерун, цид, баси хупп,
фæккалун уæд бæлæстæ, —
æхцæуæн мин æй сæ гупп.
Нæ дарун кæдзос дарæс —
имонау ахур нæ дæн,
фал уæддæр æнæсагъæс, —
нæ зин кæнун мæ зæрдæн.
Адæм сагъæс кæнунцæ,
сæргубуртæй хæтунцæ.
Ка си æ сæрбæл хуæцуй,
ка си зæнхæмæ кæсуй.
Æз есгæмæн ракосун,
бафсадуй мæ кæрдзинæй.
Мæ кустмæ мизд нæ есун, —
йе’фснайун дæр мин зин æй.
Хуссун берæ нæ уарзун.
Хуасæ кæрдун цæвæгæй.
Арахъ къосæй ниуазун,
кафун æфсес, цæрдæгæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур