Æцæг давæг гъæувæдесæй нæ фæттæрссуй,
нæ радавун æ сæрмæ дæр нæ фæххæссуй.
Сæ гъæурæбунти зилдæнцæ сæ курæнттæ,
æхсæвæ-бонмæ хъæрттæнцæ сæ зинбæнттæ.
«Цæун гъæуй, расидавон мæхе фагæ», —
æрбатухтон мæ еу цонгбæл мæ голлагæ.
Багъузинæ, бахæстæг уинæ æ размæ,
æ дуармæ мæ нæбал гъæуидæ изазнæ.
Фæгъгъосуидæ, æ гъарæнгæ фæууадзидæ, —
«гулмæ инсун, гулмæ инсун», — низзаридæ.
Хиститæн сæ багъæуæнтæ сæ мæнæутæ.
Гулми кæрдзин бахуæрæнтæ сæ къæлæутæ.
Еуæй-еу хатт мæ еу балци нæ фæббæззуй,
ревæдæй мæ æздæхун дæр нæ фæффæндуй.
Рамæстгун дæн, — сæ еуемæ фæммедæг дæн,
никкæнæн син нæбал адтæй æ дзоллæгтæн.
Автор: БАГРАЕВ Созур