— Мæ уарзон лæг, мæ бæстаг!
Цæмæн бадис мæтъæлæй,
цæмæн лæууй дæ кустаг
æнæ ‘фснайдæй, хæлеуæй?
— Цæмæн бадон идзулдæй?
Мæтъæл фæууй мæгур лæг!
Ку фæззиндтæн игургæй —
нæ цапьтонцæ дзæнгæрæг.
Ци дессаг æй нæ косун.
Рæстбæл надæн нæ бухсун.
Лæгъуз дзурдæй, æлгъистæй
мæ сау зæрдæ фæрристæй.
***
Мæ уарзон лæг, мæ бæстаг!
Цæмæн бадыс мæтъæлæй,
цæмæн лæууы дæ куыстаг
æнæфснайдæй, дзæгъæлæй?
Цæмæн бадон фырцинæй?
Мæтъæл фæци мæгуыр лæг!
Куы райгуырдтæн фыдхъуынæй,
нæ цагътой уæд дзæнгæрæг.
Цы диссаг у, нæ кусын.
Рæстыл надæн нæ быхсын.
Æвзæр дзырдæй, æлгъыстæй
мæ сау зæрдæ фæрыстк.
Автор: БАГРАЕВ Созур