Мæ бон бакæла, цæмæн ма цæрун?
Мæ уарзон лæги ку нæбал уинун.
Мæ сувæллæнтти кæмæн фæххæссон,
Нæ фæххæсгæй сæ цæмæй исхæссон?
Цæмæн бартæстæн мæ уарзон лæгæй?
Кæми ма уодзæй мæнæй мæгурдæр.
Фудирай фæууон, мæ цæсти сугæй
Æнæхай кæд æй æ циртдзæвæн дæр.
Бæргæ байдзулун мæ фуни’й уингæй,
Бæргæ феронх ун мæ берæ зинтæ.
Ку æй рагорун, æригъал уогæй, —
Ку нæ уорамун мæ цæсти сугтæ.
***
Мæ бон бакæла, цæмæн ма цæрын.
Мæ уарзон лæджы куынæ уал уынын.
Мæ сывæллæтты кæмæн фæхæссон,
Нæ фæхæсгæ сæ цæмæй ысхæссон?
Цæмæн фæцух дæн мæ уарзон лæгæй?
Кæм ма уыдзæни мæнæй мæгуырдæр?
Фыдбойнаг фæуон, мæ цæстысыгæй
Æнæхай кæд у йæ цыртдзæвæн дæр.
Бæргæ байрайын фыны йæ уындæй,
Бæргæ айсафын мæ бирæ зынтæ.
Куы йæ 'рцагурын, æрыхъал уæвгæ, —
Куынæ уромын мæ цæстысыгтæ.
Автор: БАГРАЕВ Созур