Фæдздзæгъæл дæ сувæллонæй,
рахецæн дæ дæ мадæй;
дæ од бæзгæй, рæсугъд уогæй,
исæстур дæ æгадæй.
Æнагъомæй киндзи цæуис,
цард агорис дæ зæрдæй,
фал, уинæн дæ, кæугæ кæнис —
гъæстаг ма дæ дæ рæвдзæй.
Æвæццæгæн, дæ ниййерæг
дæ зæрдæбæл æрлæудтæй, —
дæ цæстæй ин хуæрзæнгорæг
ци æрветис æфсæнттæй.
***
Фæдзæгъæл дæ сывæллонæй,
рахицæн дæ дæ мадæй;
дæ уд бæзгæ, рæсугъд уæвгæ,
куы сыстыр дæ æгадæй.
Æнахъомæй чындзы цæуыс,
дард агурыс дæ рæстæй,
фæлæ уынæм, кæугæ кæныс —
хъæстаг ма дæ дæ рæвдзæй.
Æвæццæгæн, дæ ниййарæг
æрлæууыдис дæ зæрдыл, —
дæ цæстæй йын хæрзæггурæг
ды æрвитыс æфсæнттыл.
Автор: БАГРАЕВ Созур