«Гъурру, гъурру, ци кæнон? —
цадæй хæрдмæ дзиназуй, —
цард мин нæййес мæ фæндон —
калм мæ хуссун нæ уадзуй.
Тæрсун хъæбæр мæ фурттæн,
хасти фæцæй сæ хестæр.
Зин æй йе ‘сæвд мæ зæрдæн,
адтæй хорæй рæсугъддæр.
Гъурру, гъурру, ци кæнон? —
накæ кæнуй, æрзилдæй,
ани уæддæр нимæхсон, —
не ‘фсæдун æз сæ уиндæй».
Автор: БАГРАЕВ Созур